КОНСПЕКТ УРОКА ТКО. ИРОН АГЪДАУТТА


Методическая разработка урока по ТКО
на тему:
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ БÆЛАС.
Разработала: Преподаватель осетинского языка и литературы
МАРГИЕВА ЗИТА ВАСИЛЬЕВНА.

Владикавказ 2014г.
Урочы темæ: Нарты фæткъуы бæлас.
Урочы нысан: 1. Æрдзурын Нарты кадджытыл, сæ диссаджы фæткъуы бæласы миниуджытыл.
2.Фенын сын кæнын презентацийы руаджы фæткъуыйы нывты алыхуызон верситæ.
3. Нарт сæ фæткъуыйы хъахъхъæнгæйæ, цавæр тæрхон рахастой, ууыл æрдзурын..

Хъомыладон куыст: Æрдзурын Æхсар æмæ Æхсæртæджы хорз æмæ фæзминаг миниуджытыл.
Æрмæг: компьютер, презентации, фæткъуый панно, рефераттæ, иллюстрацитæ æмæ чингуытæ.

Урочы цыд:

1. Бацæттæгæнæн рæстæг: Мотиваци.

Ахуыргæнæг: Алчидæр бæстон бакæсæд ацы диссаджы рæсугъд фæткъуымæ æмæ зæгъут, ницы уын æрхъуыды кæнын кодта? Цымæ ахæм диссаджы бæлас кæмæ задис?
Дзуапп: Ацы фæткъуы бæлас у мæнмæ гæсгæ Нарты фæткъуы бæлас.
Ахуыргæнæг: Раст зæгъут, ацы фæткъуы у нарты диссаджы фæткъуы, нæ урочы кæуыл дзурдзыстæм, уыцы темæ.
Фæлæ уал, фыццаг мах хъуамæ нæ хæдзармæ хæслæвæрдтытимæ базонгæ уæм.
2.Хæдзармæ хæслæвæрд: Сырдон куыд скодта фæндыр æмæ цæмæй? Фæндыр куыд балæвар кодта Нартæн æмæ цы хуызы ?1 –аг ахуырдзау:
«Дыууадæстæнон фæндыр»
Нарты Хæмыцæн фесæфт иу бон авд азы хуыскъ чи уыд, ахæм хъуг. Бирæ йæ фæагуырдта , фæлæ зæххы скъуыды ныххаудт. Изææрæй Нарт бадынц Ныхасы Хæмыц уырдæм бацыд æмæ æрбадт. Хъахъхъæны сæхи куыд дарынц Нарт, чи йын адавдтаид йæ хъуг. Хæмыцæн йæ зæрдæ Сырдонмæ æхсайы , уымæн æмæ йæм мæсты уыд, рацæфтæ йæ кодта, куынæ йæм хъуыста, уæд. Сырдон, уыцы рæстæг æцæгæйдæр тынг мæсты кæй уыд, уымæ гæсгæ йын йæ хъуг давыныл ныллæуыд. Æхсæвыгон ын йæ дуар бакæнын нæ бакуымдта, дыккаг изæр скъæты бамбæхст æмæ йæ æхсæвы раскъæрдта. Бирæ йæ фæагуырдта хæдзари-хæдзар, фæлæ никуы æмæ ницы. Иу дæсны йын бацамыдта Сырдонæн дам ноджы зæххы бын, хиды рæбын, ис хæдзар, æмæ йæ уым агур дæ хъуыджы, уым сты йæ цот дæр. Хæмыц йæ куыдзы æххуысæй æрцагуырдта хæдзар, цуайнаджы фыцынц хъуджы дзидзатæ, йæ фырттæ та зæххыл хъазынц. Дзидзатæ систа, йæ цоты йын сыргæвста æмæ сæ цуайнаджы ныккалдта. Йæхæдæг дзидзатæ сыккой кодта æмæ сæ хæдзармæ æрхаста. Сырдон та, уыцы рæстæг фæдсафынæн Ныхасы астæу бады, цæмæй йæ мачи фæхата.
2 –аг ахуырдзау:
Хæмыц дзидзатæ хæдзармæ бахаста æмæ атындзыдта Ныхасмæ. Куы бацыд, уæд Сырдон хины худт бакодта æмæ афтæ зæгъ: Тæригъæд нæу Хæмыц, чидæр ын йæ хъуджы фыд хæрдзæн, йæхæдæг та сыдæй мæлы. Уæд Хæмыц фæцæттæ: _Чи зоны мæ хъуджы бæсты йæ сывæллæтты фыдтæ бахæра. Сырдонæн йæ зæрдæ фехсайдта, æнæдзургæйæ фестад æмæ хæдзары смидæг. Хæдзар афтид, аг сыстыдта æмæ мæнæ йч хъæбулты фыдтæ фыцынц, кæм дзы къах, кæм къух, кæм та сæр.
Нырдиаг ма кодта, фæлæ ма цы. Систа йæ бинонты стæгдартæ æмæ сын се стджытæй скодта фæндыр, сæ зæрдæйы уидæгтæй та тæнтæ, дыууадæс тæны.

3–аг ахуырдзау:

Йæ фæндырæй ныццæгъды æмæ та ныккæуы Сырдон:
« Мæ лæппутæ, мæнæн мæ бон хæрнæг кæнын (Хист) нæ бауыдзæн, фæлæ мын уæ иу хуынди Къонагæ марды фæлдисынæн къонайыл цы бавæрой, уымæй ды рухcы бад!»

Стæй та ныццæгъды æмæ та зæгъы:
«Ме ннæ лæппу - Уæрагæ, мардæн фæлдисынæн цыдæриддæр уæрагыл æрывæрой, уымæй ды рухсы бад!»
Стæй та ныццæгъды:
«Ме ‘ ртыккаг лæппу – Фуагæ, марды фæлдисынæн фу цæуыл бакæной, уымæй ды рухсы бад!»
Нарт тынг дис кодтой, цæмæй цæгъддзæн афтæ рæсугъд. Иу бон æй Ныхасмæ æрхаста, Нарты раз дзы æрцагъта, æмæ сæм дзуры: Мæнæ уын фæндыр æмæ мæ Нартыл банымайут. Нарт ныццин кодтой, райстой лæвар. Афтæ фæзынд Нартмæ фæндыр.
Хатдзæгтæ:
Ног æрмæг: Нарты фæткъуы. æвдисæм презентаци.
Ахуыргæнæг: Нæ ног æрмæджы дзурыны размæ нæ разы цы хæс æмæ нысан ис, уый бамбарæм:
1. Æрдзурын Нарты кадджытыл, сæ диссаджы фæткъуы бæласы миниуджытыл.
2.Фенын сын кæнын презентацийы руаджы фæткъуыйы нывты алыхуызон верситæ.
3. Нарт сæ фæткъуыйы хъахъхъæнгæйæ, цахæм тæрхон рахастой.
Ахуыргæнæг: Раныхас нарты фæткъуыйы тыххæй. Дарддæр мæн фæнды, цæмæй йæ уæхæдæг бакæсат. Дæттæм ын анализ .фæзминаг фæлгонцтæ дзы чи сты уыцы кадæджы, уымæй бафæрсдзынæн. (æвдисын нарты фæткъуы æхсинæг куыд давы, уыцы къам.)
Хатдзæгтæ:

Бæрæггæнæнтæ æвæрын:
Хæдзармæ куыст: Бакæсын Донбеттырты чызг «Дзерассæ – рæсугъд».