Статья Къоста ?м? сыв?лл?тт?.



Къоста æмæ сывæллæттæ.

Къоста æмæ сывæллæттæ.
Национ литературæ саразын æмæ уый ныббиноныг кæнын адæмы зонды дæр , стæй нацийы удварны, культурæйы дæр, - уымæн стыр зонд æмæ курдиат хъуыд, стыр ныфсхаст æмæ удуæлдайдзинад. Æмæ нæ адæмы историйы ахæм адæймаг разынд, ахæм сгуыхтдзинад бакодта иунæг - Хетæгкаты Къоста. Уый архайдта адæмы национ æмæ социалон хиæмбарынад бæрзонддæр сисыныл. Къоста уыдис генион поэт. Ирон адæмæн сарæзта дыууæ стыр хъуыддаджы - ныууагъта нын чиныг «Ирон фæндыр» æмæ нæ баиу кодта йæ фæндыры цагъдæй. Йе мдзæвгæты Къоста æвдисы мæгуыр хæххон адæмы царды æцæгдзинæдтæ, адæмы бæллицтæ æмæ хъуыдытæ, хæххон æвадат æрдзы тызмæг нывтæ, сарæзта диссаджы цардæгас обрæзтæ.
Уæлдай бынат йе сфæлдыстады ахсынц сабитæн фыст уацмыстæ.
Къоста тынг бирæ уарзта сабиты. Ныффыста сын ссæдз æмдзæвгæйы бæрц. Бацæттæ сæ кодта мыхуыры рауадзынмæ дæр. Йæ чиныг схуыдта «Зæрватыкк», йæ бынмæ та фыст уыдис: «Мæ лæвар ирон сывæллæттæн». Хъыгагæн, йæ рæстæджы къухфыст мыхуыры рауадзын нæ бафтыд. Фæлæ фæстæдæр бирæ хæттыты æрцыд мыхуыры уагъд. Æнæ дызæрдыгæй зæгъæн ис, Къоста ацы чиныгæй цæрæнбонтæм ирон сывæллæттæн цæстуарзон лæвар кæй ракодта, уый.
Æмдзæвгæтæ фыст сты аив, рæсугъд ирон æвзагыл. Сæ ритмикон арæзтмæ гæсгæ сты æнцон бахъуыды кæнæн. Уыдон адæймагмæ гуырын кæнынц рæсугъд хъуыдытæ, уарзондзинад адæммæ,æрдзмæ,цæрæгойтæм,фæллоймæ,ахуырмæ.
Ахæмтæ сты: «Гино», «Кæмæн цы?»,«Фыдуаг»,«Уасæг»,
«Лæгау»,«Дзывылдар»,«Уалдзæг»,«Сæрд»,«Фæззæг»,«Зымæг» æмæ æндæртæ.
Къостайы хъуыдымæ гæсгæ, фæллой кæныныл, куыстыл ахуыр кæнын хъæуы сабийы бонтæй фæстæмæ. Поэт сывæл-лæттæн сæрмагондæй цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны дæр ирдæй зыны, Къоста царды ацы ахсджиаг фарстмæ цы цæстæнгас дардта, уый. Фæндыд æй, цæмæй сабитæ рæзой куыстуарзонæй, тырной фæллой кæнынмæ, ахуырмæ.
Къоста сабиты афтæ бирæ уарзта æмæ - иу семæ хъулæй хъазыд. Рамбылдта-иу сæ кæддæриддæр, фæлæ уыдонмæ хъыг нæ каст. Хъазт – иу куы фæци, уæд – иу сын уайтагъд байуæрста, цы хъултæ – иу рамбылдта, уыдон иууылдæр. Саби-тимæ - иу ныхас кодта æмбаргæ лæгтау.
Къоста йе мбæлттимæ сарæзта сабитæн «Аивад уарзджыты къорд»æмæ уыди къорды зæрдæ, сарæзта ма «Хуыцаубоны скъола» æмæ дзы куыста ахуыргæнæгæй дæр. «Хуыцаубоны скъола» - йæ уымæн схуыдта, æмæ дзы къуыри иу хатт ахуыр кодтой – хуыцаубоны. Уæлдай хуыздæр та сабитæм касти, Къоста иу сын парчы цы «Хуыцаубоны театр» сарæзта, уый. Сывæллæттæ дзы сæхæдæг актёртæ уыдысты, сæйраг герой æмæ тексттæ кæсæг та – Къоста. Æвæрдтой – иу уырыссаг адæмон аргъæуттæ, «Слово о полку Игореве», Пушкины фыст аргъæуттæ, Крыловы баснятæ. Ахæм спектакльтæ Къоста йæхи зондæй арæзта æмæ – иу театры дæр æвæрд æрцыдысты.
Бирæ уарзта сабитимæ архайын, æнæкæрон сыгъдæг, уарзон-дзинадæй уарзтой сывæллæттæ дæр сæ зæрдæхæлар ахуыр- гæнæджы. «Сабиты зæрдæ», - афтæ йæ хуыдтой йе мгæрттæ дæр.
Къоста ма йе нæкæрон уарзт сабитæм равдыста суанг йæ нывты дæр. Ахæм ныв ын уыд «Дурсæттæг сывæллæттæ». Ацы ныв ныффыста Шанаты Ибрагимтæм фатеры куы цард, уæд. Ибрагимæн уыд дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Къоста сæ тынг бирæ уарзта æм- иу арæх басидт се ппæты кæстæр«Бибимæ».
Бибийы равдыста йæ ныв «Дурсæттæг сывæллæтты» гом-
гуыбынæй цы гыццыл лæппу лæууы æмæ Арвы комы фæн-дагыл цæуджытæм афтæ æдзынæг чи кæсы ,уый.Ноджы Бибимæ иу æгъдау уыди: райсомæй – иу йæ хуыссæн уатæй куы рагæпп кодта, уæд- иу Къостайы уаты смидæг, уый дæр-
-иу æй рацахста æмæ – иу ын алыхуызон адджинæгтæ радта,
йæ зæрдæ йын æлхæдта, цæмæй фылдæр рæстæг йæ цуры баззадаид, уый тыххæй. Фæлæ – иу чысыл Бибийæн йæхион йæхи куы фæци, уæд – иу архайдта Къостайы уатæй тагъддæр уынгмæ раирвæзын.
Къостайы сфæлдыстадыл адæймаг йæ цæст куы ахæсса, уæд дзы алы бынат дæр у цымыдисаг.
Къоста ирон фæсивæдæн æнустæм уыдзæн фæзминаг аивады дæр æмæ царды дæр, уымæн æмæ уыд стыр фыссæг æмæ стыр адæймаг.