КНСПЕКТ УРОКА ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА НА ТЕМУ: МИНОГОН


Методическая разработка урока по осетинскому языку
на тему:
Миногон. (Миниуæгæвдисæг, ахастæвдисæг).
Разработала: Преподаватель осетинского языка и литературы
МАРГИЕВА ЗИТА ВАСИЛЬЕВНА.

Владикавказ 2014г.
Урочы темæ: Миногон. (Миниуæгæвдисæг, ахастæвдисæг).
Урочы эпиграф: Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг!Урочы нысан: 1. Теоретикон æгъдауæй бамбарын кæнын миногоны æмбарынад, куыд ныхасы хай, хъуыдыйады уæнг.
2. Практикон æгъдауæй бафидар кæнын æрмæг фæлтæрæнты руаджы, хъазты руаджы.
3. Хъомыладон хæс- «Цы байтауай, уый æркæрддзынæ». Æрдз уарзын кæнын, кусын зæххыл.Урочы фæлгонц: фæйнæг аивгонд эпиграфæй, æмбисæндтæй, табл.-схемæ (чыргъæды -дыргътæ ).
Урочы хуыз: комбинирон – лекци, беседæ, сценка, хъазт, фæлтæрæн куыстытæ тетрæдты.Урочы æрмæг: карточкæтæ, кроссворд, уыци-уыцитæ,халсартæ, дыргътæ.Урочы цыд: I. Бацæттæгæн рæстæг (раттын салам, радгæсы хъусынгæнинаг).– Абон у хуымгæнæны мæйы … бон.
– Боныхъæд у …
II.Х/к зæрдыл æрлæууын кæнын.Номдар.
– Ирон æвзаджы цал ныхасы хайы ис? (11)
– Цал æмæ цавæр къордтыл дих кæнынц ныхасы хæйттæ – (номдар кæцытæм хауы)? (2, сæрмагонд, æххуысгæн).
– Цы хонæм номдар?
– Номдæр цавæр къордтыл дих кæны? (иумæйаг, сæрмагонд). Дæнцæгтæ.Адæймаджы ном, мыггаг, фæсномыг.Хæдзарон фос, цæрæгойты нæмттæ.Историон цаутæ, географион объекттæ.Административон-территориалон иуæгтæ (единицы).
Газетты, журналты нæмттæ.Астрономон нæмттæ (Æрфæны фæд, Бонвæрнон, Венерæ)
Фæйнæг. Тасындзæг кæнынц номдартæ (2 ахуырдз. чи? цы?)
Ног æрмæгУæдæ абон мах иумæ равзардзыстæм ног темæ. Æмæ мæн фæнды цæмæй мын аххуыс кæнат. 2 скъоладзауы æвдисынц сценкæ.Кæрæдзийы скъуырдтой чызг æмæ лæппу.– Уый ды куы дæ, Алан!
– Æгас цу, Дзерассæ!– Кæдæм тагъд кæныс? Мæн дæр ма куы скъуырдтай!
– Бахатыр кæн.– Цæй æнкъард дæ? Цы дыл æрцыдис?
– Куыннæ уон æнкъард, райсом ирон æвзагæй «2» куы рамырхон…
– Цæмæн? Нæ ныффыстай нывæцæн темæ «Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг» зæгъгæ?
– Бæргæ ныффыстон …
– Уыдæ цы кæныс?
– Нæ зонын … «Уалдзæг» нæ, фæлæ мын дзы цыдæр «хамбохъ» рауад.
– Бакæс-ма йæ, дæ хорзæхæй. (æнæбары каст кæны йæ сочин. Алан)Ралæууыд уалдзæг.Райхъал æрдз. Цъиутæ æртахтысты æмæ зарынц. Колхозонтæ хуым кæнын райдыдтой. (фæуагъта йæ кæсын)
Дзерассæ худы.
– Алан, ды æвæццæгæн, нæ зоныс, кæй ис ахæм дзырдтæ æмæ нæ ныхас, не ‘взаг аив, рæсугъддæр кæмæй кæны. Фысгæ ма кæн уæдæ! Æрцыд та нæм фарны уалдзæг.Райхъал æнæуд æрдз. Скодта йæ цъæх-цъæхид дарæс.Алыхуызон цъиутæ æртахтысты æмæ зæлдаг хъæлæстæй зарынц Колхозонтæ фæлмæн зæхх хуым кæнын райдыдтой.
– Æгъгъæд! Бамбæрстон дæ! Бузныг, Дзерассæ. Куыд хæларзæрдæ дæ. Цæй, æз азгъорон æмæ йæ ныффыссон.
Ахуыргæнæджы ныхас.
Федтат, сабитæ, куыд аивта йæ хуыз нывæцæн! Кæцы вариант фæцыд уæ зæрдæмæ? Цы бацамыдта Дзерассæ Аланæн? Ууыл у абон нæ ныхас.
(скъоладзаутæ фыссынц диктанты хуызы Дзерассæйы хъуыдыйæдтæ)
Нæ алфамбылай фылдæр предметтæн ис ас, хуыз, уæз, ад. Ис сын басгарæн уырзæй æмæ уæд базондзыстæм хъæбæр у æви фæлмæн. (тæф, ад)
Уыцы мииуджытæ æмбарæм не ‘мбудæн оргæнты ‘руаджы.
(цæстытæ, æвзаг, хъустæ, фындз, уырзтæ).
Ирон æвзаджы ацы æууæлтæ æвдисæг дзырдтæ хуыйнынц миногонтæ.Миногон у ахæм ныхасы хай, кæцы нысан кæны предметы æууæлтæ (хуыз, ас, формæ, хъæд, миниуæг, уæз, ад).
Байхъусут-ма уыци-уыцимæ.Йе ‘ууæл номдарæн æвдисын,Стæй сæ рæнхъæвæрд дæр раст,
Иуварс сæ мæхи нæ исынАлкæддæр дæн семæ баст.
(Миногон)
Халсартæ, дыргътæ радыгай исынц ,дæттынц сын миногонты руаджы характеристикæ.Õ – фæткъуы – тымбыл, сырх, адджын, зымæгон. – кæрдо – дæргъæццон, бур, сæрдыгон (афтæ дарддæр)
радыгай ахуырдзаутæн дæттæм хар-кæ (хъазты хуызы).
Ацæмæз кафы. (Ахырг. дæтты фарста. Цы кусы Ацæмæз? (кафы). Уæдæ цавæр лæппу у? (кафаг).
Залинæ худы – худаг (хъæлдзæг).
Хъантемырон – æфсæрмы кæны – уæздан, хæдæфсарм.Дзаххон – хуыйы, арæхстджынТотрадз – æмдзæвгæтæ фыссы – зондджынЗæринæ – куырыхонМæринæ – рæдауДзерассæ – хæларзæрдæАлан – æнæрвæссонФæлтæрæн куыст æххæст кæнын (243- фысгæ куыст)
Темæ дарддæр æвзарын (Хъазт «Чи рæвдздæр?»)
Скъоладзаутимæ (2) саразын ерыстæ ,сæвæрын разæй( фæйнæджы раз) 2 фæткъуыйы, (кæрдо…) ахуыргæнæджы командайы фæстæ чи раздæр фæуыдзæн, уый сбæрæг кæнын. Ногæй чи фæразæй, уыимæ ерыс скæнын. Ацы хъазты ‘руаджы æмбарын кæнын миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг миногонтæ.Ацæмаз – рæвдз – сæрæнЗæринæ – рæвдздæр – сæрæндæрБатрадз – æппæты рæвдздæр – сæрæндæр Миногонтæ сæ амындмæ гæсгæ вæййынц 2 хуызы – миниуæгæвд., ахастæвд.Фылдæр кæнæ къаддæр бæрцы райсæн кæмæн вæййы, ахæм æууæлтæ фæбæрæг кæны миниуæгæвдисæг: сырх-сырхдæр-тынг сырх.
Фæлæ зæгъæм: хъæдын – || – нæй йæ фылдæр бæрцы райсæн. (хъæдындæр)
Миногон цы предметы номæй арæзт æрцыд, уыцы предметы ахаст æндæр предметмæ та фæбæрæг кæнынц ахастæвдисæг миногонтæ (сызгъæрин уидыг)
Скæнын тетрæдты схемæМИНОГОН
ахастæвдисæгминиуæгæвдисæг(бындурон,барæн,уæлахизон б.б.)
ФæйнæгДзырдуат:
куырыхон,
‘мбудæноргæнтæ«Цы байтауай, уый æркæрддзынæ».
(хъомыладон куыст-æрдз- нæ дарæг). «Уалдзæг – рæсугъд фæззæг – хъæздыг».
Ныффысын тетрæдты æмбисæндтæ.Хатдзæгтæ.БæрæггæнæнтæХ/к раттын – нывæцæн рапарахат кæнын (+5,7 хъуыдыйады).
Ацæмæз лæвар кæны йæ кафт уазджытæн.