Урок по осетинскому языку на тему: Ф?рсдзырд. (4-аг кълас).


Темæ: Фæрсдзырдты нысаниуæг, дих.
Нысан: Бацамонын фæрсдзырдты нысаниуæг, дих.
Урочы цыд: 1. Рацыд æрмæг бафæрсын. Нæ сæрмæ нывæнды йæ сыгъзæрин цыллæ æндæхтæ сæрибары хур.
Ссарын бирæнысанон дзырдтæ: (сæрмæ, хур, сыгъзæрин, æндæхтæ).
Ног æрмæг.
Комы сæрмæ сæхи дæлиау æруагътой здыхуыз мигътæ.
Куыд? Æвдисы архайды миниуæг. Баст у мивдисæгимæ.
Фæрсдзырд у, архайды æууæл, архайды миниуæг чи æвдисы, ахæм ныхасы хай. Домы фæрстытæ: куыд? кæд? кæдæм? цæмæн?
Хъуыдыйады мидæг фæрсдзырдтæ вæййынц фадатон дзырдтæ.
Фæрсдзырдты дих.
Æрдз йæ цъæх-цъæхид пæлæзæй зæххы бамбæрзта бынтон.
Куыд? Куыдæй? Архайды хуызы фæрсдзырд.
Бирæ – иу ахаста кæддæриддæр Аксо æмæ Цолайы ныхас (М.Д.)
Цас? Цæй бæрц? Куыд? Бæрцон фæрсдзырдтæ.
Абон дунемæ бæрзондæй цъити ирд цæстæй кæсы… (Цомахъ).
Кæд? Кæдмæ? Кæдæй? Афоны фæрсдзырдтæ.
Дардæй цыкурайы фæрдгуытау зындис дыууæ сатæгсау хъæлæрдзыйы.
Кæцæй? Кæм? Кæдæм? Бынаты фæрсдзырдтæ.
Барæй дæм лæмæгъ лæууыдтæн.
Цæмæн? Цæй тыххæй?