Общешкольное мероприятие Къостайы барагбонма


Нж цжугж хох, нж лжугж мжсыг
СЦЕНАРИ ХЕТЖГКАТЫ КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРДЫ
154 АЗЫ БОНМЖ

Хъуысы Къостайы уацмысмж гжсгж фыст мелоди.
Амонжг: Къоста Жрмжстджр номжй хонынц ирон аджм Хетжгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лжгжн уыцы ном йж чысылжй йж амжлжты бонмж вжййы тырысайау. Жрмжстджр иунжг ном, жмж цжстыты раз сысты аджмты сжрхъуызой, йж цард жгасжй джр йж дзыллжйжн чи радта, уыцы арфжйаг Къостайы царджгас суржт.
1-аг архайжг:
Жз дзыллжйж
къадджр куы дарин,
Куы бафидин искуы мж хжс,
Ужд афтж жнкъарджй
нж зарин,
Нж хъуысид
мж кжуын хъжлжс
(«Ныстуан»)
Амонжг: Дзыллжтж, хурыскастау, йж фенынмж кжмжн бжллыдысты, цардыл, фиджныл сж чи жуужндын кодта, тыхст сахат йж аджмжн ныфс жмж хъаруйы мжсыг чи уыди, уыцы Къостайы райгуырдыл жххжст кжны 150 азы.
Кафджыты къорд кафынц къахфындзтыл.
Амонжг: Ирон аджмы ахсджиаг хъжбул Къостайжн йж диссаджы зарджытж, йж зжрджбын сагъжстж айзжлынц зжххы къорийыл.
Заржггжнджыты къорд зары «Хъуыбады».
Амонжг: Къостамж уарзондзинаджй райгуырд ржсугъд жгъдау: жппжтаджмон бжржгбон поэты каджн. Ахжм стыр амонд жрмжстджр уымж кжсы, йж аджмы хуызджр миниуджытжй хайджын чи вжййы, жрдзжй ахжм стыр курдиат чи рахжссы, йж цард жппжтжй джр аджмы хъысмжтыл фидар чи бабжтты, уымж. Къостайы рухс номимж баст бынжттж ирон аджмжн сты кувжндонау, биржтж дзы фжстжмж ногжй аржзт жрцыдысты.
Бжржгбоны аджм агуылф кжндзысты Ужлладжыры коммж, зжронд Нарыхъжужй райхъуысдзысты поэты диссаджы зарджытж. Бжржгбон, фурды донау, анхъжвздзжн суанг Пятигорскмж, Стъараполмж, Украинжмж, Мжскуымж, Петербургмж. Йж райдайжн та – нжхи горжты.
Музыкж:
2-аг амонжг: Аджм зжронджй-ногжй, стыржй-чысылжй жмбырд кжндзысты Къостайы номимж баст бынжтты: Нары, Дзжуджыхъжуы, Лабжйы, цжудзысты йж музейтжм, хжсдзысты ржсугъд дидинджытж йж цыртдзжвжнтжм.
Музыкж:
Амонжг: Абон та скъоладзаутж жрбацыдысты Мамсыраты Джбейы номыл сывжллжтты республикон библиотекжмж. Семж жрбахастой сжхи конд нывтж, уацмыстж. Зжгъжн ис, сабитжй алкжмжн джр ис йжхи Къоста. Зжгъут-ма (дзуры сабитжм), кжд базонгж стут Къостайы цард жмж сфжлдыстадимж? Цавжр жнкъаржнтж ужм равзжрын кжнынц йж уацмыстж?
1-аг архайжг: Жз райсын ахоржнтж жмж фжныв кжнын хжхтж, айнжджытж, урс цагъд къуымбилау мигътж
2-аг архайжг: Жз та аныгъуылын хъуыдыты, куыд мжгуыр цард кодтой нж фыджлтж Куыд бауужндын кодта Къоста мжгуыр ирон аджмы фиджны рухс цардыл.
3-аг архайжг: Мжнжн Къоста мж царды ныфс у.
4-жм архайжг: (Кжсы йж сочинении «Нжхи Къоста»-йж скъуыддзаг).
5-жм архайжг: (Кжсы скъуыддзаг поэмж «Фатимж»-йж иронау.) Цы у ай, музыкж, ныв, жмдзжвгж – фжфжрсын мжхи.
6-жм архайжг: Мжн фжфжнды хъжржй кжсын «Скъолайы лжппу» (кжсы жмдзжвгж).
7-жм архайжг: Къостайы размж ирон дзырд, жнжрцжф жфсургъау, уыдис. Къоста уыцы жфсургъжн разынд жппжты аккагджр баржг жмж йыл стахти дзырдаивады тжккж бжрзондджр цъупмж.
8-жм архайжг: «Ирон фжндыр»-ы зжлтж мын мж удыхъжд, мж хъуыдытж кжнынц хъжздыгджр, ржсугъдджр, базырджынджр, жрфжнды мж аджмы фарнжн цжрын.
9-жм архайжг: Къостайы цард жмж поэзийыл хъуыды кжнгжйж, цжмжджр зжрдыл жрлжууынц нжртон гуыппырсартж.
10-жм архайжг: Цалджр фондзыссждз азы джргъы жхсжн къжйты астжу цжрдуджй ныгжды хуызжн чи уыд, уыцы жнамонд аджмы зжрджхалжн фждис-хъжр Къоста скодта йж заржджы сжр, жмж уымжн у мжнжн Къоста зынаргъ.
11-жм архайжг: Къоста жмтъерыйы дзжмбытжй ратыдта «арфжйы дзырд», ирон ныхасжн скодта уаг жмж фжтк. Уый у йе сгуыхт.
Амонжг: Цавжр цаутж радзурын у уж бон Къостайы царджй?
1-аг архайжг: 1859 азы 15 октябры йж райгуыржн Ирыстоны хжхбжсты астжу зжронд Нары хъжуы Хетжгкаты Леуанжн райгуырди лжппу.
2-аг архайжг: Нары хистжртж йыл сжвжрдтой ном Къоста.
3-аг архайжг: Йж мад уыди Гуыбатжй – амарди. Сж хжстжг ус Чендзе райста сидзжры хжссынмж. Сыгъзжрин зжрдж уыди уыцы сылгоймагжн. Мады ад уымжй базыдта Къоста.
4-жм архайжг: Кжсы Фжрниаты Дзибусы «Къоста».
5-жм архайжг: Кжсы ржнхъытж «Чи дж?»-йж скъуыддзаг.
(Райдиан)
Жз райгуырдтжн хохы
Нж хъжд къул жскъжт, -
Ныр джр мж нжу рохы, -
Жвгъжддон уыд ужд.
(Уый онг)
Мжн иу ус фжхаста
Сывжллон ахуыр,
Йж дзидзи нж ласта
Мж дзыхжй, мжгуыр

Кафджыты къорд: Кафынц «Симд».

1-аг архайжг: Къоста дамгъжтж базыдта йж райгуыржн Нары.
2-аг архайжг: 1868 азы Леуаны бинонтж Дзжуджыхъжумж куы ралыгъдысты, ужд уым бацыд ахуыр кжнынмж прогимназмж.
3-аг архайжг: 1870 азы Иржй 170 хждзары ралыгъдысты Кубаны былмж жмж саржзтой Лабжйы хъжу. Къоста Лабжмж хжстжг станицжтжй иуы ахуыр кодта райдиан скъолайы, 1871 азы та бацыди Стъараполы гимназмж.
Амонжг: «Нарон ужлыгжсжн» йж зжрдж ссыгъди ног царды зынгжй. Уарзжгой, ржузжрджйжн бирж жнтысы, - зыдты тигъмитж, фыдуаг ныхас, уайтагъд чысыл жмбжлттжн сси балхон алы хорз хъуыдджгтжм: ржвдз ныхасжй тауржгътж, жмдзжвгжтж жмж зарджытж фыссын хорз райдыдта уырыссагау. 1880-1881 азты скъоладзауты уацмысты жмбырдгонды мыхуыргонд жрцыдысты Къостайы дыууж жмдзжвгжйы: «Новый год», «Муж и жена» жмж радзырд «Зима» уырыссаг жвзагыл. Къоста жвдисы диссаджы курдиат ныв кжнынмж. Бжллиццаг уыдысты йж цжргжбонты уыцы азтж»

Заржггжнджыты къорд зарынц

1-аг архайжг: 1881 азы Къоста араст Бетъырбухмж Нывкжнынады академимж, жнтыстджынжй радта фжлваржнтж жмж ахуыр кжнын райдыдта. Фжлж академии кжронмж каст нж фжци, йж стипендии йын кжй баурждтой, уый тыххжй. «Жртж азы уым фжтухитж кодта. Жцжг федта стыр тохы цард. Джрдтыл афжлгжсыд йж зонджй. 1883 азы рацыди академийж. Йе фсжн риуы йж ирон зжрдж агурын райдыдта йж ныййаржджы зжронд Ирыстон» (Гаппо).
2-аг архайжг:
Фжхжссон ма, -
загътон уждджр, -
Фжстжмж мж иунжджы сжр
Нж Ирмж, нж райгуыржн
бжстжм!
3-аг архайжг: Бетъырбухы Къоста базонгж Репин, Маковский, Суриков жмж жнджр стыр уырыссаг нывгжнджыты сфжлдыстадимж. Ахуыр та кодта Врубель, Серов, Самохинимж иу ржстжджы.
4-жм архайжг: Бетъырбухы Къоста лжмбынжг сахуыр кодта уырыссаг литературжйы классиктж Грибоедов, Лермонтов, Некрасов, Пушкин, Кольцов, Крылов, Островский, Гоголь жмж Гончаровы сфжлдыстад. Зыдта Шекспиры, Шиллеры, Гетейы уацмыстж.
Амонжг: 1885 азы Къоста Бетъырбухжй жрызджхт Лабжмж, ссыди Дзжуджыхъжумж жмж дзы фжцард суанг 1891 азмж.
1-аг архайжг:
Жрцыдтжн мжхицжй
фыдджр
Мжгуыржй куы ссардтон джу
джр,
Мж уарзон, мж иубжстон
аджм
Нж хжхтжй, нж тыгъд
быдыртжй
Жмхуызон нж иужн джр нжй, -
Кжм кусжм, кжм цжржм,
Кжм баджм!
Амонжг: Къостайы тынг бирж бауарзтой аджм. Алкжй хждзар джр уыди йж хждзар. Зынгзжрдж поэт йе ппжт хъарутж жмж зонд джр радта жхсжнадон жмж литературон куыстжн. Ам, Ирыстоны, парахатжй райхжлди йж жрдзон стыр курдиат. Арвы нжрынау айхъуыст жгас Ирыл – Мжзджгжй Гудзаретмж уыцы ржстжджы йж тохы заржг «Додой!».

Заржггжнджыты къорд зарынц «Додой!» (2 строфайы).

Амонжг: 1889 азы Пятигорскы М.Ю. Лермонтовы цырт гом кжнгжйж ирон интеллигенцийы номжй Къоста бакаст жмдзжвгж «Перед памятником». «Ирон цъжх цухъхъа нж амбылдта!» - дзырдтой уырыссжгтж.
Жмдзжвгж «Перед памятником» радыгай кжсынц 5 архайжджы.
Амонжг: 1890 азы инжлар Кахановы фжндонжй хъуамж жхгжд жрцыдаид Дзжуджыхъжуы ирон чызджыты скъола. Къоста уый фждыл стыр тохы бацыд хицауадимж жмж скъола йж бынаты баззад. Инжлар Каханов уыцы ныхкъуырд йж сжрмж не рхаста, «змжнтжджы» бафхжрдта – Къоста жрвыст жрцыд Ирыстонжй. Жрмжст 1895 азы байгом йж фжндаг Ирыстонмж. Каханов та ногжй жфсон агурын райдыдта жмж Къоста дыккаг хатт жрвыст жрцыд Херсонмж.
Заржггжнджыты къорд зарынц «Жнж хай».
Амонжг: Къоста жнхъжл нж уыди, искуы йж уацмыстж чиныгжй фендзжни, уый. Уымжн жмж йын Пушкинау уыдис йжхи Бенкендорф – инжлар С.Каханов. Уый фжндиагжй Къоста ахжстонжй ждджмж нж рацыдаид. «Ирон фжндыр»-ы ныхмж Каханов фыста ужлджр хицауадмж: «Тифлисы цензурж бар радта, Кавказжй хъуамж жрвыст чи жрцжуа, уыцы Хетжгкаты Къостайы жмдзжвгжтж ирон жвзагыл ныммыхуыр кжнынжн. Уыцы жмдзжвгжтж сты бынтон змжнтжг жмж хицауады ныхмж аржзт»
1-аг архайжг фжндыры цагъдмж кжсы жмдзжвгж «Хжххон чызджы марды ужлхъус»-жй скъуыддзаг.
Амонжг: Фжлж «иу бон пилон зынгау йж цжстытж ссыгъдысты! Бабуц йж бжгъатыр уынгжг зжрдж Хурзжрины тын йж уарзон Ирыстонжй жрбакаст Йж разы лжууыд, цжхжртж калгж, йж Кады тырыса, ирон чиныг – Къостайы «Ирон фжндыр» - йж уды куысты жнжмжлгж мысайнаг – ирон кувжндоны».
2-аг архайжг: Чиныг мыхуыргонд уыдис 1899 азы З.Шуваловы типографийы, А.С. Пушкины 100 азы юбилей кадджын уавжры куы бжржг кодтой, ужд.
3-аг архайжг:
Минуты сочтены, повсюду
бьют тревогу
Уж брезжит луч зари, играя
на штыках,
И обновленный мир отдастся
вечно миру,
С презреньем бросит нож,
запекшийся в крови

Инсценировкж: «Сидзжргжс».
Гимн Къостайжн.

1-аг архайжг: «Хетжгкаты Къоста у ирон аджмы Леонардо да Винчи» (А.Фадеев).
2-аг архайжг: «Азтж цжудзысты, цжудзысты жнустж, фжлж ирон аджмы цытджын хъжбулы ном не рмынжг уыдзжн, разджрау жрттивдзжн Кавказы урссжр бжрзжндтау жмж аджм хайджын уыдзысты Хетжгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, жнусон сфжлдыстаджй» (С.Михалков).
3-аг архайжг: «Мы – русские писатели, - все друзья великого народного поэта Осетии и все его потомки в искусстве». (Н.Тихонов).
4-жм архайжг: «Нж тарсти Къоста нжджр ахжстонжй, нжджр ржхыстжй. Суанг мжлжтжй джр нж тарсти. Уый бжрзжндты хаста уырыссаг революцион демократийы тырыса. Йж цард жмж йе сфжлдыстад жппжтжй джр снывонд кодта йж уарзон аджмы сжрибаржн» (Д.Чарквиани).
5-жм архайжг:
Мж фыццаг чиныг уыдис «Абеты чиныг». Дыккаг – «Ирон фжндыр». Жрмжст уыцы диссаджы чиныг бакжсыны тыххжй джр хъуыдис кжсын базонын.(Абайты Васо).
Равдысты архайджытж зарынц «Балцы заржг».








13 PAGE \* MERGEFORMAT 14115




15