Конспект урока Ирыстонан кад


Гом урок.
Темӕ: Ирыстонӕн кад скодтой
Текст: « Хъазыбеджы Хох»
(Мивдисджыты ивынад цӕсгӕмттӕм гӕсгӕ)
Урочы нысантӕ:
Сывӕллӕтты базонгӕ кӕнын фыццаг зындгонд ирон богал Хъаныхъуаты Болайы царды хабӕрттимӕ
Раст, ӕмбаргӕ ӕмӕ аив кастыл бакусын; бакусын скъоладзауты дзургӕ ныхасы аивдзинадыл
Хъомыладон куыст бакӕнын.
Сывӕллӕттӕн раттын хуымӕтӕг зонындзинӕдтӕ мивдисӕгӕй.
Ахуыргӕнӕг Гуытиаты И.Д.


Урочы цыд:
Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
1.Урочы мотивации. Беседӕ:
- Цӕмӕн ахуыр кӕнын ирон ӕвзаг?
Сӕбиты дзуӕппытӕ.
2. Фонетикон зарядкӕ:
Дӕргъ ӕмӕ даргъ – высота и длина
Къӕртатӕ ӕмӕ къӕртт – ведра и кусок
Бӕласы дӕргъ уыд ӕртӕ метры (Высота дерева составляет три метра).
Уазджыты фӕндаг Хъобанмӕ уыд даргъ. (Дорога гостей в Кобань была длинной).
Дуры уӕззау къӕртт ӕрхаудта зӕхмӕ. (Тяжелый кусок камня упал на землю.)
Бола уӕззау къӕртатӕ бахаста хӕдзармӕ.(Бола тяжелые ведра занес в дом.)
Рацыды ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын
а) лексикон диктант:
Известный богатырь – зынгонд богал
Выносливый мальчик – фӕразон лӕппу
Высота дерева – бӕласы бӕрзӕнд
Ведра бабушки – нанайы къӕртатӕ
Сильно удивляться – тынг дис кӕнын
Устал от работы – бафӕллад куыстӕй
Бороться с товарищем – ӕмбалимӕ хъӕбысӕй хӕцын
Победил человека – амбылта адӕймаджы
Бесхитростный народ – ӕнӕхин адӕм
Добродушный ребенок – хӕларзӕрдӕ сывӕллон
б)аив кӕсын тӕлмадз кӕнын текст
Ног ӕрмӕгыл куыст.
Текстыл куыст:
Бакӕсын аив текст.
Къӕйттӕй куыст (кӕрӕдзимӕ фӕстытӕ дӕттын)
- Чи уыд Хъаныхъуаты Б.? (Хъ.Б. уыд зангонд ирон богал)
- Цавӕр адӕймаг уыд уый? (Уый уыд диссаджы тыхджын ӕмӕ фӕразон адӕймаг)
- Йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕз цас уыдысты? (Йӕ дӕргъ уыд 2 метры ӕмӕ 27 сантиметры, йӕ уӕз та 214 килӕйы)
- Кӕм райгуырд Хъ.Б. ? (Бола райгуырд Хъобаны Хъаныхъуаты Дударыхъойы хӕдзары)
- Куыд рӕзыд сывӕллон азы онг? (Азы онг сывӕллон уыд лӕмӕгь, фӕлӕ уый фӕстӕ райдыда тагъд рӕзын.)
- Лӕппуйыл цал азы цыд доны къӕртатӕ куы систа уӕд? (4 азы)
- Цӕуыл дис кодтой мад ӕмӕ сыхӕгтӕ? (Къӕртатӕ уыдысты уӕззау, мад сӕ уынджы фӕуагъта, йӕ хӕдӕг сыхӕгтӕм бацыд. Гыццыл Бола доны къӕртатӕ систа ӕмӕ сӕ хадзармӕ бахаста.)
- Цӕуыл ӕмӕ цы ластой Бола ӕмӕ йӕ фыд хъӕдӕй? (Йӕ фыдимӕ галтӕй суг ластой хъӕдӕй)
- Кӕцы азы Хъ.Б. райдыдта хъӕбысӕй хӕцын? (1904азы)
- Кӕм хӕцыд Бола? (Цирчы)
- Болайы искуы исчи амбылта? ( Йӕ рӕстӕджы Болайы никуы ничи амбылта.)
- Ирон адӕм Болайы цӕй тыххӕй бирӕ уарзтой? ( Уымӕн ӕмӕ Бола уыд диссаджы тыхджын нӕ фӕлӕ мА уыд ӕнӕхин ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг.)
3. Антонимтӕ ссарын тексты:
Тыхджын – лӕмӕгъ
Фӕразон – ӕнӕфӕразон
Уаззау – рог
Гыццыл – сытыр
Размӕ – фӕстӕмӕ
Ӕмбулын – хӕрд кӕнын
Фӕуӕлахиз – фӕхӕрд
Ӕнӕхин – хин
Хӕларзӕрдӕ – фыдзӕрдӕ
Граматикон хӕс:
Карточкатӕ. Бавӕрын мивдисджыты хъӕугӕ формӕты (у, сты, ис, уыд, уыдысты, дӕн, дӕ)
Болайы фыд ……мӕгуыр зӕхкусӕг.
Андиаты Сослан ……зыдгонд ирон богал.
Доны къӕртатӕ …….уӕззау, фӕлӕ сӕ лӕппу ахаста хӕдзармӕ.
Ирон адӕммӕ ……бирӕ тыхджын лӕгтӕ.
Бола ……фӕразон ӕмӕ хъӕддых адӕймаг.
Ацы лӕппутӕ …… Ирыстоны кад.
Болайы фыд ӕмӕ мад…..Хъобанӕй.
Мах …….хорз спортсментӕ.
Сымах …..хӕларзӕрдӕ адӕм.
Ӕз…..Хъаныхъуатӕй, ды та…… Дзаболатӕй.
Аудировани
Нарӕг фӕндагыл Хъабанмӕ файтоныл фӕцӕйцыдысты ӕнахуыр адӕм. Сӕ уӕлӕ зынаргъ дзаумӕттӕ, сылгоймӕгты сӕрыл пака худтӕ. Цымӕ чи сты ацы адӕм, кӕцӕй ссыдысты, кӕй агурынц? Хъӕумӕ хӕстӕг бӕхтӕрӕг ӕрлӕууыд ӕрыгон хохаг лӕппуйы раз. Лӕппу цыдӕртӕ куыста хӕрӕгуӕрдомимӕ. Уазджытӕй йӕм иу сдзырдта:
- Дӕ хорзӕхӕй, ам Хъаныхъуаты Бола кӕм цӕры?
Лӕппу сыстад, бахудт ӕмӕ иу къухы уӕрдоны уӕззау цалхыл хӕцгӕйӕ загъта:
-Уӕртӕ уым.
Уазджытӕ бамбӕрстой, сӕ разы кӕй лӕууы зынгонд ирон богал.
Дзырдуат.
Нарӕг-узкий
Файтоныл - на карете (фаэтоне)
Зынаргъ дарӕс – дорогая одежда
Пака худтӕ – шляпы
Бӕхтӕрӕг – извозчик
Хӕрӕгуӕрдон – арба
Цалх – колесо
Ӕнахуыр – необычный
Фӕрстытӕ
- Чи фӕцӕйцыд Хъобаны нарӕг фӕндӕгтыл?
- Кӕй агуырдтой уазджытӕ?
- Кӕй федтой?
- Цы систа йӕ къухы лӕппу?
- Цы бамбӕрстой уазджытӕ?
- Кӕй цардӕй ӕрхастам ацы цау?
Фотоальбомыл ӕркуыст
Диалогы репликӕтӕ баххӕст кӕнын, бакусын раст интонацийыл.
- …………….?(Кӕм райгуырд Бола)
Хъаныхъуаты Дударыхъойы хӕдзары.
-………………?(Уый тыджын сывӕллон уыд?)
Нӕ, лӕмӕгъ.
-……………..? (Кӕимӕ хаста дон?)
Йӕ мадимӕ.
-……………..?(Сугтӕ йӕ фыдимӕ ластӕ?)
О, йӕ фыдимӕ
-……………...? (Хъӕбысӕй та кӕм хӕцыд?)
Цирчы
-………………? (Искуы йӕ исчи амбылта?)
Никуы ӕмӕ ничи
- ………………….? (Бола тыхджын уыд?)
О, тыхджын.
-…………………? (Болайы ирон адӕм уарзтой?)
О, тынг бирӕ.
Раст у ӕви раст нӕу?
- Хъаныхъуаты Бола у зынгонд ирон фыссӕг? (Хъ.Б. у зынгонд ирон богал)
- Хъ.Б. райгуырд Нары хъауы? (Хъобаны хъӕуы.)
- Гыццыл Бола доны къӕртатӕ систа ӕмӕ сӕ сыхӕгтӕм бахаста? (Нӕ, хӕдзармӕ)
- Абайты Васойӕн лӕвӕрттой алыхуызон нӕмттӕ: «Ирон уӕйыг», «Хъазыбеджы Хох», «адӕймаг-хох» ? (Нӕ ахӕм нӕмттӕ лӕвӕртой Болайӕн)
- Хъ.Б. йӕ адӕмӕн скодта кад ӕмӕ намыс? (О, йе ӕнтыстдзинадтӕй.)
Ирон ӕмбисӕндтӕ
Лӕджы кад худӕй нӕу. (Слава мужчины не от шапки)
Фӕлмӕн ныхасӕй дурр дӕр сӕтты. (Мягкое слово и камень расколет.)
Лӕкад уӕлӕуыл базайы. (Слава человека остается на земле)
Зӕрӕг Хъаныхъуаты Болайыл.
Рахизын ирон нырыккон зынгонд богӕттӕм.
Хӕдзармӕ куыст. Текст аив кӕсын ӕмӕ хи ныхӕстӕй дзурын.