Урок Барахъты Гино. Бастырасугъд.


«Адæймаджы уды хъаруйæн аргъ кæнын»
(Барахъты Гинойы радзырд «Бæстырæсугъд»-мæ гæсгæ)


Урочы темæ: Адæймаджы уды хъаруйæн аргъ кæнын (Барахъты Гинойы радзырд «Бæстырæсугъд»-мæ гæсгæ).
Урочы нысæнттæ:1.Уацмысæн анализ скæнын.
2.Адæймаджы хорз миниуджытæн аргъ кæныныл скъоладзауты ахуыр кæнын.
3.Бæстæзонæн æрмæгæй зонындзинæдтæ райсын.
Урочы эпиграф: Мæгуыры хъæздыг кæнынц æртæ миниуæджы: зæрдæйы хорзæх,æгъдау æмæ намыс.
Урочы цыд:
I.Мотиваци.Ирыстон цух никуы уыд рæсугъд адæймæгтæй, уæлдайдæр та сылгоймæгтæй. Уымæн æвдисæн дыууынæм æнусы 1910 азы Европæйы мисс кæй сси ирон сылгоймаг Æлдаттаты Лейлæ (Лейлæйы ныв равдисын). Лейлæ уыд уæды рæстæджы Францы призидент Пуанкаре Арманы ус.
Фæлæ адæймаг канд уындæй рæсугъд нæ вæййы,фæлæ ма удыхъæдæй дæр, зæрдæйæ дæр.Ахæм рæсугъд адæймæгты уынæм Барахъты Гинойы радзырд «Бæстырæсугъд»-ы дæр. Нæ урочы темæ дæр адæймаджы уды хъаруйæн аргъ кæнын у. Нæ урочы эпиграф та – «Мæгуыры хъæздыг кæнынц æртæ миниуæджы: зæрдæйы хорзæх, æгъдау æмæ намыс.»
II.Фарстатæ:
1.Куыд уæм кæсы,цæмæн схуыдта Барахъты Гино йæ радзырд «Бæстырæсугъд»?
Дзуапп: Ацы радзырды кой цæуы рæсугъд чызджы тыххæй.Уый у æппæты рæсугъддæр.Дыууæ барæджы дæр Салыгæрдæнæй Æрыдоны хсæн рацæйцæугæйæ уыцы чызджы кой кодтой.Усгур лæппутæй бирæтæ хъавыдысты Бæстырæсугъдæн йæ къухыл рахæцынмæ, фæлæ уый никæмæн лæвæрдта разыйы дзуапп.
2.Цавæр цардæмбал агуырдта уыцы чызг йæхицæн? Ссарут ма тексты уыцы бынат.
Дзуапп: -Æз нæ хъуыды кæнын,-загъта , дам, уыцы чызг,- уæздан , кæвдæсард, фæрссаг. Æз зонын адæймагæн йæ уды хъару, æмæ мæ фæнды цардæмбалæн æрмæст ахæм æххæст лæппу бацагурын.
3.Дзырдуатон куыст:
Уæздан-
Кæвдæсард-
Фæрссаг-
4.Чызджы бинонтæм та цавæр зонд уыди? Кæмæ ма æнхъæлмæ кастысты, кæмæн радтаиккой æнæ уæлдай сныхасæй сæ рæсугъды?
Дзуапп: Кæсгон кънязы фырт Исламаты Рашидæн.
5. Уæдæ фыццаг чи æрбахоста иу уалдзыгон бон Бæстырæсугъды дуар? Ссарут ма тексты уыцы бынат.
Дзуапп: Кæрты дуармæ æрхызтис йæ хъал бæхæй уæлладжырон уазæг, усгур уазæг, Канаты Афæхъо.
6. Цы цæстæй ракастысты фысымтæ сæ уазæгмæ?
Дзуапп: Тынг ыл нæ бацин кодтой. Рарвыстой йæм кæстæр кусæджы. Æрфистæг æй кодта кусæг æмæ йæ бакодта уазæгдонмæ. Æрбауадысты йæм фысымтæ «æгас цæуай» зæгъынмæ, зынæй хæс фидæгау.
7.Цæмæн фенкъард Канаты Афæхъо?
Дзуапп: Бамбæрста, йе рбацыд бинонтæн æхсызгон кæй нæ уыд.
8. Тексты кæцы бынаты рабæрæг Афæхъойæн йæ хорз миниуджытæй иу- æгъдау?
Дзуапп: Бады уаты æнкъардæй уæлладжырон усгур лæппу, фыдконд, фыдцъылыз Канаты Афæхъо…Даргъ, хи аирхæфсæн ныхасы цæмæй бацыдаид æнахъом лæппуимæ, ахæмæй йæм ницы уыдис.Бæстырæсугъдæй йæ истæмæйты бафарстаид,æмæ уанцон нæу – сывæллонимæ ахæм ныхас нæу аив.
9.Цæмæн байдыдта хонын йæ бынат Афæхъо ноджы зындæр?Цавæр уазæг æрбалæууыд йæ фысымтæм?
Дзуапп: Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, адæмæн æмбисонды бæллиццаг усгур Исламаты Рашид.
10.Ныр та куыд дарынц бинонтæ сæхи?
Дзуапп: Уазджытæн хъуыди стыр салам раттын. Кæрт иууылдæр æмызмæлд сси.
11.Цæмæй батыхстысты фысымтæ? Ссарут ма тексты уыцы бынат.
Дзуапп: Бахъыг кодтой фысымтæ, уазæгдоны кæй бадтис Канаты Афæхъо. Аккаг нæ уыдис æлдары фырты уый размæ бакæнын,уый раз æрбадын кæнын.Хъыг дæр ын уыдаид. Æмæ рафснайдтой уазæгдонæн æндæр уат æмæ йæ бакодтой уырдæм.
12.Ныффыссут ма фæйнæгыл «уæздан»-ы ракомкоммæ усгуртæй иуы, «фæрссаг»-ы ракомкоммæ -та иннæйы.
13.Цы уавæры уыд уыцы афон Афæхъо? Цæуыннæ ацыд, цæуын æй куы бафæндыд, уæд. Цавæр хорз миниуæг та рабæрæг ацы ран Афæхъомæ?
Дзуапп: Йæ сæрмæ не рхаста тæргай хуызы ацæуын. Нæй афтæ гæнæн. Ам Афæхъо равдыста йæ зæрдæйы хорз.
14.Цæмæн æрымысыд йæ фæндыр ахæм зын сахат Канаты Афæхъо? Ссарут ма тексты уыцы бынат.
Дзуапп: Æмæ æрымысыди Канаты Афæхъо йæ фæндыр. Ахæм æнцад, æнæхъыгдаргæ рæстæг фæндыр уымæн уыдаид уд фæлæууæн хос. Фæндырæй та афтæ арæхсгæ цагъта Афæхъо, æмæ-иу цæгъдгæ-цæгъдын фынæйау бацис…
III.Регианалон компонент.Барахъты Гино йæхæдæг дæр музыкæ бирæ уарзта, ныффыста аст романсы. Йæ уарзондзинад адæмон сфæлдыстадмæ, музыкæмæ зыны йæ уацмысты дæр. Йæ царды фæндаг Гинойæн нæ уыд æнцон . Йæ сабибонтæ арвыста мæгуыр æмæ сидзæрæй.
Ǽмдзæвгæ «Уый».
Нæ фыдæлтæ тынг дæсны уыдысты зарынмæ æмæ хъисфæндырыл цæгъдынмæ, уымæн æвдисæн сты нæ зындгонд кадæггæнджытæ.
IV.Презентаци.15.Цы фæци Исламаты Рашид?
Дзуапп: Афæхъо къулыл фæндыр ауыгъд куы федта,уæд æй райста, æмæ алы æвзагæй уасын райдыдта фæндыр. Зарынмæ дæр тынг дæсны уыд Афæхъо.Иууылдæр æм æрыхъуыстой. Æлдары фырт та иунæгæй баззад уаты, хъуыды дæр æй ничиуал æркодта, фæтæргай æмæ фæлыгъд хæдзармæ.
16.Цавæр хорз миниуæг та равдыста Афæхъо, Бæстырæсугъд йæ размæ æргом куы рацыд, уæд? Уæ дзуапп бафидар кæнут текстæй.
Дзуапп: Уый равдыста йæ намыс. Федта цæсты зулæй ракæсгæйæ рæсугъды Афæхъо ,Канаты Афæхъо. Æдде бакæсгæйæ нæ равдыста ницы уæлдай хуыз кæнæ уæлдай æгъдау. Фæлæ æнæр фæивта ныр фæндыры æвзаг.сындæгдæр, уынгæгдæр хъæлæстæ фæбæрæг сты æваст. Хъырнын фæлæмæгъдæр ис. Лыстæгдæрæй, зæрдиагдæрæй ныхъхъусын кодта фæндыр Бæстырæсугъды.
17.Куыд бамбарын кодта йæ зæрдæйы сусæг ныхæстæ лæппу чызгæн?
Дзуапп: Удæгас адæймагау дзурын райдыдта фæндыр Бæстырæсугъдмæ.
18. Цавæр дзуаппимæ раздæхт Канаты Афæхъо Бæстырæсугъды хæдзарæй?
Дзуапп: Басаста чызджы зæрдæ, фæндондзинады ныхас æм барвыста Бæстырæсугъд.
V.Хатдзæгтæ:
а)Куыд уæм фæкастысты дыууæ усгуры? Фæрсæй-фæрстæм сæ æрæвæрæн ис?
æ)Нæ урочы эпиграф кæцы усгуримæ æнгом баст у?б)Абоны рæстæг та чызджытæ усгуртæм цавæр цæстæй кæсынц? Стæй сæ бæстырæсугъдимæ исты иу кæны?
VI.Призентаци.VII.Абоны урочы мæн фæнды ног бæстырæсугъды уæ размæ рахонын.Беслæныхъæуккаг чызг Цæлойты Мæдинæ Финляндийы конкурсы бацахста 3-аг бынат йæ диссаджы фæндырдзагъдæй.
VIII. Видеоролик.
IX.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын æмæ хæдзармæ куыст раттын ( радзырды «Бæстырæсугъд»-ы мидисмæ гæсгæ нывтæ саразын).