Урок осетинского языка Ф?стаг уыбыхаг


Темæ « Адӕмы сӕфт иу лӕджы сӕфтау бонтӕй нӕ хицӕн кӕны»
(Цæлыккаты Ахмæты радзырд «Фæстаг уыбыхаг» - мæ гæсгæ)
Эпиграф: Покинув Родину - теряешь все. (кавказская пословица)
Урочы нысантӕ: 1. Хӕххон адӕмы трагеди равдисын.
2. Райгуырӕн бӕстӕмӕ, мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын.
Урочы цыд:
Ахуыргӕнӕг:
Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц
Йӕ бинонтӕ, йӕ мад.
Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц
Йӕ рӕзгӕ бонты цард.
Фӕлӕ уӕддӕр, ныййарӕг зӕхх
Дӕуӕн ӕмбал кӕм и
Дӕуӕй зӕрдӕйӕн адджындӕр,
Зӕгъ-ма мын чи у чи...
Райгуырӕн бӕстӕ.... Райгуырӕн зӕхх!
Цас хорз ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытыл ӕфтауы адӕймаджы. Уайтагъд зӕрдӕ айдзаг вӕййы цыдӕр ӕхсызгондинадӕй, цӕстытыл ауайынц нӕ урссӕр хӕхтӕ, нӕ диссаджы цъӕх фӕзтӕ ӕмӕ быдыртӕ. Адӕймаг сулӕфы арфдӕр ӕмӕ уӕндонӕй. Райгуырӕн бӕстӕ алкӕмӕндӕр зынаргъ у. Мӕнӕн дӕр, сымахӕн дӕр ӕмӕ нӕ абоны ныхасы хъайтар уыбыхаг Хатажукӕн дӕр.
Мах абон равзардзыстӕм Цӕлыккаты Ахмӕты радзырд «Бынылзад уыбыхаг», скӕндзыстӕм хатдзӕгтӕ.
Ӕркӕсӕм уал тексты композицион арӕзтмӕ. Цы у композици? Цал хайӕ арӕзт у ацы радзырд?
Скъоладзау: Радзырд арӕзт у 3 хайӕ Ахуыргӕнӕг: Цы ӕвдыст цӕуы 1 хайы?
Скъоладзау: Кавказаг адӕмы трагедиАхуыргӕнӕг: Чи ма равдыста уыцы трагедийы нывтӕ нæ поэттæй?
Скъоладзау. Мамсыраты Темырболат.
Ахуыргӕнӕг: Нӕ зӕрдыл нын чи ӕрлӕууын кӕндзӕн уыцы трагедийы цаутӕ?
Скъоладзау: 1774 азы Ирыстон барвӕндонӕй баиу Уӕрӕсейы паддзахадимӕ. Уый сын фӕпайда фыссынад саразынӕн, скъолайы къӕсӕрӕй бахизынӕн, иннӕ адӕмты ӕхсӕнмӕ цӕуынӕн, дунейы цивилизацийы рӕзтӕй хайджын фӕуынæн. Ӕцӕг, паддзах, йӕ колониалон режим куы 'вӕрдта Кавказы, уӕд бирӕ адӕмтӕ растадысты йӕ ныхмӕ, уӕлдайдӕр та пысылмон диныл хæст адӕмтӕ. Хӕст ныддаргъ ис дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй фылдӕр. Ӕргом хӕст фӕци, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы хӕрам нӕ байсысти. Састы бынаты чи баззад, уыдонӕй иутӕ сӕ маст исыны фӕдыл, протесты хуызы лыгъдысты се' мдин Туркмӕ, иннӕтӕ сӕ кӕрдтӕ цыргъ кодтой, растынмӕ сӕ бирӕ нӕ хъуыд.
Уыцы уавӕры Турчы хицӕутты дӕр ӕмӕ Уырысы паддзахы дӕр фӕндыд, хӕрам адӕм, Уырысы паддзахады хицауиуӕгӕй разы чи нӕу, уыдон, Туркмӕ куы алидзиккой, уый. Туркӕн пайда уыд ацы хабар, уыцы Кавказаг адӕм кӕддæриддӕр цӕттӕ уыдаиккой Уӕрӕсейы ныхмӕ хӕцынмӕ. Уырысы паддзахадӕн дӕр пайда уыд, уымӕн ӕмӕ хӕрам адӕмӕй сцух уыдаид, ӕнӕнцой тохы лӕуд Кавказы адӕмтӕ ныссабыр уыдаиккой. Дыууӕрдыгӕй дӕр кодтой ардауӕн куыст. Ардауджытӕй иу уыд Куындыхаты инӕлар Муссӕ, Темырболаты мадыфсымӕр, уый бирӕ адӕмы алидзын кодта йемӕ Туркмӕ 1865 азы.
Ахуыргӕнӕг: Ӕркӕсӕм –ма, Ахмӕт йӕ радзырды куыд равдыста уыцы трагеди.
Скъоладзау: Тагъддӕр лидзын хъӕуы ацы ӕнаггӕгтӕй, зӕрӕдтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр хатыр чи нӕ зоны, мард ӕмӕ дзуар кӕмӕн нӕй. Цалынмӕ рухс кувӕндæттӕй нӕ фӕхынджылӕг кодтой, чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕй нӕ фӕхъазыдысты, сӕхи закъонтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ не 'рӕвӕрдтой, уӕдмӕ хъуамӕ сӕ сӕрӕн исты хос скӕной, кӕннод байрӕджы уыдзӕн.
Адӕм хъомпалӕй размӕ лӕгӕрстой. Тагъд кодтой иууылдӕр... Алырдыгӕй хъуысти къамбецты ӕмбу, бӕхты мыр-мыр, фысты уасын, куыйты ниуын ӕмӕ рӕйын, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты ӕрдиаг, топпы гӕрӕхтӕ. Хатгай-иу адӕмы ӕхсӕнӕй райхъуыстыты ӕнкъард зарӕджы мыртӕ. Бирӕты рустыл судзаг цӕссыгтӕ уадысты, афтӕмӕй цыдысты, сӕ райгуырӕн хӕхтӕй сӕ дарддӕрӕй - дарддӕр чи хуыдта, уыцы ӕнамонд фӕндагыл.
Ахуыргӕнӕг: Сӕ маст ныхъуыргӕйӕ ныууагътой сӕ райгурӕн хӕхтӕ, сӕ фыдӕлты ингӕнтӕ, бонрухс кӕм федтой, уыцы хӕдзӕрттӕ, сӕ фосы рӕгъӕуттӕ, сӕ туг ӕмӕ хидӕй ӕлхӕд зӕххытӕ, ныууагътой сӕ фыдӕлты бирӕ фӕлтӕрты мулк ӕмӕ фӕллой.Ахуыргӕнӕг: Тексты ссарут лыгъд адӕмы хъизӕмӕрттӕ кӕм ӕвдыст цӕуынц, уыцы бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ абарӕм Темырболаты сфӕлдыстадимӕ
Скъоладзау: Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой лыгъд адӕм фӕндагыл, фондзыссӕдзгӕйттӕй цагъды кодтой. Мардысты сӕ фос ӕнӕ холлаг, ӕнӕ донӕй. Фӕндаг стӕгдарӕй нал зынд.
Цалынмӕ денджызы былмӕ хӕццӕ кодтой, уӕдмӕ Хатажук баныгӕдта йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды. Ӕххормаг, ӕнӕкӕрон хъизӕмӕрттæн нӕ бафӕрӕзтой йӕ дыууӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕмӕ хо.
Ахуыргӕнӕг: Ацы цаутӕ уын уӕ зӕрдыл цавӕр уацмыс ӕрлӕууын кодтой, чи у сӕ автор?
Скъоладзау: «Дыууӕ ӕмбалы»
Цӕй дардыл цы дзурӕм
Нӕ ис ӕмӕ нӕ бӕстӕ
Max залымӕн ныууагътам,
Рахастам ма нӕ сӕртӕ.
Не'знаг цыди нӕ фӕстӕ.
Раст нӕ наумӕ куы тардта,
Уый Хуыцауӕй ӕдӕрсгӕ
Max наумӕ куы калдта.
Слайд (Цӕлыккаты Ахмӕт ӕмӕ Мамсыраты Темырболат)
Ахуыргӕнӕг: Цы ис иумӕйагӕй ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц Цӕлыккаты Ахмӕты радзырд ӕмӕ Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ?
Скъоладзау: Ахмӕт нын йӕ радзырды ӕвдисы иу бинонты хъысмӕт. Темырболат та йе' мдзӕвгӕты равдыста Кавказы хӕхтӕй алидзгӕ цы бирӕ сайд адӕмтӕ уыд, уыдоны хъысмæт.
Ахуыргӕнӕг: Ахӕм зынтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕрбахӕццӕ сты, сӕ былыцъӕрттӕ кӕмӕ хордтой, уыцы денджызы былмӕ. Цавӕр уавӕры уыдысты денджызы раз?
Скъоладзау: Мардӕрцыд ма цы у - алыхуызон низтӕ сарӕх сты. Адӕмыл емынӕ сыстадАхуыргӕнӕг: Уыцы адӕмимӕ бады, уырыссӕгтимӕ -иу мӕлӕтдзаг тохы чи бацыд, мӕлӕты цӕстытӕм комкоммӕ чи каст, уыцы уыбыхаг лӕппу Хатажук.
Чи уыди хатажук? Цы базыдтат Хатажучы тыххӕй?
Скъоладзау: Хатажук уыди фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, йӕ маст ныхъуыргӕйӕ ныууагъта йӕ райгуырӕн хӕхтӕ, йӕ фыдӕлты ингӕнтӕ, ныууагъта йӕ фыдӕлты бирӕ фӕлтӕрты мулк ӕмӕ фӕллой.
Стамбулмӕ! Стамбулмӕ!..-зӕгъгӕ, ӕнкъард кӕмттӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд къӕдзӕхтыл кӕйдӕр фӕдисхъӕр куы айхъуыст, уӕд Хатажучы зӕрдӕ ӕнахуыр рӕхуыст скодта.
Скъоладзау: Ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хатажук дӕр. Кӕд ын цыфӕнды зын у, уӕддӕр йӕ тыхст уавӕр ӕддӕмӕ не 'вдисы. Лӕг кӕмдӕриддӕр хъуамӕ лӕг уа. Изӕрыгӕтты бафынӕйы размӕ, Хатажук, бӕхтӕ кӕм хизынц, уырдӕм ацӕуы ӕмӕ йӕ диссаджы рӕсугъд ӕнӕрцӕф ӕфсургъмӕ кӕсынӕй нал фефсӕды.. Йӕ иузӕрдион ӕмбалы уынд ӕй ивгъуыд бонты балӕууын кӕны, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ хуры тын ныккӕсы. Ахуыргӕнӕг: Цымӕ цӕмӕн?
Скъоладзау: Алцӕмӕй дӕр бавдӕлон Хатажук. Йӕ иунӕг ныфс ма уыдис йе'нӕрцӕф ӕфсургъ, йӕ иузӕрдион хӕлар, гадзрахатӕй йыл чи никуы рацыд, бирӕ хӕттыты йӕ чи фервӕзын кодта.
Слайд (Бӕхтӕ)
Ахуыргӕнӕг: Бӕх ӕмӕ адӕймаг, уыдон ӕрдз кӕрӕдзийӕн ӕххуыссӕн сфӕлдыста, бӕхы зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ. Цал ӕмӕ цал ӕфсӕддоны фервӕзын кодтой тохы быдыры, уымӕн бирӕ дӕнцӕгтӕ ис. Нӕ зӕрдыл ма дзы иу цалдӕр ӕрлӕууын кӕнӕм.
Скъоладзауты дзуаппытӕ:
Мачъыдон Алыксандры бӕх Буцефал, Нарты кадджыты бӕх - Ӕрфӕн, Плиты Иссӕйы бӕх.
Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ Ирыстоны Хъантемыраты Алыбеджы кой чи нӕ фехъуыста, ахӕм адӕймаг стӕм разындзӕн. Ӕрмӕст ыл нӕуӕдз азы куы сӕххӕст, уӕд ӕрхызт йӕ бӕхӕй. Абон Алыбеджы фарн дарддӕр хӕссынц йӕ фӕдонтӕ. Уӕлдай тынгдӕр ын ӕххӕст кӕнынц йӕ сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй иу: «Бӕх у, адӕймаджы зӕрдӕ ӕппӕтӕй тынгдӕр чи 'нкъары ӕмӕ ӕмбары, ахӕм цӕрӕгой ӕмӕ йӕ зӕрдӕхудты макуы бацӕут». Йӕ фырт Ирбегӕй никуы рох кодта мӕнӕ ацы хабар.
Алыбеджы кӕсгон бӕхӕн йӕ ном хуынди Терк. Ӕхсӕв-иу цы бӕхдоны уыд, уымӕн йӕ рудзынг асаст. Алыбег цалдӕр хаты бӕхдоны кусӕгӕн загъта, цӕмӕй уыцы саст рудзынг раивтаид ногӕй. Фӕлӕ йын уый абон-райсом кодта. Иухатт Алыбег тынг смӕсты ӕмӕ йын карзӕй загъта, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй бӕхдоны рудзынджы сӕвӕрдтаид авг. Уыцы рӕстӕг Алыбег бахызт бӕхдонмæ ӕмӕ джихӕй кӕсгӕйӕ баззад йӕ бӕхмӕ. Уый-иу дзыхы дзаг хъӕмп систа ӕма иу ӕй саст рудзынджы зыхъыры батъыста. Иӕ «куыст» куы фӕцис, уӕд Алыбегмӕ ӕнкъард цӕстытӕй ракаст, цыма йын афтӕ зӕгъынмӕ хъавыд, ома, сымахмӕ куы кӕсон, уӕд мӕ ам уазал дымгӕтӕ фӕхойдзысты, зӕгъгӕ.
Хатажук ӕмӕ йӕ бӕхы 'хсӕн дӕр ахӕм ахастдзинӕдтӕ уыди ӕмӕ ныр райсом хъуамӕ фӕхицӕн уой. Цӕмӕн? Тексты дыккаг хайӕ пайдагӕнгӕйӕ ма мын дзуапп раттут.
Скъоладзау: Райсом хъуамӕ Хатажукы дӕр нау аласа цытджын падисахы бӕстӕмӕ. Фӕлӕ уымӕй Хатажукӕн нӕ фенцондӕр. Йӕ катайыл ма бафтыд. Йӕ бӕхы йын ласын нӕ бауагътой, бынӕттӕ адӕмӕн нӕ фаг кӕны, зӕгъгӕ.
Скъоладзау: Куы 'рталынг, уӕд йӕ бӕхы цурмӕ бацыд, фаста йæ. Ӕрыгон ма куы уыди, уый йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд.
Ахуыргӕнӕг: Удӕй хӕстӕг уыдысты Хатажук ӕмӕ йӕ бӕх, уый йеддӕмӕ йын ничиуал ис, Хатажукӕн йӕ царды цыдӕриддӕр 'хсызгондзинадӕй 'рцыд, уыдон ыл иууылдӕр йӕ бӕхимӕ ӕрцыдысты. Ӕмӕ мӕнӕ ралӕууыд сӕ фӕхицӕны рӕстӕг. Йӕ царды тӕккӕ уӕззаудӕр сахат. Хӕтӕжукы зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ бӕхы бӕрзӕйӕ йӕ ӕмыр кӕуын райхъуыст.
Ахуыргӕнӕг: Цӕмӕн суынгӕг йӕ зӕрдӕ Хатажукӕн?
Скъоладзау: Йӕ бӕхӕй кӕй хицӕн кӕны, уый тыххæй.
Ахуыргӕнӕг: Куыд хицӕн кӕны йӕ бӕхӕй? Тексты ӕртыккаг хайæ пайдагӕнгӕйӕ ма дзуапп раттут.
Скъоладзау: Ныхсадта йӕ, сабыргай араст…
Скъоладзау: Хатажук бӕхы фӕрстӕ ӕрбацавта.. .
Скъоладзау: Тӕхгӕ-тӕхын - хъримаг аивтыгъта…
Скъоладзау: Ӕвзыгъд барӕджы митӕй…
Скъоладзау: Салам раттыны фӕстӕ…
Ахуыргӕнӕг: Цавӕр маст ын бауагътой йӕ зӕрдӕйы ӕмӕ цы сфӕнд кодта? Скъоладзау: Хатажук йӕ сӕрмӕ не' рхаста йӕ цӕдисон ӕмбалӕн ын ӕндӕр аргъ кӕй не 'скодтой, тынг ӕфхӕрдыл ӕй банымадта. Ӕмӕ йӕ масты фӕдыл ацыд, йӕхи ӕд бӕх денджызы баппӕрста.
Ахуыргӕнӕг: Бӕх йӕ иузӕрдион ӕмбал кӕмӕн у, уый уӕм цавӕр фӕкаст?
(Слайд Хатажукы миниуджытӕ)
Скъоладзауты дзуӕппытӕ:
Удӕй сыгъдӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕцӕг ӕмбал, хъаруджын, хъӕбатыр, ныфсджын,
сӕрыстыр, хиуылхӕцгӕ.
Ахуыргӕнӕг: Цы нысан кӕны Хатажук ӕмӕ бӕхы сӕфт?
Скъоладзау: Уыбыхаг адӕмы национ трагеди. Фӕстаг адӕймаджы онг Туркмæ кӕй фӕлыгъдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕд фесӕфт. Уыбыхаг Хатажук йӕхи денджызы кӕй баппӕрста, уый у нацийы сӕфты символ. Уый размӕ йе 'ппӕт хиуӕтты ӕмӕ хӕстӕджыты амӕлӕты ӕвдисӕн кӕй уыд, уымӕй та скӕнӕн ис хатдзӕг - фӕдонтӕ йын нал ис ӕмӕ фыдӕлты фарн мӕрдтӕй ничиуал раздахдзӕн.
Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ нӕ урочы темӕ дӕр уый нысан кӕны.
Кӕд символы кой скодтам, уæд бамбарын кӕнӕм цы у символ?
Скъоладзау: Символ у - уӕрӕх арф нысаниуӕг чи райсы, ахӕм фӕлгонц. Ацы
радзырды Хатажук ӕмӕ йӕ бӕх сӕхи денджызы кӕй баппӕрстой, уый у
нацийы сӕфты символ.
Ахуыргӕнӕг: Нӕ цӕст ахӕссӕм текстыл ӕмӕ ма ӕрхъуыды кӕнӕм, цавӕр ныхӕстӕй райдыдта?
Скъоладзау: Йӕхимӕ ныхъхъуыста уыбыхаг лӕппу.
Уыцы хъуыдыйæ нын Ахмӕт бамбарын кодта, зӕрдӕ кӕмӕй фӕриссы, ахӕм цаутӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Афтӕ мӕм кӕсы, цыма адӕмы трагеди цы цыбыр хъуыдыйады бавӕрдта, уый у уацмысы экспозици.
Слайд (Убыхтæ)
Ахуыргӕнӕг: Туркмӕ чи ацыд, уыцы адӕмӕй уыбыхӕгтӕй ӕнамонддӕр ничи разынд, нӕ баци сӕ бон бахъхъахъӕнын се 'взаг, сӕ культурӕ, сӕ традицитӕ. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыбыхӕгты нымайынц абхазты ӕмӕ адыгты фыдӕлтӕй.
Слайд ( Тевфик Эсенч)
Уыбыхӕгтӕ фесӕфтысты. Фӕстаг уыбыхаг Тевфик Эсенчы тыххæй ныффыста Баграт Шинкуба йӕ роман «Последний из ушедших»-ы. Уый цард Турчы, хорз зыдта йӕ адӕмы культурӕ ӕмӕ традицитӕ, уыбыхаг ӕвзаг, кӕцытӕ фехъуыста сæйӕ фыды фыд Ибрагимӕй, зыдта французаг лингвист Ж. Дюмезилы. 1992 азы амард, уыимӕ амард уыбыхаг ӕвзаг дӕр. Аслан Кабалалиев йӕ «Развӕдзӕхст»-ы равдыста уыбыхӕгты хъысмӕт.
Байхъусӕм-ма йӕм.
(Скъоладзау кӕсы ӕмдзӕвгӕ)
Ахуыргӕнӕг: Хъыгагӕн, абон ЮНЕСКО бахаста ирон ӕвзаг, сӕфгӕ чи кӕны, уыцы ӕвзӕгты къордмӕ. Ныртӕккӕ мах цы царды цӕрӕм, уый арӕзт цыди тынг раджы, бирӕ фӕлтӕрты зондӕй. Уыцы хъӕздыгдзинадӕй мах пайда кӕнӕм, суанг дунейы рухсмӕ куы рахизӕм, уӕдӕй нӕ амӕлӕтмӕ. Нӕ фыдӕлты ӕгъдауыл чи хӕцы, уыдоны кад, ӕфсарм ӕмӕ уӕздандзинад зынаргъ кӕмӕн не сты, йӕ мадӕлон ӕвзагыл стыр зӕрдӕ чи у, уый цӕй ирон у?
Уацмысӕн скӕнӕм хатдзӕг:
Уӕ зӕрдӕмӕ абон хӕстӕгдӕр цы айстат?
Скъоладзау: Уыбыхӕгты трагеди.
Ахуыргӕнӕг: Цӕмӕй мах дӕр уыбыхӕгты хъысмӕт ма баййафа, уый тыххӕй нӕ хӕс у нӕ рагфыдӕлты рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ фидар кӕнын. Ӕвзаг сафын ма бауадзӕм, фылдӕр ыл дзурӕм.