Презентация на тему: Нигеры базырджын ныхаста, куырыхон хъуыдыта


НИГЕРЫ БАЗЫРДЖЫН НЫХÆСТÆ,КУЫРЫХОН ХЪУЫДЫТÆ. * Мæгуыр адæм – мæ мад, мæ фыд. * Нарт уыдысты цардуарзаг адæм. * Адæмæн сæ аргъæуттæ, сæ таурæгътæ ,сæ кадджытæ сты сæ хорз чиныг. * Цæрдуд йæ адæмимæ баст вæййы. * Хи æмбарындзинад цы адæммæ нæ уа, уыцы адæмæн сæ фидæн нывыл уыдзæн, зæгъгæ,уый зæгъæн нæй. * Ирон адæммæ Къостайы агъоммæ хи æмбарынад нæ уыд.«АДÆМ» * Мах – хæхты цот. * Мæ зонд – лæджы зонд. * Хæстонæн зарæг – уартæмдых. * Мæ ном – адæймаг. * Мæ зонд – мæ сафæг. * Адæймаг у адæймаг. * Адæймаг ныхас кæны хицæн мырты фæрцы. * Ирон адæм сылгоймагæн цы кад скæной, уый никæмæн скæндзысты.АДÆЙМАГ * Мæ хъарæг – мæ зарæг.* Мæ зарæг – мæ марæг.* Музыкæ цы у, уый чи ’мбары уымæн бирæ дзурын нæ хъæуы.* Аивад æвдисы цард, аивад æвдисы адæймагæн ахсджиагдæр цы ис, уый. * Цард аивадæй хистæр у.АИВАД * Æвзаг у хъуыды æвдисæн, зæрдæйы уаг æргом кæнæн фæрæз.* Мах хъæуы нывæвдисæг, эмоци сайæг цыргъ æвзаг, æмæ ахæм æвзагæй фыста Брытъиаты Елбыздыхъо: æхсæст мæнæуы хуызæн, æнцон дзурæн, æнцон æмбарæн. АХУЫРАД * … уалдзæг – мæгуыры рæвдауæг!.. * Рыст удæн нæм уалдзæг нæ кæны фæззæг. * Дидинæг – уалдзæг, фæззæг – алæмтæ.АФÆДЗЫ АФОНТÆ * Зæрватыкк – нæ буц уазæг. * Фæстауæрц чъындыйы нысан нæу. * Маст алчидæр æййафы, фæлæ адæм сеппæт æмхуызон нæ маст кæнынц. ÆГЪДАУ * Нæ хæхты суæрттæ – æвдадзы хостæ. *Цæрдуд хъазгæ , худгæ фæкæны.ÆНÆНИЗДЗИНАД * Мæ зæрдæ фæйнæрдæм тындзы. * Мæхицæй – мæхимæ. * Хур – фæдисон.ÆНКЪАРЫНАД * Хуры цæст – рухсхæссæг. * Мæй – æрхуы тас. * Зæй – мæлæты ’мбал. ÆРДЗ * Cæры зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр хъуамæ æххæст уа лæг. ЗОНАД * Дзырд у, кæимæ фæдзурæм, уымæн нæ зæрдæйы сагъæстæ, нæ хъуыдыты зæгъыны фæрæз.* Алы дзырдæн дæр ис йæхи сæрмагонд нысаниуæг.* Æвзагæн тыхмитæ кæнын нæ хъæуы.*Æвзаг, ирон æвзаг Елбыздыхъойæн уыдис хæцæнгарз…ИРОН НЫХАС