Урок «Дамгъ? Гъ, мыр гъ».


Черчесова Виктория Касполатовна
учитель осетинского языка и литературы,
МБОУ СОШ №3
г. Владикавказ
РСО - Алания
Научно- методическая разработка урока
для 1 класса
Урочы темæ: «Дамгъӕ Гъ, мыр гъ».
Урочы нысантæ:
1.Сывæллæтты базонгæ кæнын дамгъӕ Гъ, мыр гъ.
2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
3.Сабитæм гуырын кæнын мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад .Урочы фæлгонц: «Абеты» нывтæ, дамгъӕ Гъ–имӕ предметон нывтæ, магнитафон.
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотивацион рӕстӕг.
ХЪУСЫНЦ ЗАРÆГМÆ ИРОН ÆВЗАГЫЛ.
Дӕ райсом хорз, Ирыстон!
Ахуыргӕнӕгимӕ иумӕ сывæллæттæ дзурынц цыппаррӕнхъон:
Нана хъуыллӕг цагъта.
Дада хуымзӕхх къахта.
Таму сугтӕ саста.
Фари гуымбыл ахста.
Хаби бӕлас сагъта.
Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ абон райсомӕй куыстмӕ цӕугӕйӕ федтон ахӕм ныв. Баба йӕ фырты фырт Ацӕйӕн цума кодта, уый та йӕм нӕ хъуыста. Уымӕн гӕнӕн ис? Ау, ӕмӕ кӕстӕр хъуамӕ хистӕрмӕ ма хъуса?
Сывӕллӕттӕ: Хъуса. Кад йын кӕна.
Ахуыргӕнӕг: Цымӕ цы бавӕййынц кӕрӕдзийӕ, уӕдӕ?
Сывӕллӕттӕ: Баба ӕмӕ лӕппу.
Ахуыргӕнӕг: Раст зӕгъут хиуӕттӕ сты. Æмӕ уӕм цӕй хуызӕн кӕсынц?
(Дзуӕппытӕ).
Уӕдӕ абон базонгӕ уыдзыстӕм дамгъӕ Гъ-имӕ.
******Бакӕсын Гъ-имӕ уӕнтгтыл :Гъа гъæ гъе гъи гъо гъу гъыАгъ æгъ егъ игъ огъ угъ ыгъАхуыргӕнӕг: Мыр Гъ ӕнцонтӕй раулӕфӕм, ӕви зынтӕй : Гъ Гъ ГъСывӕллӕттӕ: Зынтӕй.
Ахуыргӕнӕг: Уый у ӕмхъӕлӕсон ӕмӕ кавказаг дамгъӕ.
******Дзурӕм иумӕ:
Сæгъ æгъдау аргъауБирæгъ æгънæг æвгъау
********Чысыл аулӕфт.
Хӕццӕ- мӕццӕ.
Бӕласыл ӕрзад лӕппутӕ,
Найы кӕрдойы йӕ мад.
Не стъол байдыдта гӕппытӕ,
Сӕныкк та лӕууы ӕнцад.
Хӕс: Сывӕллӕттӕ раст кӕнынц лексикон ӕмӕ логикон рӕдыдтытӕ.
Агурынц дзы сӕйрат ӕмӕ зӕгъинаг.
Тагъдзуринаг.
Бирæгъ сæгъмæ дзуры:
- Бирæ уарзын дæу.
Рацу, ам мæ цурыИс уæрæх фæз, нæуу!
******Аулӕфт скӕнын:
Мах цæуæм,
Цæуæм,
Цæуæм.
Зокъотæ æмбырд кæнæм:
Иу зокъо,
Дыууæ зокъо…
Зокъотæ та хин сты,
Кæрдæджы нымбæхстысты.
2.Реуа.
Дзедз ӕмӕ дзедз.
Куыд цӕрут?
******Ахуыргӕнӕг сывæллæттæн кӕсы цыбыр текст:
АргъауБирӕгъ бӕхыл сӕмбӕлд.
Хӕрынмӕ йӕ рахъавыд.
Бӕх ма йын афтӕ:
- Ног цӕфхад мыл ис.
Æвгъау у. Уый уал ралас.
Зыд бирӕгъ цӕфхад ласынмӕ фӕци.
Бӕх ын цӕфхадӕй – хафт.
Бирӕгъы ных бахауд.
-Афтӕ мын хъуыд, - хъӕрзыд бирӕгъ.
- Цӕмӕн мӕ бахъуыд цӕфхад.
Хӕс:
Радгай кӕсынц сывӕллӕттӕ текст. Дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фарстатӕн.
1. Кӕй кой кодтой аргъауы?
2. Кӕм цӕры бирӕгъ, бӕх та?
3.Цавӕр вӕййы бирӕгъ?
4. Бӕх та?
5. Цы уарзы бирӕгъ?
6. Цы уарзы бӕх?
7. Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны аргъау?
8. Цал хъуыдыйады ис тексты?
Ныффыссын къухфыстыты.
Хатдзӕгтӕ
Хӕдзармӕ куыст.
Ахуыргӕнӕг: Хӕрзбон, мӕ зынаргъ сывӕллӕттӕ!