Открытый урок по осетинскому языку Удварны х?знат?.Номдарты дзырдар?зт.Ф?лхат к?ныны урок.


Гом урок ирон æвзагæй.

Темæ: «Удварны хæзнатæ.
(Номдарты дзырдарæзт.Фæлхат
кæныны урок.) 6-æм кълас.
Бацæттæ кодта
40-æм скъолайы ахуыргæнæг
Гогаты У.З.
Дзæуджыхъæуы 2016 аз.
Урочы темæ: «Удварны хæзнатæ.» Номдарты дзырдарæзт.Фæлхат
кæныны урок.
Урочы нысан:1.Ныффидар кæнын,номдарæй цы æрмæг
рацыдысты,уый ( цæй руаджы равзæрынц ног ном-
дартæ,æндæр ныхасы хæйттæ номдарты ролы куыд вæййынц,куыд арæзт цæуынц цыбыргонд номдартæ)
2.Кусын ахуырдзауты растфыссынад æмæ ныхасы
рæзтыл.
3.Рæзын кæнын скъоладзаутæм уарзондзинад Рай
гуырæнæн бæстæмæ,йæ историмæ,се 'взагмæ,сæ
алыварс чи ис,уыдонмæ.Бамбарын кæнын,æрмæст
хи удæнцойдзинады тыххæй цæрæн кæй нæй,нæ
алыварс чи ис, уыдонæн æххуыс кæнын кæй хъæуы,
зыд æмæ кæрæф адæймаг йæ фæстаг муртæй дæр
æнæ хай кæй фæвæййы.
Цæстуынгæ æрмæг: карточкæтæ,ахуыргæнæн чингуытæ,слайдтæ,
«хæзнатимæ» дзæкъул.



Урочы цыд:
l.Скъоладзауты урочы архайынмæ сразæнгард кæнын æмæ урочы темæтæ сбæрæг кæнын.
Сывæллæттæ мæ къухы ис хæзнаты дзæкъул,фæлæ цавæр хæзнатæ сты,уый та мын сымах зæгъдзыстут,мæнæ ацы дыууæ дзырдæй номдар куы саразат,уæд.Уый уыдзæн нæ урочы темæ.
Уд+фарн –удварн, удварны хæзнатæ.(Куыд арæзт æрцыд дзырд удварн? Дзырдтæ кæрæдзимæ æфтауыны руаджы).
Уд-душа,дух.
Фарн-мир,спокойствие,обилие,счастье.
Хæзна-драгоценность,ценность,клад,казна,богатство,сокровище.
Цы нысан кæнынц ацы дзырдтæ?
Уд-ис удæгас адæймагæн йæмидæг,цалынмæ йæ мидæг ис,уæдмæ цæры.
Куыд æмбарут фразеологон дзырдбæстытæ:мæ уд ауад,мæ уд мæ къæхты бынæй агæпп кодта- фæтарстæн).
Фарн та цы у?Цавæр арфæтæ фæкæнынц адæм ацы дзырдимæ?( Фарн уæм бадзурæд! Фæрнæйдзаг ут! Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы!Фарн уæ алкæй хæдзары дæр!)
Бафæлварæм ма равзарын ,цы нысан кæны дзырдбаст удварны хæзнатæ.Цавæр миниуджытæй хайджын хъуамæ уа адæймаг,цæмæй йын иууылдæр аргъ кæной? (сайгæ ма кæна, давгæ ма кæна,рæстдзинадæй хайджын уа,уа рæдау,куыстуарзаг,уарза адæмы ,аргъ сын кæна ,æмбара хорз æмæ æвзæр кæм ис).Уырыссагау сæ схонæн ис моральные ценности.
Уæдæ нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм? (Уыдварны хæзнатыл,номдарты дзырдарæзтыл).
ll.Слайд темæ æмæ нывтимæ равзарын.(Нывтæ ист сты «Сыгъзæрин антилопæ»-йæ æмæ «Дыууæ сыхаджы æмæ дыууæ зæрватыччы аргъау»-æй.
Æркæсæм ма,нæ темæйы бын цы нывтæ ис ,уыдонмæ.Кæцæй ист сты?Æрдзурын алы хъайтары тыххæй дæр.
Цавæр у паддзах,йæ æппæты стырдæр мæт цæуыл у,кæуыл у?Цæмæ æрбакодта хуымæтæг сидзæр зæхкусæг лæппуйы йæхимæ?Йæ мæт ууыл уыд?
Цавæр у хъæддзау та?Кæмæн баххуыс кодта? Ацы аргъауы та паддзахы хуызæн чи у?(Гæдо).
Паддзах æмæ Гæдо мæт кæнынц æрмæст сæхи хорздзинадыл, Хъæддзау та мæт кæны маргъыл дæр.
Нæ царды та ахæм адæм ис?
lll.Урочы эпигрæф равзарын. “Иу йæхи амондæн цæры,иннæ –адæмы».Слайды нывтæ равзарын.Эпигрæфы фыццаг хаймæ кæй ис ахæссæн,дыккагмæ та?
Хъус æрдарын ,гуманитарон æххуыс кæм æвдыст цæуы ,уыцы нывтæм.Æрдзурын ,скъолайы цы гуманитарон акцитæ вæййы,уыдоныл .
Цавæр ныхасы хай у иу? Эпиграфы цавæр ныхасы хайы функцитæ æххæст кæны.Æрхъуыды кæнын хъуыдыйад,цæмæй иу уа нымæцон.(Мæнæн ис иу мадæлон æвзаг.Мæнæн и сиу Райгуырæн бæстæ.)
Куыд хуыйны æххæстæй нæ бæстæ ?(Уæрæсейы Федераци)Цыбырæй та йæ уырыссагау куыд хонынц? (РФ)
Иронау та куыд уыдзæн?(УФ) Нæ республикæ та куыд хуыйны?( Республикæ Цæгат Ирыстон—Алани) Йæ цыбыр формæ та куыд уыдзæн?(РЦИ-Алани).Сæвæрут ацы дзырдтæ гуырынон хауæны.(УФ-йы,РЦИ-йы).Куыд фыссæм кæрæттæ?( Дефисæй хицæнгæнгæйæ).
lV.Куыд æмæ цæй руаджы арæзт æрцæуынц ног номдартæ?
(Разæфтуанты,фæсæфтуанты,дзырдтæ(бындуртæ) кæрæдзимæ æфтауыны руаджы,æндæр ныхасы хæйттæ номдарты ролы).Æрхæссын дæнцæгтæ.
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.(Иу хъуыдыйады миногон цæмæй уа,иннæйы- номдары функцитæ æххæст кæна. Ирон,хъæздыг,хистæр,кæстæр).
V.Хибарæй куыст.Слайд №3.Лæвæрд дзырдтæй 1-аг къорд фыссынц удварны хæзнатæм ахæсгæ дзырдтæ,2-аг къорд та æвзæр миниуджытæ æвдисæг дзырдтæ.
(уды сыгъдæгдзинад,æнæуынондзинад,рæстдзинад,мæнгарддзи-над,уарзынад,рæсугъддзинад,кæрæфдзинад,цæстуарзондзи-над,рæдаудзинад,хæларзæрдæ,фыдзæрдæ,фæлитой,хинæйдзаг).
Цæй руаджы равзæрдысты ацы дзырдтæ?Цавæр ныхасы хæйттæ сты?Миногонтæ дзы цæмæн бахастон ацы дзырдты къордмæ?Æрхъуыды кæнын фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ равзæрын.
Кæмæй нын баззадысты удварны хæзнатæ?Куыд сæ фæхæццæ кæнæм, нæ фæстæ чи уыдзæн,уыдонмæ.
Фæйнæгыл равзарын хъуыдыйад: Ирæн фыдæлтæй баззадысты удварны хæзнатæ,æмæ сæ цæсты гагуыйау бахъахъхъæнæм.
Фыдæлтæй- морфологион æвзæрст скæнын.
Ирæн-фонетикон æвзæрст.
Vl.Чиныгимæ куыст.Фæлтæрæн 150, 57-æм фарс.Текст равзарын.Слайд дзырдуатон куыст .Зыд,чыссæ,кæри равзарын.
Дзырдуатон куыст:зыд-жадный чыссæ-кошелек,кисет,мешочек.
кæри-куча
Бакæсын текстæн йæ 2 абзацы.Куыд уæм кæсы лæг искæмæн бахай кæндзæн йæ сызгъæринтæй,йæ чыссæ та доны баппардзæн?(Кæронмæ бакæсын текст æмæ йæ равзарын).
Ссарын тексты 4-æм абзацы номдартæ,сбæрæг сын кæнын сæ хауæн æмæ сæ нымæц.(къуыри,мæй,аз,лæг,чыссæ,хорздзинадæй,адæмæн, доны). Сæвæрын ацы номдартæ бирæон нымæцы.
Зыд лæг удварны хæзнатæй æххæст у?Цавæр миниуджытæ йæм ис?(Зыддзинад,кæрæфдзинад)
Vll.Проектон куыст.Джеоргуыбайы бæрæгбонимæ баст таурæгъ.Ахуыргæнæджы раныхас.Ирон адæм бæрæг кæнынц сæ кадджын бæрæгбæттæй иу,Джеоргуыба.Йæ ном ын æвзардзыстæм куыд æвзагиртасджытæ дæр æмæ куыд этногрæфтæ дæр.Скъоладзатæй иу кæсы,дзуры таурæгъ.
Куыд райдыдтой джеоргуыбайы бæрæгбон бæрæг кæнын.
Раджы уыд уыцы хабар.Иу хæххон хъæуы,дам,адæмыл диссаджы æвзæр аз скодта,сæ хортæ фесæфтысты.Сæ хор куыддæр амалæй аирвæзт æрмæст дæр иу хæдзарæн,сæ зæххытæ уыдысты хуссарварс ,стæй цалынмæ не 'рбауазал,уæдмæ сын æфснайд æрцыдысты.Хæдзары хистæр уыд Джеор,йæ бинойнаг та хуынд Гуыба.
Хъауы цæрджытæн сæ хоры фæстаг муртæ хæрд куы фесты,уæд райдыдтой катай кæнын,куыд арвитдзыстæм нæ зымæг
æнæ кæрдзынæй,стæй уалдзæджы дæр цы байтаудзыстæм,зæгъгæ.
Сæ катай сын хорз æмбæрстой Джеор æмæ Гуыба. Уыдон
сфæнд кодтой се 'мхъæуккæгтæн баххуысс кæнын.Скодтой стыр куывд æмæ æрхуыдтой æнæхъæн хъæуы цæрджыты.Сæ хорæй рауæлдай кодтой æмæ йæ æмхуызон байуæрстой алы хæдзарæн дæр.
Адæм Джеор æмæ Гуыбайы фæрцы сæ зымæг арвыстой,уалдзæгмæ дæр ма ныууагътой чысыл сæ хоры муртæй,байтыдтой сæ æмæ сын фæззæджы диссаджы хъæздыг тыллæг æрзад.
Æфснайд куы фесты сæ хортæ,уæд иумæйаг куывд скодтой.Фыццаг сидт загътой Джеор æмæ Гуыбайы цæрæнбоны тыххæй.Уæдæй фæстæмæ,дам,алы фæззæг,сæ хортæ-иу æфснайд куы фесты,уæд кодтой куывд.Фыццаг сидт-иу уыд Джеор æмæ Гуыбайы цæрæнбоныл.
Бæрæгбон махмæ дæр æрхæццæ æмæ хуыйны Джеоргуыба.
Сæрмагонд нæмттæй равзæрд бæрæгбоны ном.(Джеор ,Гуыба).
Цавæр миниуджытæй хайджын сты Джеор æмæ Гуыба,удварны хæзнатæй хайджын сты?(Рæдаудзинад,адæмуарзондзинад,æрхъуыдыдзинад,цæст-уарзондзинад).
Vlll.Эпиграфмæ раздæхын. Нæ урочы байхъуыстам дыууæ текстмæ.Сæ сæйраг архайджытæ цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ?Абарæм сæ.
Нæ урочы райдиан цы « удварны хæзнаты» дзæкъулы кой кодтам,уый басгарыны рæстæг дæр æрхæццæ,алчи дæр исы йæ хуылфы цы ис,уыдонæй(хиконд печенитæ æрттиваг цъары тыхтæй,сæ уæлæ фыст ис дзырдтæ:рæдаудзинад,кæрæфдзинад,æнæуынондзинад,адæмуарзаг,æрхъуыдыджын,уæздандзинад,æдзæстуарзондзинад,цæстуарзон).Кæд дзырд удварны хæзнатæм нæ хауы,уæд æй асæттын æмæ йæ иуварс æрæвæрын,ома,нæ удты ис бынат æрмæст удварны хæзнатæн.Ныффидар кæнын цавæр ныхасы хæйттæ сты дзырдтæ,цæй руаджы арæзт æрцыдысты номдартæ, куыд хуыйныæндæр ныхасы хæйттæ номдарты ролы куы вæййынц,уæд.
Хæдзармæ куыст раттын .Ныффыссын цыбыр нывæцæн нæ урочы эпигрæфмæ гæсгæ.
lX.Рефлекси скæнын.Ахæццæ кæнут хъуыдыйæдтæ кæронмæ:
1.Мæ зæрдæмæ урочы фæцыд… .2.Мæ зæрдæмæ нæ фæцыд… .3.Ногæй дзы цы фехъуыстон… .
4.Æппæты тынгдæр бадардзынæн мæ зæрдыл… .
Бæрæггæнæнтæ æвæрынц къорды уæнгтæ, æппæты хуыздæр чи бакуыста,уыдонæн.Нæ «хæзнаты» дзæкъулæй сын дæттæм лæвæрттæ,чи цал баллы райста уымæ гæсгæ.(Ам дæр ис сбæрæг кæнæн ,урочы дæргъы цæуыл дзырдтам,уый сæ зæрдæмæ айстой æви нæ,ома, сæ лæвæрттæй искæмæн фæхай кæндзысты).
Кæронбæттæны скъоладзаутæ уазджытæн кæнынц бæрæгбоны арфæтæ.(Зæлы Уастырджийы зарæг).