Конспект урока по осетинскому языку на тему Х?ххон б?ст? – н?ртон б?ст? (7 класс)


44-æм скъола
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты методикон иугонд
Гом урок
Темæ:Хæххон бæстæ – нæртон бæстæ.
Грамматикон темæ: Фæлхатын сæрмагонд номдартæ.

Ахуыргæнæг:Къадзты И.С.
Дзæуджыхъæу
Урочы темæ: Хæххон бæстæ – нæртон бæстæ.
Грамматикон темæ: Фæлхатын сæрмагонд номдартæ.
Кълас: 7
Урочы нысантæ:
Фæлхатын номдар, сæрмагонд номдартæ æмæ сæ пайда кæнын ныхасы мидæг; текстæн анализ кæнын;ныхасы рæзтыл кусын.
Рæзын кæнын скъоладзауты логикон хъуыдыкæнынад, цымыдисдзинад æмæ къордты кусыны фæлтæрдтæ;
Гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ, æндæр бæстæтæн аргъ æмæ кад кæнын.
Урочы ифтонгад: техникон фæрæзтæ (интерактивон фæйнæг), хæслæвæрдтæ карточкæтыл.
Урочы цыд:
Организацион хай.
А) Сбæрæг кæнын скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ;
Æ) Радгæс дзуры абоны нымæц, къуырийы бон æмæ боны хъæды тыххæй;
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
А) Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой æртæ презентацийы. Кавказы географийы, æрдзон хæзнаты, сырдтæ æмæ зайæгойты тыххæй.
Ахуыргæнæджы ныхас:
– Сымах абонмæ бацæттæ кодтат презентацитæ Кавказы географийы, æрдзон хæзнаты, сырдтæ æмæ зайæгойты тыххæй. Æмæ, табуафси, хъусæм уæм.
Скъоладзаутæ æвдисынц сæ презентацитæ; байхъусын скъоладзаутæм;
Æ) Ног лексикæ фæлхатын.
Амæй размæ урочы базонгæ стæм ног лексикæимæ æмæ йæ нæ зæрдыл æрлæууынкæнæм. Æмæ ныхасы рæзтыл дæр бакусæм диалогтæ аразыны фæрцы.
Диалогтæ:
1)- Какие полезные ископаемые есть на Кавказе?
- На Кавказе есть нефть, газ, каменный уголь.
- А в горах Осетии какие полезные ископаемые есть?
- В горах Осетии есть руду и цинк.
2)- Какие республики граничат с Северной Осетией?
- С Северной Осетией граничат Кабардино-Балкария, Ингушетия и Южная Осетия.
1)- Цавæр æрдзон хæзнатæ ис Кавказы?
- Кавказы ис нефть, газ æмæ дурæвзалы.
- Ирыстоны та цавæртæ ис?
- Ирыстоны хæхты ис æрзæт æмæ цинк.
2) – Цавæр республикæтæ сыхагиуæг кæнынц Цæгат Ирыстонимæ?
- Цæгат Ирыстонимæ сыхагиуæг кæнынц Кæсæг-Балхъар, Мæхъхъæл æмæ ХуссарИрыстон.
Орфоэпийыл бакусын.
Скъоладзау дзуры дзырдтæ хъæрæй, скъоладзаутæ йæ фæстæ дзурынц уыцы дзырдтæ. Фыццаг иумæ, стæй рæгътæм гæсгæ, стæй иугай.
Хæслæвæрдтæ.
1. Мотиваци скъладзаутæн скæнын:
Ахуыргæнæджы ныхас:
– Мах сымахимæ базонгæ стæм Кавказимæ. Уымæй размæ базонгæ стæм текст «Кавказ»-имæ. Æмæ мæм ахæм фарст ис: «Цы иу кæны Кавказы республикæтæ?»(дзуапп дӕттынц: кӕфтытӕ, ӕрдз, культурӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр)
Ӕвдисын слайды таблицӕ (кӕс таб. №1).
- Мӕнӕ ӕркӕсут ацы таблицӕмӕ. Ам ис Нарты хъайтарты нӕмттӕ цалдӕр ӕвзагыл.
- Цӕй тыххӕй фӕзынд ӕндӕр ӕвзӕгтыл Нарты хъайтарты нӕмттӕ?(дзуапп дӕттынц: «Уымӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм ис Нарты эпос»).
- Уӕдӕ на фарстӕн дзуапп фӕбӕлвырддӕр кӕндзыстӕм. Кавказы иу кӕны Нарты эпос дӕр.
иронау адыг. вайнах. абхаз. кабард. карач.-балк.
СосланСаусырыкъо Сосла/Соска Сасрыкуа Сосрыкъуэ Сосуркъа
Сата́на/ШатанаСэтэнай-гуащэ Сата/Сели Сата Сатаней-Гуашьа/Сатаней Сэтэней-гуащэ Сатанай
БатрадзПӀэтӀрэз Патарз Цвицв Батэрэз Батыраc
Сырдон/Ширдон, сын Гатага - Шертщко Батакуа - Шырдан
АцамазАчэмэз Ачамаз Щамаз Ашэмэз Ачемез
УрызмагОзырмэдж Урузман/Орзми - Уэзырмэдж Ерюзмек
ХамыцХъымыщ Хамчи Хмышь Хъымыщ Хымыч
Саууай/ШаууайШъэуей КиндаШоа - Щэуей Къарашауай
- Абоны урокмæ мæнмæ ис хæслæвæрдтæ Нарты хъайтартæй.
1. Сырдоны хӕслӕвӕрд.
Лӕвӕрд хъуыдыйӕдты ссарын рӕдыдтытӕ, сраст сӕ кӕнын ӕмӕ рафыссын.
- Мæнæ-ма кæсут хинæйдзаг Сырдон дæр æрбарвыста нын хæслæвæрд. Ницы иртасут?
Дзуапп: О, хъуыдыйæдтæ фыст сты рæдыдтимæ.
а) Цæгат Ирыстон хауы Уæрæсемæ æмæ дзы ис цалдæр республикæйы: цæгат Ирыстон-Алани, Адыгъей, Хъæрæсе-черкес, кæсæг-Балхъар, Цæцæн æмæ дагестан.
æ) Цæгатырдыгæй Кавказимæ сыхагиуæг кæнынц Ростовы область, краснодар æмæ стъараполы крайтæ, хъалмыхъы Республикæ.
2. Ацӕмӕзы хӕслӕвӕрд:
Лӕвӕрд дзырдты къордты ссарын хицӕндзинӕдтӕ. Иу къорды ис дзырдтӕ кавказаг дамгъӕтимӕ, иннӕ къорды дзырдтӕ ӕнӕ кавказаг дамгъӕтӕй.
- Ацæмæзæн ис музыкалон ӕмбарынад. Уый нын æрбарвыста мæнæ ацы дзырдтæ (слайд) æмæ фæрсы: «Цы иртасут ацы дзырдты къордты ахсæн?»:
А) Мæсыг, Кавказ, хæхтæ, диссаг, кæнын, фидар, мӕсыг;
Æ) Хæдзар, Хъазыбеджыхох, дынджыр, сычъи, хъæбатыр, къона.
Дзуапп:Дыккаг къорды дзырдты ис кавказаг дамгъæтæ.
- Ноджы фӕбӕлвырддӕр ис нӕ дзуапп. Кавказаг дамгъӕтӕ дӕр иу кӕнынц кавказы адӕмыхӕттытӕ, кавказы ӕвзӕгтӕ.
3. Къордтæй куыст.
Сослан ӕмӕ Батрадзы хӕслӕвӕрд:
Баххæст кæнын тӕблицæ текст «Кавказ»-ы мидисмӕ гӕсгӕ:
Бацамонын картæйыл бӕлвырд республикӕ .
-Сослан ӕмӕ Батрадз арæх фæцæуынц балцыты æмæ нын дæттынц ахæм хæслæвæрд: Таблицæ баххæст кæнут раст дзуаппытӕй текстмæ гæсгæ. Уый фæстæ та картæйы раст бацамонут республикæты æмæ иннæ бæстæты бынæттæ.
Кавказ
Хуры скæсæнырдыгæй Хъаспы денджыз
Хурыныгуылынырдыгæй Сау денджыз
Йæ хæйттæ Цæгат Кавказ, Фæскавказ
Цæгат Кавказы республикæтæ Цæгат Ирыстон-Алани, Адыгъей, Хъæрæсе-Черкес, Кæсæг-Балхъар, Мæхъхъæл, Цæцæн æмæ Дагестан
Фæскавказы паддзахæдтæ Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомихы бæстæ
Разкавказ Ростовы область, Краснодар æмæ Стъараполы крайтæ, Хъалмыхъы Республикæ
Бæрзонддæр хох Хъазыбеджы хох, Эльбрус
Хохы бæрзæнд 5033 м., 5642 м.
Кавказы хъæздыгдзинæдтæ Нефть, газ æмæ цинк
Кавказы фаунæ Дзæбидыртæ, сычъитæ,сагтæ æмæ сæгуыттæ
5. Сатанайы хӕслӕвӕрд:
- Уымæй размæ урочы уын бафæдзæхстон ссарын куыд баст сты дзырд «фынккалгæ» æмæ Нарты кадджытæй иу кадæг. Уый уыди Сатанайы хæслæвæрд æмæ йæ бацæттæ кодта Маринæ.
- Табуафси, Маринæ.

Хæдзармæ куыст: Саразут экскурсийы маршрут Кавказыл, Ирыстоныл, Дзæуджыхъæуыл. Зæгъæм, цавæр бынæттæ æнæмæнг хъуамæ фена уазæг?
Хæдзармæ куыст бамбарын кæнын.
Кæронбæттæн.
Бæрæггæнæнтæ радзурын.
Рефлекси:
- Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд ацы урок…
- Уæлдай тынг мæ зæрдæмæ фæцыд…
- Мæ зæрдæмæ фæцыд/нæ фæцыд…
- Зынгомау мæм фæкаст…
- Цымыдисаг хæслæвæрд уыдис…
- Бузныгуе’ппӕтӕн!