Ирон зар?джы сценикон равдыст Фыдыб?ст?йы Стырт х?сты тем?йыл.


Ирон зарæджы сценикон равдыст Фыдыбæстæйы Стырт хæсты темæйыл.
Кочысаты Мухарбег . Æмдзæвгæ «Фыстæг мæ мадмæ»- йыл зарæг, æмдзæвгæ «Адæмы маст».
Ахуыргæнæг Гуытьиаты ИндирæСценæ :Ирон хæдзар. Кæрты гыццыл тымбыл стъол,йæ цуры бандон. Стъолыл фыстæджытæ,къамтæ. Мад æнкъардæй кæсы къаммæ.
Сценæйы иннæ фарс :Акъоппы бадынц хæстонтæ. Чи йæ хæцæнгарз сыгъдæг кæны, чи йæ дзаумамæ зилы.
Салдæттæ иугай дзурынц æмдзæвгæ.
1-аг салдат Мæ мастæн æрæнцайæн нæй Мæ фæндтæн тызмæг у сæ ахаст Зæгъут-ма, æмбæлттæ,цæмæй Цы карздæр,цы фыддæр дзырдтæй Зæгъон æз мæ зæрдæйы сау маст.
2-аг салдат Мæстæлгъæд фыдхорты æрдонг Æрбабырста абон нæ бæстæм Æгъгъæд сын нæ уыди ныронг ÆмÆ та сæ бафæндыд ног
Æсфæлварын тохы нæ гæрзтæ.
3-аг салдат Знаг йе сæфт æдзухдæр уыдта Нæ сæрибар адæмты цардæй Æмæ нæм кæд худгæ дзырдта Уæддæр æй мах тынг хорз зыдтам Кæй ныл цæудзæн иу бон мæнгардæй4-æм салдат Нæ фыдæлтæм иу ныхас уыд
Цæргæйæ сæдæ азы баззад
Æстыр раст ныхас у бæлвырд Мæлдзыгæн,дам, йе сæфт æрцыд Æмæ, дам, ыл базыртæ баззад.
5-æм салдат Цы кæны, кæд афтæ у- хорз Кæд сæрра сты абон лæгмартæ Уæд сын мах æссардзыстæм хос Æзды æмæ сау топпыхос Куыд никуал æсдзæбæх уой,афтæ6-æм салдат Æмбæлттæ,æрцыди рæстæг!
Йæ фæстаг бон тугдзых лæгмарæн Нæ къухмæ,цæй,райсæм гæрзтæ Куыд уарзæм нæ Фыдыбæстæ Уый равдисæм абон æзнагæн!
7-æм салдат Æмбæлттæ,мæ дзырд у рæстмæ Фыдгулæн йæ бæрзæй сæтдзæни Йæ сау рыг ыскалдзæн хæрдмæ Рæстдзинад у мах фарс,æмæ Уæлахиз дæр мах фарс уыдзæни!
Хъуысы мелоди (зарæг: фыстæг мæ мадмæ) Лæппу сыстад æмæ кæсы дардмæ (сценæйы иннæ фарсмæ),йæ цæстытыл уайы йæ мад. Дзуры:
Мæ фын фæлыгъди,хуыссæг та мæ н ахсыХæстæг у бон ,æвæццæгæн ,хæстæг…
Уæдæмæ ,цæй,мæ райгуырæн Кавказмæ
Ныффыссон æз гъе ацы хсæв фыстæг.
Ыссыгътон цырагъ ныккæнды æдæрсгæМæ чысыл пецы бафу кодтон арт.
Зары. Салам дæуæн мæ райгуырæн хæхбæстæ,гъей
Æнæниз у, мæ ныййарæг,мæ мад!
Æрвитын дын хæсты быдырæй абон Æрвитын дард Украинæй салам.! Дæ буц хъæбул дæ иунæг фырт,дæ уарзон Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.
Мæ цæстыл уайы райгуырæн хъæубæстæ Нæ хъæдынкъул,нæ æлыгбон хæдзар Дæ дæлбазыр кæм рæзыдтæн æдæрсгæ Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.
(Ныййарæг мад зарæджы ныхæстæм гæсгæ æвдисы,куыд æнхъæлмæ кæсы,уый. Фыстæг райста йæ къухмæ æмæ йæ кæсы)Салдæттæ иумæ дарддæр зарынц. Мæ цæстыл уайыс алы бон ныййарæг Цыма та бадыс рудзынджы раз ныр Æз зонын хорз,дæ хъуыдытæ,дæ фæндтæ Кæй у дæуæн æнæ мæн,нана,зын Æмбарын æз,кæй мыл риссы дæ зæрдæ Кæй дæм фæзыны хаттæй хатт цæссыг.
Еана,дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ Дзæгъæлы ма кæ,ма,нана, æнкъард,
Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг
Нæ дæ ды дæр, гъе афтæ иу,мæ мад.
ДЗуры. Фæуыдзæн хæст,нæ рæстдзинады кардæй Æзнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст ÆмÆ дæм уæд,ныййарæг мад,æз дардæй Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.