Презентация на тему: Куадзан


КУАДЗÆН 5 «Б» КЪЛАСЫ АХУЫРДЗАУ ХУЫРЫМТЫ ИНДИРÆЙЫ КУЫСТ. КУАДЗÆН у уалдзыгон,æхсызгондзинады бæрæгбон.325 азæй фæстæмæ Куадзæн æрцæуы, мæй йæ цалхыдзаг куы свæййы, уый хуыцаубонмæ, апрелы дыккаг–æртыккаг къуырийы хуыцаубонмæ. Куадзæн куыд равзæрд, уый бæрæг у дзырд комуадзæнæй, ома адæм сæ ком суадзынц, мархо нал фæдарынц. Адæм сæхи куадзæнмæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсин кæнæ æфсинтæ сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, нозт, хæрд, бæгæны.Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ. Цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ,хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц,Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзаг кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суагъта. Арфæтæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой – иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ. Бинонтæ – иу фынджы уæлхъус куы ’рбадтысты, уæд – иу хæдзары хистæр скуывта: « Чырысти, кæм дæ, уыцы дзæнæты бæстæй ахъаз бакæн, дæ номыл ком чи бадардта, уыдонæн æцæг дунейы бынæттæ дæттыс, æмæ мæ мæгуыр бинонтæ дæуæн кад кæнгæйæ суанг сабийы онг иууылдæр ком фæдардтой. Барст дын уæд нæ комдард æмæ дзæнæты бынæттæ скæн махæн дæр æмæ нæ байзæддæгтæн дæр». Ссардта – иу Барастыры ном. Уый у Мæрдты бæстæйы хицау,æмæ йын цы нывонд скодтой, уый йын барст уæд, батабу кæнæд Чырыстийæн, цæмæй хорз бынæттæ саккаг кæна зæронд мæрдтæн, стæй рæхджы æцæг дунемæ чи ацæуа, уыдонæн дæр. Куадзæны бон –иу хъæубæстæн уыд стыр бæрæгбон, сарæзтой – иу иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндырдзагъд. Уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты сывæллæттæ. Куадзæнмæ – иу сын бахуыдтой ног дзаумæттæ. Сывæллæттæ хæдзæрттыл зылдысты æмæ сын алкæмдæр лæвæрдтой æйчытæ.