Гом урок Тем?: Дины кусджыты сай?гой мит? Коцойты Арсены радзырд « Гигойы куадз?н» — ы


Гом урок
Темæ: Дины кусджыты сайæгой митæ Коцойты Арсены радзырд « Гигойы куадзæн» - ы
Нысан: 1. Раргом кæнын сауджыны сатирикон образ.
2. Ныхасы рæзтыл куыст.
3. Дины кусджыты сайæгой æмæ дыдзæсгом митыл æрхудын, сывæллæтты цæсгомджын, намысджын, æууæнкджын уæвыныл ахуыр кæнын.
Урочы тип: Зонындзинæдтæ ныффидар кæныны урок.
Методтæ æмæ фæндæгтæ:
Индуктивон метод .Фæрстытæ æмæ дзуæппытæ.
Сывæллæтты аив каст
Урочы фæлгонц: 1. Ирон литературæ – 5 къл.
2. Фыссæджы портрет
3. Сывæллæтты конд нывтæ радзырдмæ.
4. Фотоальбом « Коцойты Арсен»
5. Рефераттæ, газетæй ист уацтæ.
6. Арсены уацмысты æмбыргонд 2- томæй
Урочы цыд 1.Организацион хай 2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын
Ахуыргæнæджы ныхас: - Сывæллæттæ, сымахæн абон хæдзармæ куыст уыд:
а)Бакæсын Коцойты Арсены радзырд « Гигойы куадзæн» æмæ йæ зонын хи ныхæстæй дзурынмæ;
б)Скæнын нывтæ радзырдмæ(Рагацау сæ бакæнын фæйнæгыл, скæнын равдыст) ( Сывæллæттæ радыгай дзурынц уацмысы мидис)
Ног æрмæг
Ахуыргæнæджы ныхас: Сывæллæттæ, сымах хорз радзырдтат Гиго йæ куадзæн куыд арвыста, уый. Æвæццæгæн, уæ зæрдæмæ хæстæг Мелайы маст, уæхинымæр смæсты стут сауджын æмæ диакъонмæ. Æмæ абон дарддæр равзардзыстæм сауджыны фæлгонц, фендзыстæм Арсен хурмæ куыд хæссы дины кусджыты сайæгой митæ, дины кусджытæ куыд нæ ауæрдынц мæгуыр адæмы исбон сайыныл. Ам фембæлдзыстæм иукъорд зынæмбарæн дзырдтыл.
Зæгъæм:
Дыдзæсгом – дыууæ хуызы йæхи чи æвдисы, ахæм
Æвæджиауы бон – диссаджы бон,
Парахат – бирæ,
Хъынцъым кæнын – мæт кæнын,
Цауд – æвзæр;
Æмгъуыд – рæстæг, афон;
( Амонынц сæ сывæллæттæ сæхæдæг, цы дзы нæ базоной, уый та сын амоны ахуыргæнæг)
Фарст : - Зæгъут ма, цæмæн схуыдта автор йæ радзырд « Гигойы куадзæн»?
Дзуапп: - Уымæн æмæ Гиго æмæ Пело сфæнд кодтой ацы хатт хъæздыг куадзæн скæнын,фæлæ æрбацыд сауджын æмæ сын сæ куадзæны хъыбыл ахаста. Ацы куадзæн сæ никуы ферох уыдзæн.
Фарст: - Уацмысы ном æмæ йæ мидис кæрæдзийыл бадынц?
Дзуапп: - Нæ бадынцФарст: - Цæуылнæ бадынц?
Дзуапп: - Уымæн æмæ Гиго куадзæн не скодта йæ хæдзары.
Фарст: - Æмæ чи уыд аххосджын, Гигойы куадзæн кæй фехæлд, уымДзуапп: - СауджынФарст: - Цæмæн?
Дзуапп: - Уымæн æмæ уый уыд сайæгой, кæрæф æмæ зыд адæймаг. Цæмæй йæхи куадзæн хъæздыгдæр уыдаид,уый тыххæй ма ахаста Гигойы хъыбыл дæр.
Ахуыргæнæджы ныхас:
- Сымахæй исчи æнæзонгæ адæймагимæ куы фембæлы, уæд ын фыццагдæр йе 'ддаг бакастмæ уæ хъус æрдарут, цавæр дзаума йыл ис, йæ цæсгомы æвæрд цавæр у, йæ уæнгты конд цавæр у æмæ афтæ дарддæр…
Фарст: - Чи зоны, цы хуыйны адæймаджы æддаг бакаст?
Дзуапп: - Портрет
Фарст: - Ссарут-ма , Арсен сауджыны партрет кæм æвдисы, уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.
Дзуапп: - Сауджын Йосебы чи нæ зоны æгас комы! Йæ рустæ фыр нæрдæй æддæмæ ратонынц, дардмæ æрттивынц, йæ гуыбын дымст, раст цыма тыппыргæрдæг бахордта.
Фарст: - Цæуыл дзурæг у сауджыны портрет?
Дзуапп: - Сауджын бирæ хæрын кæй уарзы, ууыл.
Фарст: - Ссарут уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.
Дзуапп: - Адæм ма ныхасы дæр фæкæнынц Йосебы гуыбыны кæй, фæзæгъынц: раст уæртæ Йосебы гуыбыны йас, зæгъгæ ,Йосеб тынг уарзы карчы фыд. Уарзы хуыйы фыд дæр, фæлæ уæддæр карчы базыртæм æмæ сгуытæм куыд æмхиц у, афтæ ницæмæ у. Искуы хисты кæнæ куывды уæвгæйæ, комкоммæ фæзæгъы: « Сгуытæ æмæ базыртæ ардæм рахæссут!»
Куыддæр сæ йæ разы ауыны, афтæ йæ дыстæ мидæмæ батулы æмæ дыууæ къухæй зæрдиагæй бавналы.
Фарст: - Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта автор сауджыны портрет фысгæйæ?
Дзуапп: - Гипербола æмæ абарстæй
Фарст: - Ссарут-ма сæ.
Дзуапп: - 1)Рустæ фырнæрдæй æддæмæ ратонынц;
- 2) Раст цыма тыппыргæрдæг бахордта.
Ахуыргæнæджы ныхас:
Ацы уацмыс тынг хъæздыг у диалогон ныхасæй
Фарст: - Цы у диалог?
Дзуапп: - Дыууæ адæймаджы кæрæдзиимæ куы фæныхас кæнынц, уый хуыйны диалог
Фарст: - Ссарут-ма радзырды диалог.
Дзуапп: - Лæг загъта:
- Мæн цы фæнды, уый зоныс?
- Цы?
- Куадзæн хорз саразæм ацы хатт, афтæ хорз,æмæ нæм сыхæгтæ хæлæг куыд кæной.
- Саразæм, - загъта ус. _ Хорз куадзæнæй хуыздæр та ма цы ис, фæлæ мæнæ сывæллоны дæр рох кæнын нæ хъæуы, хъуамæ йын бæрæгбонмæ ног исты балхæнæм, иннæ сывæллæттæм хæлæг куыд нæ кæна, афтæ.
- Уымæн иу-дыууæ каркæй фылдæр нæ бахъæудзæн, фæлæ æз цы зæгъын,уый зоныс?
- Цы?
- Æппындæр цы нæма æрцыди,уый зæгъынмæ хъавын.
- Цы, уæддæр?
- Иу хъыбыл ауæлдай кæнæм куадзæнæн….
Фарст: - Куыд цардысты Гигойы бинонтæ, хъæздыг æви мæгуыр?
Дзуапп: - Мæгуыр
Фарст: - Ссарут-ма, сауджын мæгуыр адæммæ цы цæстæй кæсы, уыцы бынат.
Дзуапп: - Йосеб йæ хъæубæсты адæммæ дзæбæх æнгомæй цæры, алы хæдзармæ дæр раст йæхи хæдзары хуызæн бараст вæййы… Зынæрвæссондзинадæй йæм ницы ис, мæгуырдæр цы хæдзар у, уырдæм æй куы хонынц, уæддæр æнæзивæг ацæуы æмæ хорз хæргæ дæр бакæны, нуазгæ дæр..
Фарст: - Цыма æцæгдæр мæгуыр адæмы бирæ уарзы Йосеб? Уый нвртæккæ фендзыстæм нæхи цæстæй.
Сценкæ.
Архайджытæ: Сауджын Диакъон ГигоПело
Мела
Хæдзармæ æрбацæуынц сауджын æмæ диакъон Уæ рæзты фæцæйцыдыстæм, æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыди..
Чысыл цыдæр мА мæ дардтат…Æмæ загътам: цом, бауайæм Гигомæ. Уымæ кæддæриддæр бауайын æмбæлы.
Гиго: - Рох нæу, сауджын, уый. Цы дæ дарæм, уый ахицæн кæндзыстæм.
Сауджын: - Фарон уæ лæппу куы амарди , рухсаг уæд, уæд мын сомырдæг йеддæмæ æхцайæ нæ радтат, мæнмæ дам, нæм хъыбылтæ куы рацæуа, уæд дын дзы иу ратдзыстæм (Гиго нынкъард)
Сауджын: - Тынг æвзæр рæстæг скодта, ницыуал нæм хауы, йе чындзыл аргъуыд нæй, йе мæлгæ ничиуал кæны, афтæмæй фыдыбæттæ кæнæм. (Иууылдæр зæхмæ кæсынц)
Сауджын: - Цæй, ацаразут нæ æмæ, мах цæуæм. ( Лæг æмæ ус кæрæдзимæ кæсынц, ус ацыд иуварс, æрбазынд куадзæны хъыбыл. Сауджынæн фыр дисæй йæ дзых хæлиуæй баззад, йе 'рмттæ кæрæдзийыл æрхоста).
Сауджын: - Пау,пау, пау! Уый хъыбыл у, уый. Куадзæйнаг ахæм куы нæ уа, уæд иннæтæ цы сты! Пело, хъуамæ мын ацы хъыбыл раттат! Куы зониккат,куыд бузныг уæ фæуыдзæн не 'фсин! Тынг бузныг, тынг… Акæсут-ма, стъолæн йæ иу кæроны гогыз, иннæ кæроны уæрыкк, а хъыбыл-та астæуæй… Тынг хорз фидаудзысты! Марадз-ма, диакъон, рацахсут хъыбыл!
(Диакъон рацахста хъыбыл æмæ йæм Пело цы голлаг радта, уым æй нывæрдта)
Ахуыргæнæджы ныхас:
Хатдзæгтæ: - Сывæллæттæ, абон мах равзæрстам Коцойты Арсены радзырд «Гигойы куадзæн»
Фарст: - Куыд уæм кæсы, уацмысæн йæ сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?
Дзуапп: - Дины кусджытæ динæй пайда гæнгæйæ мæгуыр адæмы исбон куыд тсайдтой, уый.
Ахуыргæнæг: - Уый хуыйны уацмысæн йæ темæ. Уыцы æнæуаг, фæлитой , сайæгоймитæ хурмæ хæссын та у уацмысы идейæ.
(Сывæллæттæ аргъ кæнынц сæхи конд нывтæн æмæ бæрæггæнæнтæ æвæрынц).
Хæдзармæ куыстСкæнын пълан радзырдæн.
Тетрæдты ныффыссын æмбисæндтæ, сауджыны æцæг цæсгом æвдыст кæм цæуы.
Зонын, цы хонæм темæ æмæ идейæ.