Тест ирон литератур?й? 5 – ?м кълас?н.


Тест ирон литературæйæ
5 – æм къласæн.
Вариант № 1.
1. Адæмон сафæлдыстады хуызтæй нæу:
а) æмбисонд
æ) æмдзæвгæ
б) аргъау
в) кадæг
2. Ацы аргъæуттæй литературон аргъау у:
а) «Фаззæттæ»
æ) «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»
б) «Раст лæг æмæ Зылын лæг»
в) «Зонд æмæ Амонд»
3. Уацмыс «Лæскъдзæрæн» у:
а) æмдзæвгæ
æ) адæмон аргъау
б) литературон аргъау
в) радзырд
4. Фыййау Бадейы сæйраг бæллиц уыд:
а) хорз куыст ссарын
æ) хъӕздыг лӕг суӕвын
б) зындгонд лæг суæвын
в) ахуыр кæнын
5. Коцойты Арсены радзырды Гигойы бинонтæ сӕхи цæттæ кодтой сæхи?
а) Ногбонмæ
æ) Цыппурсмæ
б) Джеоргуыбамæ
в) Куадзæнмæ
6. Барахъты Гинойы радзырд «Зæлимхан» – ы цавæр цæрæгой амард йæ хицауы аххосæй?
а) куыдз
æ) бæх
б) хæрæг
в) гал
7. Дзесты Куыдзæджы радзырд «Æрдхæрæны лæвар» – ы сæйраг хъуыды у:
а) Райгуырæн бæстæ уарзын.
æ) Фыдæлты æгъдæуттæ хъахъхъæнын.
б) Ахуырады стыр бынат адæймаджы царды.
в) Ныййарæг мадæн лæггад кæнын.
8. Кӕцӕй ист сты ацы рæнхъытæ ?
Атылди, адаргъ и,
Нал уыд йӕ сӕрӕн…
Амонд йӕ хъахъхъӕнӕг
Ахӕм ӕвзӕрӕн!
а) аргъау «Лæскъдзæрæн»
æ) аргъау «Рувас æмæ Зыгъарæг»
б) басня «Халон æмæ Рувас»
в) басня «Бирæгъ æмæ Хърихъупп»
9. Гуыцмæзты Алешы радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу» – йы Мурæт цæуылнæ ацыд фæстæмæ хъæумæ æххуысагур?
а) зивæг кодта
æ) тæрсгæ кодта
б) худинаг æм каст, йæ сæрмæ йæ нæ хаста
в) йæ уаргъæн давынæй тарстис
10. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? Куыд сын æмбарут сæ хъуыды? Уæ хъуыдытæ ныффыссут.
Ноджы ма дæуæй æз курын:
Адæмимæ у хæлар,
Хорздзинад дæ зæрдыл дар,
Де’ мгæрттимæ цæр фæрнæй, –
Иугæйттæй уæлахиз нæй!..
Фарсты № Раст дзуаппы № Раст дзуаппæн балты нымæц
1. æ 1 б
2. ӕ 1 б
3. б 1 б
4. в 1 б
5. в 2 б
6. æ 1 б
7. б 2 б
8. в 3 б
9. б 3 б
10. Сфæлдыстадон куыст 5 б
Æдæппæт 20 баллы
Бæрæггæнæнты критеритæ:
Нысан «5» æвæрд цæуы 15 æмæ фылдæр баллæн.
Нысан «4» æвæрд цæуы 12 баллæй 14 баллы онг.
Нысан «3» æвæрд цæуы 8 баллæй 11 баллы онг.
Нысан «2» æвæрд цæуы 7 æмæ къаддæр баллæн.
Тест ирон литературæйæ
5 – æм къласæн.
Вариант № 2.
1. Лæвæрд уацмыстæй адæмон аргъау нæу:
а) «Сарты фырт»
æ) «Гӕмӕт»
б) «Фаззæттæ»
в) «Зонд æмæ Амонд»
2. Аргъау «Лæскъдзæрæн» - ы автор у:
а) адæмон аргъау
æ) Дарчиты Дауыт
б) Нигер
в) Къоста
3. Литературон аргъауы цавӕр маргъ æрхаста насы мыггаг:
а) сырддонцъиу
æ) цæргæс
б) зæрватыкк
в) халон
4. Тугъанты Батырбеджы радзырд фыййау Бадейӕн йы сæйраг бӕллиц у:
а) Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын.
æ) Хистæртæн кад кæнын.
б) Фыссын ӕмӕ кӕсын базонын.
в) Горӕты цӕрын.
5. Гигойы куадзæн фехæлдта:
а) йӕ чызг
æ) æлдар
б) сауджын
в) йæ сыхаг
6. Барахъты Гинойы радзырд «Зæлимхан» мах ахуыр кæны:
а) цæрæгойты уарзын
æ) мадæлон æвзаг уарзын
б) чиныгуытӕ уарзын
в) æгъдауджын уæвын

7. Дзесты Куыдзæджы радзырд «Æрдхæрæны лæвар» - ы Гæбилæн ахуыргæнæг балæвар кодта:
а) «Нарты кадджытæ»
æ) Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»
б) ирон аргъæутты чиныг
в) ирон литературӕйы чиныг
8. Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил» - ы сæйраг архайæджы æцæг ном куыд хуындис?
а) Бола
æ) Ӕхсарбег
б) Чермен
в) Таймураз

9. Гуыцмæзты Алешы радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу» - йы Мурæтыл цавæр бæллæх æрцыд фæндагыл?
а) Фæдзæгъæл.
æ) Æд уæргътæ бæхæй митмæ ахауд.
б) Абырджытæ йын йæ бæх æмæ уæргътæ байстой.
в) Йæ бæх бастад æмæ амард.
10. Райхал ӕмбисонды хъуыды «Лӕг хъуамӕ лӕджы ном хӕсса», радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу» - мæ гæсгæ.


Фарсты № Раст дзуаппы № Раст дзуаппæн балты нымæц
1. æ 1 б
2. в 1 б
3. б 1 б
4. б 2 б
5. б 1 б
6. а 2 б
7. æ 3 б
8. б 2 б
9. æ 2 б
10. Сфæлдыстадон куыст 5 б
Æдæппæт 20 баллы
Бæрæггæнæнты критеритæ:
Нысан «5» æвæрд цæуы 17 æмæ фылдæр баллæн.
Нысан «4» æвæрд цæуы 13 баллæй 16 баллы онг.
Нысан «3» æвæрд цæуы 9 баллæй 12 баллы онг.
Нысан «2» æвæрд цæуы 8 æмæ къаддæр баллæн