Конспект урока по осетинскому языку на тему «В лес за ягодами







39-…м скъола
ирон жвзагжй 4-жм къласы
(лжмжгъ къорды)

Темж: «Халсарт…»



ахуыргжнжг: Багданты Алинж



Темж: Хъждмж-гагадыргътжм.
Фарстон хъуыдыйад.
Нысан: 1. Сывжллжтты базонгж кжнын Ирыстоны цы гагадыргътж зайы, уыдонимж.
2. Хъомыладон куыст бакжнын.
3. Скъоладзаутжн раттын хуымжтжг зонындзинждтж фарстон хъуыдыйаджй.
Урочы цыд:
Организацион момент.
Радгжс дзуры, абон кжцы нымжц у, боныхъжд цавжр у.
Фонетикон зарядкж.
а) фжйнжгыл кавказаг мыр «хъ».
б) мырыл раст дзурыныл бакусын.
в) жрхъуыды кжнжм ацы мыримж дзырдтж, хъуыдыйждтж.
III. Аудировани. Ирон ныхас хъусын жмж жмбарын.
Жмдзжвгж кжсы ахуыргжнжг.
Диссаг у сжрдыгон хъжды
Цъжх сыфтжр жрттивы хурмж
Ризы уддзжфмж хъжлжрдзы
Зад цупжлттжй зулмж.
Саунжмыг фыр заджй цуды,
Жмж сау цжстау фжлгжсы
Мжцкъуы схъулон жмж худы,
Сыхсы сыфтжрты жмбжхсы

Плиты Хадо.
- Цжуыл цжуы ныхас ацы жмдзжвгжйы?
- Цавжр гагадыргъты тыххжй?
- Цы бахъуыды кодтат гагадыргъты тыххжй?
- Цавжр жмбисжнттж зонут гагадыргъты тыххжй?

Гагадыргътж сж афоныл хорз сты.
Хохы мжнжргъы адджын у.

- Куыд жмбарут ацы жмбисжнтты хъуыды?

Ныртжккж та ацжудзыстжм балцы хъждмж жмж базондзыстжм, цавжр гагадыргътж зайы хъжды, уый, стжй цы пайда сты.
Сывжллжттж, уынут цас гагадыргътж жржмбырд кодтам. Цы пайда нын сты гагадыргътж?
Чиныгимж бакуыст.
Дзырдуат.
Сржгъжд сты - поспели
Хъжды жрдуз – лесная поляна
Текст цжггай кжсын, тжлмац кжнын, фжрстытжн дзуапп раттын.
Хъждмж-гагадыргътжм
Фыццаг фжзыны жрыскъжф. Зайы жрдузты, урс бжрз жмж зазхъждты. Фжстжджр сржгъжд вжййынц мжнжргъы, дзедыр жмж саунжмыг. Хъжддаг мжнжргъы зайы хохаг хъждты, нжзыхъждты. Дзедыр зайы алы ран джр. Йж гагадыргътж пайда сты аджймаджы жнжниздзинаджн.
Фжрстытж текстмж: а) Цавжр гагадыргъ фжзыны фыццаг?
б) Кжм зайы жрыскъжф?
в) Хъжддаг мжнжргъы кжм зайы?
г) Дзедыр кжм зайы?
д) Цы пайда у дзедыр?
е) Цы пайда сты йж гагадыргътж?
Фжрстыты руаджы ахуыргжнжг сывжллжтты жркжны хатдзжгмж
Раиртжст: Фарст цы хъуыдыйады вжййы, уый хуыйны фарстон хъуыдыйад
Грамматикон хжс.
Дзырдтжй сразут фарстон хъуыдыйждтж.
а) Судзы, пысыра, тынг.
б) Битъынайы, у, цай, хжрзад.
2. Хъуыдыйждтж раст ныффысс.
а) Фыццаг фжзы алы ран джр
б) Дзедыр зайы нжзыхъждты
в) Хъжддаг мжнжргъы зайы жрыскъжф
VII. Хъазт: «Цыппжржм ужлдай».
гал
род

хъуг
саунымжг

сыхсы
уарди

дзедыр
жрыскъжф


Кжронбжттжн.
- Цы базыдтат абон ногжй нж урочы?
IX. Бжржггжнжнтж сжвжрын.
Х. Хждзармж куыст:
а) Текст кжсын сахуыр кжнын.
б) Журнал «Ногдзау»-жй рафыссын 3 фарстон хъуыдыйады.
ГОМ УРОКScript MT Bold