Урок по осетинскому языку на тему Ным?цон. Ным?цонты нысаниу?г, дих. Хуым?т?г ?м? вазыгджын ным?цонт?. Амад ным?цонт?(3-аг кълас).


Темæ: НЫМÆЦОНТЫ НЫСАНИУÆГ, ДИХ.
Нысан: Бацамонын цы у нымæцон, куыд дих кæнынц нымæцонтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ. Растфыссынадыл бакусын.
Урочы цыд. I. Орг. Хай. II. Рацыд æрмæгæй бафæрсын.
III. Дзырдуатон диктант.
Ирддæр, расугъддæр, цырддæр, мынæгдæр, цæрдæгдæр, тагъддæр, иттæг хорз, сæнт сырх, урс-урсид, уæлдай аив, тынг рог.
IV. Стъалыты дзыгуыртæ зымæгон даргъ æхсæв дзир-дзур кодтой.
Н.х. гæсгæ æвзæрст.
Равзарын антонимтæ:
Зымæгон – сæрдыгон
Даргъ – цыбыр Æхсæв - бон
3. Дз.х гæсгæ: стъалыты, дзыгуыртæ.
4. М.-д. æвзæрст: даргъ -4м., 5д.
НОГ ÆРМÆГ.
Дыууæ иуæн – æфсад. Цал? – дыууæ æвдисы предметы хыгъд
нымайгæйæ.
Æртын фыццæгæм октябры цаутæ фæриссын кодтой æппæт адæмты зæрдæтæ дæр. Цалæм?- 31-æм –æвдисы предметы
хыгъд, рæнхъæвæрд нымайгæйæ.
Нымæцон хуыйны, предметен нымайгæйæ сæ хыгъд цы ныхасы хай æвдисы, уый.
Домы фæрстытæ: цал? цалæм? цалгай? цалæм хай?
Фæлтæрæнтæ æххæст кæнын.
НЫМÆЦОНТЫ ДИХ.
Авд цуаноны бадынц айнæджы ныхыл. Цал? –авд- æвдисы
предметы бæрц. Бæрцон нымæцон.
Мах ахуыр кæнæм фыццаг курсы. Цалæм? Цалгай? Кæцы? –
æвдисынц предметы рæнхъæвæрд
нымайгæйæ. Рæнхъон нымæцон.
Иугай ныйистæм, ныууагътам нæ бæстæ… Цалгай? – æвдисынц, уыцы
иухуызон предмете къордтыл
куыд дихгонд сты, уый цы
дзырдтæ февдисынц, уыдон.
Дихон нымæцон.
Æз бакастæн чиныджы æртæ цыппæрæм
хайы. Цалæм хай? – февдисынц,
æмхуызон хæйттыл дихгонд
предметтæй цал хайы ист цæуы,
уый. Мурон нымæцон.
Фæлтæрæнтæ æххæст кæнын.