Конспект открытого мероприятия ко дню рождения Коста Хетагурова.


Использование национально-регионального компонента на уроках осетинского языка и литературы.




Темж:
«Ирон фжндыр».
(Хетжгкаты Къостайы райгуырды 156 азы бонмж).











Ирон жвзаг жмж литературжйы
ахуыргжнжг Жлборты Дзерассж
2015-2016 аз Хъуысы ирон музыкж. Залмж жрбацжуынц архайджытж, сж къухты цыржгътж.Залы цы ахуыргжнинжгтж бадынц, уыдон сыстадысты. Архайджытж сценжмж схызтысты, сж цыржгътж Къостайы бюсты алыварс жржвжрдтой, стжй алчи йж бынаты арбадт.



1-аг архайжг кжсы амдзжвгж «Ныстуан». (кжсы йжДжыгкайты Георгий, 11-жм къласы ахуыргжнинаг).

Ныббар мын, кжд-иу джм мж заржг
Кжужгау фжкжса, мыййаг, --
Кжй зжрдж нж агуры хъаржг,
Уый заржд йжхи фжндиаг!..
Жз дзыллжйж къадджр куы дарин,
Куы бафидин искуы мж хжс Ужд афтж жнкъарджй нж зарин,
Нж хъуысид мж кжуын хъжлжс

2-аг архайжг дзуры:
« Алы аз джр , кжфты мжйы, фындджсжм бон, ирон аджм фжбжржг кжнынц Хетжгкаты Къостайы райгуыржн бон».

1-аг архайжг: 15-го октября исполнилось 156 лет со дня рождения великого сына Осетии – Коста Левановича Хетагурова.

2-аг архайжг:
Дзыллжты амондыл тохы чи бафжллад, ахам аджймагжн мжлжт нжй. И сын жрмжст райгуыржн бон. Уый вжййы аджмон бжржгбон. Ахжм кадджын бон сси Ирыстоны 15-жм октябрь.

1-аг архайжг:
Сегодняшний день не запоздалая дань памяти поэту, увы, давно и безвозвратно ушедшему от нас, а скорее – блистательный триумф его бессмертия.

2-аг архайжг:
Хжххон аджммж ис ахжм тауржгъ. Цардис иу мжгуыр лжппу. Хъжздыгдзинаджй йын Хуыцау балжвар кодта жрмжст жхсарджын зжрдж. Нж бауарзтой лжппуйы фыдгултж, фжсаууонжй йж багжрах кодтой, йж риужй йын стыдтой йж зжрдж, фехстой йж зжхмж жмж йыл стыр дур ныффжлджхтой. Дыккаг бон хъжуы цжрджытж кжсынц жмж дур – нал. Йж бынаты дымгж диссаджы ржсугъд дидинджыты фжйлауы. Жхсжвы та фыдгултж дидинджыты сж бындзаржй сржмыгътой жмж сж сж къжхты бын ныккодтой. О, фжлж диссаг! Райсомжй та дидинджытж цы уыдысты, уымжй авд ахжмы фестадысты, се хсжн та хуры тынтж жмбжхстытжй хъазыдысты. Аджм дидинджыты рахуыдтой «жхсарджын зжрдж».
Балцы-иу чи цыд, уый-иу дидинджытжй иу жртыдта, ард-иу бахордта жмж-иу жй йж уарзон чызгжн балжвар кодта. Ахжм арджй карзджр нж уыдис хжххон аджммж.

1-аг архайжг:
Ацы тауржгъ у Хетжгкаты Леуаны фырт Къостайыл. Цал жмж цал ирон лжппуйы балжвар кодта йж уарзон чызгжн Къостайы жмдзжвгжты чиныг.

2-аг архайжг.
Жхсарджын зжрджйж ржзынц жхсарджын ржнхъытж:

Мж аргъуан – зжхх,
Мж дзуар у уарзондзинад,
У Дун-дуне Фыдыбжстж мжнжн!

1-аг архайжг:
Къоста фыста: «Жз дан нывгжнжг жмж аджмон поэт».
Ужвгжйж та уыд стыр аджмон поэт, прозаик, драматург, критик жмж публицист, тжлмацгжнжг, нывгжнжг, этнограф жмж заржггжнжг. Уый йж размж жвжрдта егъау хжстж. Нж бон у фидаржй афтж зжгъын: Къоста уыд нж ржстжджы Амыран, ирон Прометей. Уыдон аджмжн арвжй жрхастой зынг, Къоста махжн радта рухс хъуыдытж жмж ржсугъд аивад. Нартж сж хжзнаты хуызджрыл нымадтой фжндыр. Къоста махжн радта «Ирон фжндыр». Уымжн йе сгуыхт жмж йж ныхас сты жнусон, нжй сын рохуат, нжй сын мжлжт.


2-аг архайжг зжгъы: -- Кжсы жмдзжвгж Огойты Дзамбулат, 8б къласы скъоладзау

«Рагон нжртон лжгау зарын куы зонин,
Арвмж куы хъуысид мж фжндыры хъазт, --
Дунеты се ппжтмжхимж жрхонин,
Радзурин уыдонжн зжрджйы маст».

2-аг архайжг:
Къостайы сфжлдыстады ахсджиаг бынат ахсынц баснитж, сывжллжттжн фыст жмдзжвгжтж. Бакжсут ныр та сценкж «Халон жмж рувас»-мж.
Жххжст жй кжнынц 6а къласы скъоладзаутж Хъжцмжзты Миленж, Хъжцмжзты Георгий жмж Хуыбылты Артур.

1-аг архайжг: Ирон аив литературжйжн Къоста ссис фидар бындуржвжржг, цжугж хох, йж лжугж мжсыг, йж сжууон стъалы, жмж йын «Ирон фжндыр баззади цырагъдаржй», -- фыста номдзыд ахуыргонд Абайты Васо.

2-аг архайжг:
Къостайы сфжлдыстады ис жмдзжвгжтж, поэмжтж, жмбисжндтж, тауржгътж жмж зарджытжй ужлдай йжхжджг цы жанр саржзта, «зжрджйы сагъжстж», зжгъгж, уый. Уыцы жанры бындурыл фыст у поэты сжйраг чиныг «Ирон фжндыр».

Жмдзжвгж «Мж Иры фжсивжд». Кжсы йж 6 «б» къласы скъоладзау Оганнесян Гор.

1-аг архайжг:
Йжхжджг та афтж фыста: «Жз мж дзырд ужй никуы кодтон, мж иунжг ржнхъы тыххжй джр жгжр-мжгуыриунжг суари джр никжмжй райстон Мж рыст зжрджйж ждджмж цы рждувы, уымжй дардджр никуы ницы фыссын».
Жмдзжвгж «Катай».



2-аг архайжг:
Къоста йж уацмыстж фыста иронау джр жмж уырыссагау джр. Уырыссаг жвзаг Къостайжн ссис йж дыккаг маджлон жвзаг. Стыр уарзондзинады ужлтжмжн жвдисжг сты, уырыссаг жвзагыл цы лирикон жмдзжвгжтж ныффыста, уыдон.

Стихотворения «Расстаться не трудно», «Исповедь». Кжсынц сж 9 «б»-жм къласы скъоладзаутж Лалыты Давид жмж Пухаты Владимир.

1-аг архайжг:
Кавказы аджмтж бирж тауржгътж, бирж жнкъард зарджытж саржзтой сж ужззау цардыл. Сжрыхъуын арц сбады, зжрдж ныккжрзы уыдонмж хъусгжйж. Фжлж дзы Къостайы хуызжн йж зарджытжй хжхтжй бжрзондджр ничи схызт. Жмж уыцы бжрзонджй ничи федта аджмы хъыгтж жмж цжссыгтж.
Жмдзжвгж «Ракжс». Кжсы йж Танделаты Дианж 9а къласы скъоладзау.

2-аг архайжг.
Къостайы поэмж «Фатимж» - мж гжсгж киноныв сжвжрдта Гуырдзыстоны киноматографийы зындгонд режиссер Сикъо Долидзе. Цал жмж цал зжрджйы ныххаудысты Къостайы жнжмжлгж, жнжферохгжнгж ирд суржттж. Бирж фжлтжртжн ма уыдзысты фжзминаг, бирж фжлтжртж ма хъомыл кжндзысты уыцы жрдхжржны хъайтартыл.

Поэмж «Фатимж»- йж скъуыддзаг. Хъуысы ирон музыкж. Жххжст жй кжнынц 9б къласы скъоладзаутж Хъайсынты Дианж жмж Пухаты Владимир.



1-аг архайжг:
Къостайы литературон сфжлдыстады жмржнхъ лжууынц йж конд нывтж джр: «Дондзау», «Хъыггжнжг зжд», «Ирон хждзары», «Дурсжтджытж», «Автопортрет» жмж жнд. Цыма йын фыссын цынж бантыст, уый нывты хуызы ныууагъта

Презентаци «Къоста – нывгжнжг».

2-аг архайжг:
«Алы аджмтж джр жхсызгонжн жмж сжрыстыржй фжзжгъынц, дзыллжты цжсты сж кадджын чи скодта, сж национ гени, уалдзыгон дидинжгау,кжй фжрцы райхжлд, сж уыцы ахсджиаг хъжбулты нжмттж. Англисаг сжрыстыржй фжзжгъы Шекспиры ном, шотландиаг – Бернсы, немыцаг – Гётейы, италиаг – Дантейы, уырыссаг – Пушкины. Мах та, иржттж, фжзжгъжм – Къоста. Жмж нын уыцы ном нж зжрджтж байдзаг кжны сжрыстырдзинад жмж хъжбулы уарзондзинаджй», -- фыссы Абайты Васо.










13PAGE \* MERGEFORMAT14215




Рисунок 115