Урок-презентаци. Тем? К?дм? уа а з?ххыл Ирыстон,у?дм? Ирон ф?ндыр ц?гъддз?н. (Хет?гкаты Къостайы 156 азы бонм?).).


Кæдма уа а зæххыл Ирыстонуæдмæ «Ирон фæндыр»цæгъддзæн.

Фæззæг, хъулонмулонхилджын фæззæг æрбалæууыд. Бур-бурид хуызæй æрттивынц кæрдинаг хуымтæ. Хъæд фæхъулæттæ ис алыхуызон ахорæнтæй. Бæрзонд хæхтæ æруагътой сæ урс зачъетæ сæ уæрæх риутыл. Йæ хуыз нæ ивы æрмæст тарбын кæрдæгхуыз нæзы хъæд, фæлгæсæнтæ кæны алырдæм, хаттæй-хатт басусу-бусу кæны рог уддзæфимæ. Фæзтæ бæзджын гауызау æнкъард сты сæууон æртæхæй. Хур æххæст нæма систа æртæх, æмæ йæ тынтæ хъазынц диссаджы æрттивæнтæй. Сыгъзæрин фæззæг,Æрцыд дæ рæстæг.Лæвæрттæ дæттаг,Бæркæдтæ хæссагАдæмæн – кувинаг,Цъиутæн – уидзинаг,Фосæн – холлаг,Сырдтæн – мысинаг.Фæззæг. Фæззæг! Сыгъзæрин фæззæг! Бæркадджын фæззæг! Стыр лæвар скодтай, стыр бæркад æрхастай Нары хъæуæн, Нары зæххæн!
style.rotation Нары хъæу, Нары зæхх. Хæхтæ йæ фæйнæрдæм нылхъывтой, дæттæ йын йæ фæрстæм лæбурынц. Зæйтæ, къæвдатæ йæ ныхсадтой. Уаддымгæ хъазы йæ буары. Лæууы у æддæр, йæ зæронд хæлд мæсгуытæй фæлгæсы йæ алывæрстæм.Уым рæгътыл, къæдзæхты фæрстыл ныхы сæрыйæстæй, мæгуыр лæджы кæрцы æмпъузæны хуызæн, зынынц зæххы гæбæзтæ, уыгæрдæны уаддзæгтæ. Алкæцыйæн дæр дзы ис йæхи ном, йæхи нысан . Æндæр у уыдонæн сæ хъысмæт, сæ амонд. Уым дæр уалдзæг миты бынæй йæ сæр сдары малусæг. Уырдыгæй дæр сæрды тæвды фæхъуысы цæвджыты æхситт, фыййæутты зарын. Уым дæр æрæгвæззæджы сындзыл баргъæфсы халон. Уым дæр æхсæвæй-бонæй уад дзыназы.«Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ».Чи дын загъта æппæты фыццаг уыцы ныхæстæ, Нары зæхх? Кæд дыл бæгъæввад , бæгъæмсарæй цы бирæ сывæллæттæ згъордта, уыдонæй сæ исчи загъта? Кæд сæ, дард бæстæй дæм , æфхæрдæй цы сауцæст лæппулæг æрбаздæхт, уымæй фехъуыстай? Кæй тыххæй дæм баисты къахихсыд адæм? Тымыгъ дæр сæ куы нæ уромы, æфцджытыл дæр куы хизынц. Цынæ æвзагæй дæм дзурынц! Ныхъхъус, ницы дзуры Нары зæхх. Æрмæст дымгæ, хæххон дымгæ, цъититæй дымы, дидинджыты адджын тæф, æхсæрдзæнты зæлланг хæссы йемæ æмæ мын мæ хъусы дзуры: Ам кæддæр ссыгъди стыр зæрдæ. Ныррухс кодта кæмтты нарджытæ æмæ дзы бонæй-бонмæ тынгдæр тавы йæ цæхæрæй адæмы…Амондджын дæ, арфæйаг дæ, Нары зæхх!..Æмдзæвгæ: «Нар».«Къостайæн».Видеоклип: «Нар».Зарæг: « Къоста райгуырд Нары». Дардæй мæ салам æрвитын æз Нарæн,Нарæн – хæххон хъæуæн, амонды ранæн!Кувын мæ сæрæй æз уыцы хёдзарæнСаби кæм райгуырдис иухатт Леуанæн! Къоста райгуырдис Нары хъæуы, хæдкъул скъæты, хъæмпын лыстæныл. Æртæ мæйы йыл куы рацыди, уæд Къостайæн йæ мад Мария амардис. Къоста баззадис сидзæрæй. Фыццаг заман уыдис æвадат, мæгуыр рæстæг æмæ йæ ныфс ничи хаста сывæллоны хæссынмæ. Фæлæ уыцы хæс йæхимæ райста Дзапарты Чендзе, уый хъомыл кæнын райдыдта Къостайы. Баззад сидзæрæй Годта, – Сидзæр та мæгуыр у царды.Нары уæлмæрдты куыдта,Агуырдта æдзух йæ мады.Барæвдыдта йæ Чендзе,Хи сывæллонау æй уарзта.Лæппу дæр йæ хъыг, йæ цинАлыбон Чендземæ хаста.Райрæз т рахъомыл Къоста,Стах т цæргæсау Нары комæй.Иры сагъæстæ фыста,Ир сæрыстыр у йæ номæй! Хетæгкаты Къоста!.. Ноджы цыбырдæрæй, зæрдæмæ хæстæгдæрæй та – Къоста!..Ирон адæмы цæсгом, нæ дзыллæйы æфсарм æмæ тырыса. Æнæкæрон зынаргъ у алы ирон адæймагæн дæр. Йæхицæн адæм æнæкæро н зынаргъ кæй уыдысты, уый тыххæй, сæ сæрвæлтау йæ цард нывондæн кæй æрхаста, æфхæрд лæджы æфхæрын кæй нæ уагъта, талынг дугæй йын рухс фидæнмæ фæндæгтæ кæй гæрста, уый тыххæй. Къостайы ном æнусмæ æрцарди адæмы зæрдæты. Зарынц ыл зарджытæ, кæнынц ыл кадджытæ. «Адæмы Къоста»- афтæ йæ схуыдтой. Леуаны фырты арæнтæ йын æгæр къуындæг разындысты. Хетæгкаты мыггаг дæр ын нал сфаг, уымæн æмæ дунемæ ахæм лæг куы рантысы, уæд æнæхъæн адæмы фаг свæййы, æмæ йæм æмхуызонæй хъæбулы номæй уымæн фæдзурынц. Цæмæ гæсгæ афтæ бирæ уарзынц адæм Къостайы. Уымæн æмæ йын уыди рухс, рæдау, хæлар æмæ цæстуарзон зæрдæ. Уый, стыр курдиатджын æмæ ахуыргонд лæг уæвгæйæ, адæмæй йæхи никуы фæхъулондæр кодта, йæхи царды кой никуы бакодта, йæхи гуылы бын не ндзæрста, дзырдта рæстдзинад . Æгæрон уарзтæй уарзта йæ Фыдыбæстæ, æнæ у ый йын цард ад нæ кодта. Уымæй балхæдта адæмы зæрдæтæ, уымæн ыл æууæндыдысты.Адæмы циндзинад уыд йæ циндзинад, адæмы мæт, сæ сагъæстæ æмæ хъыг уыдысты йæ мæт, йæ мæт йæ хъыг æмæ йæ сагъæстæ, æмæ сыл хъæрæй, кæуæгау ныззарыди. Ныззарыди йæ зæрдæйы уадындзæй..Æмдзæвгæ: «Ныстуан». Къоста йæ адæмы раз бафыста йæ хæс. Æнустæм нын ныууагъта «Ирон фæндыр» – йæ зæрдæйы тæгтæй фыст чиныг. Уый махæн у цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг. Ирон адæмæн с æ культур æ бæрзонддæрмæ сисыны хъуыддаджы Къостайæн цас бантысти, уыйас никæд æмæ никæмæн бантысти. Йæ гыццыл чиныг «Ирон фæндыры» руаджы адæмæй бирæтæ базыдтой кæсын æмæ фыссын, аив уацмыстæн сæ хуыз, сæ аивдзинад æмæ сæ хъуыды æвзарын æмæ æмбарын , сæхи æмбарынÆмдзæвгæ: «Ирон фæндыр». Æппæтдунеон литературæйы æндæр ахæм фæзынд нæй, уый йæ къаннæг чиныг «Ирон фæндыры» цас зæгъын æмæ равдисын бафæрæзта., - адæмы зæрдæмæ афтæ арф ныххызт, æмæ цымæ поэты нæ, фæлæ сæхи сфæлдыстад у, сæхи зæрдæйæ ратæдзгæ цæссыг, хъыг æмæ цин ракастысты сæ цæстытæй. Ахæм чысыл чиныджы уыйбæрц фарстатæ никæмæнма бантыст æрæвæрын ацы цъæх арвы бын. Фæндыр уыди адæмы туг æмæ стæгæй, адæмы зæрдæты тæгтæй конд. Фæндыр уыди дзыллæ фыдæй-фыртмæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм «арфæйы дзырд», «фарны хъæр».Адæм æмæ Къоста иу артæй рацыдысты. «Ирон фæндыр»-ы алы дзырд, алы зæл дæр уыцы артæй стъæлфæн у. Ирон æвзаг йæ тых æмæ хъæздыгдзинадмæ гæсгæ æрæвæрдта æгас дунейы стырдæр æвзæгты æмрæнхъ.«Ирон фæндыр» – аив дзырды быркуыдон, ныфсы, судзгæ æнкъарæнты æхсæрдзæнг, поэзийы æнусон уалдзæ г æмæ æрыгондзинад.Æмдзæвгæ «Ирон фæндыр».Видеоклип: «Дæ ном мыггагмæ у цæринаг». Къоста ирон адæмæн Стыр Хуыцауы лæвар у. Хуыцауы лæварæн та æмбал нæй. Рагæй-æрæгмæ ирон адæммæ ноггуырдæн ракувынц: «Ахæм фарн æм разынæд, æмæ йæ мыггагæн нæ, фæлæ Ирыстонæн дæр кад куыд скæна! Йæ ном дардыл куыд айхъуыса! Уыцы нæртон арфæ æрцыд Къостайыл. Æрмæст Хетæгкаты мыггаджы нæ, фæлæ скадджын кодта æппæт Ирыстоны дæр. Йæ намыс анхъæвзта дæрдтыл. Ирон адæмы базонын кодта дунейæн, бирæ адæмты æрыхъуысын кодта йæхимæ, се ргом сын аздæхта Ирыстонмæ. Къостайæн Ирыстон у йæ радтæг мад. Ирыстонæн та Къоста ссис йæ кад æмæ намыс. Нæ Иры фæсивæд! Къостайыл ныззарæм,Ирон лæг кæй уарзы фылдæр?Нæ хуыздæр ныхæстæй йæ хорз ном ыссарæм,Уый махæн æгас у ныр дæр!Ныззарæм, фæсивæд, нæ Къостайы кадæн,Кæнæд йæ кой арæх кæстæр.Сæрæнгуырдтæ цас ис Ирыстонæн – Мадæн, - Къоста у сæ тæккæ хуыздæр! Йæ тыхст Ирыстоныл, хъæбатыр Кавказыл.Уый сагъæс куы кодта кæддæр.Къостайыл кæд сæххæст 156 азыЗæронд нын нæ кæны уæддæр. Къостайæн.Ды, Къоста, дæ мæгуыр адæм, ИрæнКанд поэт нæ уыдтæ, фæлæ арт дæр.Уарзтой дæ рæсугъд зарæгау бирæÆмæ се фхæрд зæрдæты æрцардтæ.Цардау махæн иудадзыг æгас дæ,Дунейæн дæр ссис дæ фæндыр зонгæ.Рæстæг цас фылдæр ныхъхъуыры азтæ,Уыйас нын кæныс ды та æвзонгдæр. , Къостайы æмдзæвгæтæй бирæтæ систы ирон поэзийы тæмæнкалгæ налхъуыт - налмастæ. Ирдæй æвдисынц поэты хæлар æмæ уарзæгой зæрдæйы уаг æнусты дæргъы æнæнымæц зынтæ æмæ хъизæмæрттæ бавзарæг адæммæ. Гъе, уымæн афтæ азæлы уæззау хъарæгау , уады къуыс-къуысау, зæйы æхситтау йæ мæстæлгъæд хъæлæс.«Додой» уыди Къостайы сфæлдыстады тæмæн. Ныхасæй, мелодийæ зæрдæ агайдта, гуырын дзы кодта тохы монц, æхсар, æнæуынондзинад тыхгæнæгмæ. Поэт æргом сиды тохмæ, адæмы чи сыстын кæна, уымæ.. Уый уыди, ирон поэзийы чи нæма æрцыд, ахæм диссаджы æмдзæвгæ. Уый ссис ирон адæмы тохы гимн.Видеоклип: «Додой». Къоста уæндонæй кæй хæцыд йæ уарзон адæмы сæрыл, уый нæ цыд паддзахы хицауады зæрдæмæ æмæ-иу æй алы мæнг æфсæнттæй, уайтагъд йæ уарзон Ирыстонæй фæтардтой. Зын-иу уыдис поэтæн, æгæрон уарзтæй цы Ирыстон уарзта, уымæй фæхицæн. Уымæн зæгъы йе мдзæвгæ «Æнæ хайы».Зарæг «Æнæ хай».(Слайдтæ). Хетæгкаты Къоста бирæ зынтæ, бирæ бæллæхтæ бавзæрста йæ цардвæндæгтыл, бирæ фæрахау-бахау кодта.Кæд поэзийы бæрзонддæр цъуппытæм схызт йе сфæлдыстады, уæддæр ын æнæ Ирыстон, æнæ йæхи адæм цард ад н икуы кодта. Бирæ уарзта йæ фыдæлты уæзæг, йæ урссæр хæхтæ. Мысыд сæ дард бæстæй дæр. Зарæг: «Ракæс».(Слайдтæ). Фыццаджыдæр Къоста фехъуыста хæххон адæмы риутæй стыр масты хъæр, æххормаг сидзæрты кæуын, цагъар сылгоймаджы фыдцард. Къоста йæ «Сидзæргæс»-ы æмбал кæмæн нæй , ахæм дæсны ахорæнтæй сныв кодта , мæгуырдзинад. Ацы æмдзæвгæ йæ диссаджы трагизмæй зæрдæйы уидæгтæ базмæлын кæны. Уымæн райдайы æмдзæвгæ æнкъардæй æмæ зæрдæхалæн рæнхъытæй. Поэмæ «Сидзæргæс» у йæ поэзийы бæрзонддæр стъалытæй иу.Æмдзæвгæ: «Сидзæргæс». (Сценкæ). Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау. Фыццаджыдæр уыд ирон адæмы сæрхъуызой, фæлæ уыцы иу рæстæ г йæхи хуыдта дунейы хъæбул., йæ фыдыбæстæ та æгас дуне. Æрмæст ирон адæмы царды кой нæ кодта. Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмыхæттытæмæмæ иу кæддæриддæр сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл, раст æмæ зылыныл æмæ сси стыр интерноциалист.Йæ уацмыстæ дзаг сты Кавказы æфхæрд адæмты хъысмæтыл æмхуызон рыст æмæ сæ сæрыл карзæй дзырдта хæдхæцæг паддзахы ныхмæ. Къоста адæмты æфсымæрдзинадыл канд йæ поэтикон æмæ публицистикон сфæлдыстыды нæ дзуры - фыссы Джусойты Нафи. Уый йæ царды дæр уыд, адæмты æфсымæрдзинады идеал бæрзонд чи хаста, ахæм адæймаг. Йæ сæрмагонд хæлæрттæм куы ркæсæм, уæд се хсæн фендзыстæм канд ирæтты нæ, фæлæ уырыссæгты, гуырдзиæгты, украинæгты, сомихæгты, дзуттæгты, асыйæгты, кæсгæтты, цæцæйнæгты, хъæрæсейæгты, бердзенæгты æмæ бирæ æндæр адæмты минæвæртты. Къоста бæрзонд хаста адæмты æхсæн хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинады тырыса æмæ йын уыдон дæр аккаг аргъ кодтой.Æмдзæвгæ: «Кæсæг дæу сæ хъæбул хонынц». (Бетал Куашев – кæсгон поэт).(Слайдтæ. Кæсгон мелоди). «Кæсæг дæу сæ хъæбулхонынц».Бетал Куашев.Кæсгон поэт.

: Къоста рох никуы уыдзæн, уымæн æмæ æнустæм баззад цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты. Фырты хæс бафыста уый Ирыстонæн, йæ дзыллæйæн, йæхи снывонд кодта мæгуыр адæмы рухс фидæнæн. Йæ фæстагсулæфты онг дæр сидтис ирон адæммæ, цæмæй хæларæй цæрой. «Ме’ фсымæртæ! Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!» - уыдысты поэтæн йæ фæстаг ныхæстæ. Азтæ цæудзысты, æнустæ ивдзысты. Фæлæ Къостайы ном кæндзæни кадджынæй-кадджындæр, намысджынæй-намысджындæр, цытджындæр-цытджындæр æмæ кæддæриддæр цæрдзæн нæ зæрдæты.Æмдзæвгæ « Къоста у не стырдæр стъалы».(Слайдтæ). Къоста у махæн не стырдæр стъалы,Йæ номæй стæм сæрыстыр ‘мæ хъæздыг.Зындгонд «Додой» куы бакæсы ирон лæг,Йæ риуы уайтагъд сæвзæры уæд тых.Къостайы уацмыстæ зæрдæбынæй куы кæсæм,Куы бамбарæм йæ фæдзæхсты нысан,Уыдзыстæм уæд йæ фæдонтæ, æнæмæнг,Æмæ нын уæд æххуыс кæндзæн Хуыцау!Къоста у махæн бон дæр сæрæгас,Бæрзондæй нæм фæлгæсы уый бынмæ.Æвæццæгæн, йæ зæрдæ рухс у махæй, –Кæй кæнæм абон стыр бæрæгбон ам.Цæр нын, Къоста, нæ зæрдæты æнусмæ!Дæ кад, дæ намыс макуы фæуæд сæфт!Дæ бæллицтæ нæ кæстæртæн æнтысæд,Дæ зондæй уæнт нæ фæсивæд æххæст! Гæззаты Т. С.


Къостамæ хуымæтæджы ирон фыссæджы цæстæй кæсæн нæй. Къоста ссис раззагдæр адæймагдзинады нæртон кæстæриуæггæнæг. Къоста канд ирон поэт нæу, фæлæ ма уырыссаг поэт æмæ фыссæгыл нымад дæр.(Н. Тихонов). Къостайы сфæлдыстад йæ асмæ гæсгæ кæд тынг стыр нæу, уæддæр ирон культурæйы рæзты историйы ахсы стыр бынат. Къоста у ирон поэзийы райдайæн., йæ «Ирон фæндыр»-ы рацыды бон та – ирон поэзийы райгуырæн бон. Къоста у адæмы хъæбатыр, йæ зарæггæнæг, йæ æфсæддон.(П.Павленко). .Къостайы юбилей махæн хæххон поэттæн, у арфæйаджы æмæ уарзондзинады бæрæгбон. Къостайы зонды стъалы ныртæккæ бæрзондæй æрттивы æнæхъæн дунейы гениты поэтикон арвы тыгъдады.(Адам Шогенцуков). Къоста йæхи радта цардæн, æмæ йынцард дæр радта адæмы хорзæх, æнусон кад æмæ цыт.( Нигер). … Азтæ куыд цæуынц, афтæ Къоста мæ цæсты кæны кадджынæй-кадджындæр. Æмæ та ногæй бахæлæг кæнын ,- мæхæдæг дæр йæ туджы æртæхтæй иу кæмæн дæн, уыцы ирон адæммæ, ахæм æрхæрæйнаг хъæбул кæмæн райгуырди. Абайты Васо. Къостайы туг нё къабёзты ёхсиды,Къостайы зард нё зёрдёты цёры!