Билеты по осетинскому языку для 9 класса


Билет №1
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Нæ республикæ.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани у Уæрæсейы хуссайраг хайы рæсугъддæртæй иу. Йæ фæзуат у аст мин квадратон километры. Ам цæрынц алыхуызон адæмыхæттытæ: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, дзуттæгтæ æмæ æндæртæ. Республикæйы бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ-рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæддæгтæ. Æппæт адæм дæр цæрынц хæларæй. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ис бирæ заводтæ æмæ фабрикæтæ.Уæлдай стырдæр ахадынц хъæдыкуыстгæнæг, химион, рог æмæ хуызджын промышленносты хуызтæ. Ирыстоны хæхтæ хъæздыг сты гранитæй, чъырдурæй, здыйæ, цинкæй æмæ минералон дæттæй. Хъæуты адæм кæнынц стурвос æмæ маргъ дарыны куыст. Уымæй уæлдай ма быдырты тауынц нартхор, мæнæу, кæнынц халсартæ æмæ дыргъты куыст.
2. Сараз радзырд «Мæ бинонтæ».
3. Ссар уæлдай дзырд алы рæнхъы дæр:
а) нас, уырыдзы, дидинæг, нуры, хъæдындз, цæхæра.
æ) бал, алтъами, кæрдо, нартхор, æхсынцъы, чылауи.
б) тæрс, тулдз, заз, сой, акъаци, хæрис.
4. Æмдзæвгæ.


Билет №2
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Спорт Цæгат Ирыстон – Аланийы.
Ирыстоны спорт у тынг кадджын. Стыр æргом æм здахынц сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ цæхæрадæтты, скъолаты, техникумты, университетты. Фæсивæд бирæ уарзынц хъæбысхæст, футбол, гимнастикæ, баскетбол, теннис æмæ спорты æндæр хуызтæ. Республикæйы хицауад æдзухдæр йæ цæст дары, цæмæй хорз кусой гимнастикон залтæ, бассейнтæ, спорты галуантæ. Ирыстоны спорты минæвæрттæ æнтыстджынæй фæархайынц олимпаг хъæзтыты æмæ алыхуызон чемпионатты.
Дунейæн зындгонд сты хъæбысæйхæцджытæ-богæлттæ Хъуылаты Барис, Андиаты Сослан, Фадзайты Арсен, Хæдарцаты Махарбег æмæ æндæртæ. Ирыстоны тынг уарзынц футбол дæр. Команда «Алани» хъазы фыццаг лигæйы. Дунеон ерысты фесгуыхтысты нæ армæйхæцджытæ дæр. Уыдоны æхсæн ис сылгоймæгтæ дæр.
Адæймаджы царды спорт ахсы тынг ахсджиаг бынат.
2. Сараз радзырд «Мæ уарзон нана».
3. Ныффысс номдартæ бирæон нымæцы.
а) ныййарæг, æфсымæр, хо, хæрæфырт.
æ) хох, быдыр, сæрвæт, уыгæрдæн. б) денджыз, цæугæдон, æхсæрдзæн, фурд.
4. Æмдзæвгæ

Билет №3
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Таурæгъ «Хетæджы къох».
Раджы кæддæр Хетæджы къохы бынаты уыди стыр хъæу. Ам цард кадджын лæг, йæ ном – Хетæг. Куырыхон уыд уый. Зыдта, цы уыд, цы ис æмæ цы уыдзæн, уыдон иууылдæр. Ахæм лæджы фæрцы хъæу цард фæрнæй, разы уыд йæ амондæй.
Цыдысты азтæ. Зæронд кодта Хетæг дæр. Раст уыцы заман хъæумæ æрбабырстой знæгтæ. Хъæуы адæм ныууагътой сæ къонатæ æмæ лидзын райдыдтой. Фæлæ сæ рох нæ уыд сæ хæрзгæнæг зæронд лæг.
«Хетæг, лидзгæ кæн хъæдмæ, науæд сæфыс!»-хъæр æм кодтой адæм. Хетæг рацыд хæдзарæй æмæ дзуры: «Мæ тых басасти, нымад сты мæ царды бонтæ. Хетæг хъæдмæ нал фæразы, фæлæ хъæд-Хетæгмæ!». Æрцыд йæ дзырд. Хъæд ныннæрыд, хъæдæн йæ иу хай сыстад æмæ æртыхсти Хетæгыл. Уыцы хъæд абон дæр лæууы хъæуы бынаты, æмæ йæ адæм хонынц Хетæджы къох.
2. Сараз радзырд «Мæ уарзон бæрæгбон»
3. Номдартæ сæвæр иууон нымæцы:
Аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ,
кадджытæ.
4. Æмдзæвгæ

Билет №4
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Бахатыр кæнут
Уыд зымæгон райсом. Мах æрбацыдыстæм скъоламæ райсомæй раджы. Æрбайхъуыст дзæнгæрæджы хъæр. Иууылдæр сбадтыстæм партæты уæлхъус, фæлæ нæ ахуыргæнæг нæ зыны. Нæ къласы старостæ Нинæйы арвыстам ахуыргæнæг кæм ис, уый базонынмæ. Чысыл рæстæджы фæстæ Нинæ æрбаздæхт æмæ загъта:
- Иван Иванович фæрынчын. Директор нын бар радта нæхимæ ацæуынæн.
- Ура!-фырцинæй ныхъхъæр кодтам мах,-уроктæ нæм нæ уыдзæн. Ахуыргæнæг фæрынчын!
Æвиппайды дуар байгом, æмæ къласмæ æрбахызт Иван Иванович.
-Бахатыр кæнут, сабитæ,-сындæггай загъта уый. Иучысыл фæрынчын дæн, фæлæ уæддæр æрбацыдтæн скъоламæ æмæ байрæджы кодтон.
Ахуыргæнæг йæ уæлæдарæс раласта. Сбадт стъолы уæлхъус, кæсы не`ппæтмæ дæр. Мах та æфсæрмæй нæ цæстытыл схæцын дæр нæ уæндæм. Махæй алчидæр бамбæрста йæ рæдыд.
2. Сараз радзырд «Зымæг».
3. Дзырдтæй сараз вазыгджын дзырдтæ.
уат, уазæг; хох, урс; дыргъ, гага; бæлас, бал; фæндаг, къах; фыд, бæстæ; кæсаг, лас; дон, урс; бæх, уæрдон.
4.Æмдзæвгæ
Билет №5
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Рагон Дзæуджыхъæу.
Дзæуджыхъæу у рагон горæт. Уый арæзт æрцыд 1784 азы. Раздæр нæ горæт уыд æндæрхуызон, æндæр уыдысты йæ уынгты нæмттæ дæр. Зæгъæм, Ленины фæз раздæр хуындис Театралон фæз. Ам уыдис уырыссаг театр. Уым фыццаг хатт сæвæрдтой Лермонтовы «Маскарад». Ацы театры куыстой зындгонд уырыссаг актёртæ æмæ режисёртæ. Сæ иу уыд Вахтангов.
Цæнгæт хид раздæр уыд Ольгæйы хид. Ам къуыри дыууæ хатты уыдис базар. Базары уыд бирæ адæм. Уым уæй кодтой хъуымæцтæ, хор, мыд, сапон, сæрак æмæ бирæ цыдæртæ. Дыргътæ æмæ сæн ластой Тифлисæй.
Сабырдзинады проспект хуындис Алыксандры проспект. Уым уыдысты уазæгхæдзæрттæ, типографитæ,чиныгуæйгæнæг дуканитæ, банктæ. Уый уыд тынг рæсугъд уынг. Ам уыд бирæ бæлæстæ æмæ дидинджытæ.
2. Сараз радзырд «Сабырдзинады проспект».
3. Лæвæрд дзырдтимæ æрхъуыды кæн хъуыдыйæдтæ:
Уазал, тыхджын, зæронд, рæсугъд, хæдæфсарм.
4. Æмдзæвгæ
Билет №6
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Адæм, бæстæтæ, æгъдæуттæ.
Зæххы къорийыл цæры бирæ алыхуызон адæмыхæттытæ. Алы адæмыхаттæн дæр ис йæхи æгъдау.
Зæгъæм: англисæгтæ уарзынц цай цымын æмæ сабыр ныхас кæнын. Англисæгтæм ис бирæ зæронд традицитæ. Англисаг у хиуылхæцгæ адæймаг.
Уырыссæгтæ уарзынц лауызтæ æмæ зымæг. Уыдон сты хъæлдзæг адæм, ис сæм бирæ бæрæгбæттæ. Уырыссаг у хорззæрдæ адæймаг.
Немыцæгтæ уарзынц сыгъдæгдзинад æмæ уагæвæрд. Уыдон нуазынц бирæ бæгæны. Немыцаг у сентименталон адæймаг.
Ирæттæ сты уазæгуарзон адæм. Уарзынц чъиритæ æмæ физонæг. Ирон кад кæны зæронд адæймагæн.
Французæгтæ хæрынц хæфсы къæхтæ æмæ нуазынц бирæ сæн.Уыдон зонынц аргъ кæнын сылгоймагæн. Французаг у хæларзæрдæ адæймаг.
Япойнæгтæ хæрынц пырындз хъæдын къæцæлтæй. Уыдон дарынц сæ рагон дзаумæттæ-кимонотæ. Япойнаг у йæ дзырдæн хицау.
2. Сараз радзырд «Мæ хорз æмбал».
3. Дзырдтæн ныффысс сæ иумæйаг нæмттæ.
а) бабыз, гогыз, карк, цицыр, уасæг…………
æ) уæрыкк, сæныкк, хъуг, род, фыс………….
б) уырыдзы, нас, нуры, цæхæра, цывзы……
в) фæткъуы, кæрдо, чылауи, къомси, бал….
4. Æмдзæвгæ
Билет №7
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Фыццаг ирон чиныг.
Фыццаг ирон чиныг мыхуыры рацыд 1798 азы майы, Мæскуыйы, Синоды типографийы. Уæды хицауады хъуыди адæмты астæу дин хæлиу кæнын, æмæ скъолатæ дæр уый фæрцы зынын райдыдтой (Куырттаты, Мæздæджы æмæ æндæр рæтты).
Уымæ гæсгæ Мæздæджы эпископ Такъæты Гай æмæ Хъесаты сауджын славяйнаг аргъуаны фысты бындурыл сарæзтой ирон дамгъæтæ, æмæ фæстæдæр уыдон фæрцы гуырдзиаг æвзагæй ратæлмац кодтой текст ирон æмæ славяйнаг æвзæгтæм, рахуыдтой йæ «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Ирон фыссынады историйы ацы чиныг у фыццаг дур.
Чиныг райдайы æмæ фæвæййы «Фыд, фырт æмæ сыгъдæг уды» кадæн куывдтытæй. Ис дзы фæрстытæ æмæ уыдонæн дзуаппытæ.
Чиныджы фæзынд стыр ахсджиаг уыд ирон адæмы ахуырады рухс фæндагыл саразынæн.

2. Сараз радзырд «Мæ уарзон чиныг».
3. Къæлæты æвæрд дзырдтæ ратæлмац кæн æмæ хъуыдыйæдтæ баххæст кæн: 1. Зæронд адæмыл хъæуы…(заботиться).
2. Хистæрмæ хъус, уымæн æмæ уый у…(мудрый).
3. Зæронд адæмæй бирæтæ сты…(трудоспособный).
4. Мæ нана æмæ дада сты…(пенсионеры).
4. Æмдзæвгæ


Билет № 8
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Таурæгъ «Мады зæрдæ».
Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ. Лæппу бауарзта чызджы æмæ сфæнд кодта йæ ракурын. Лæппуйы зæрдæ сбæрæг кæныны тыххæй чызг загъта йæ уарзонæн: «Æрбахæс мын лæварæн дæ мады зæрдæ». Лæппу афтæ бакодта: стыдта йæ мады зæрдæ æмæ йæ фæхæссы йæ армы чызгæн. Уый цыди хæххон фæндæгтыл, тагъд кодта, ахауд-иу æмæ та-иу фестад. Уæд æм мады зæрдæ сдзырдта: «Мæ хъæбул, ма тагъд кæн! Хæххон фæндæгтæ тæссаг сты æмæ дæхи хъахъхъæн!».
Лæппу бахæццæ йæ уарзон чызгмæ. Бадардта лæвар чызгмæ. Чызг уый куы федта, уæд ныхъхъæр кодта: «Фесæф! Йæ мадæн афтæ чи бакодта, уый нæу нæдæр мæн аккаг, нæдæр царды аккаг».
Хур бон арв ныццæлхъ ласта, зæхх ныррызти лæппуйы къæхты бын, зæхх фескъуыд æмæ лæппу фестад зæххы бын. Уым æй бахордтой цавæрдæр цæрæгойтæ, фæлæ уыдон мады зæрдæмæ нæ бавнæлдтой.
2. Сараз радзырд «Мæ фæлмæн мад».
3. Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй лæвæрд бæттæгты руаджы сараз вазыгджын
хъуыдыйæдтæ:
Арв ныннæрыд.
Къæвда райдыдта. æмæ
Бæлæсты сыфтæртæ цъæх нал сты.
Æрдз у тынг рæсугъд алыхуызон ахорæнтæй . фæлæ
Æмдзæвгæ.

Билет № 9
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын. Мадæлон æвзаг.
Саби фыццаг дзырдтæ цы æвзагыл фехъусы, уыдон загъд вæййынц мадæлон æвзагыл.
Мадæлон æвзаг кæстæртæн баззайы сæ фыдæлтæй. Уый у адæмы культурæйы сæйраг фæрæз.
Æвзаг цас фылдæр цæра, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыййас фидардæр кæны. Æмæ мадæлон æвзаг фидар куы уа, уæд адæм дæр æнгомдæр сты, кæрæдзийы хуыздæр æмбарынц.
«Алы адæмыхаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у стыр хæзна. Алы адæймаг дæр у стыр хæсджын йæ дзыллæйы раз, уымæн æмæ нын уый балæвар кодта уыцы стыр хæзна – мадæлон æвзаг. Уымæ гæсгæ алчидæр хъуамæ хъахъхъæна йе`взаджы сыгъдæгдзинад, фылдæрæй- фылдæр ын куса йæ хъæздыгдзинадыл»,-фæдзæхста йæ кæстæр фæлтæртæн зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васо.
2. Сараз радзырд «Дыргътæ».
3. Хъуыдыйæдтæ равзар хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
1. Ахуыргæнæг амоны урок.
2. Зæринæ фыссы тетрады йæ хæдзармæ куыст.
3. Æз ахуыр кæнын скъолайы, фарæстæм къласы.
4. Æмдзæвгæ.
Билет №10
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Уæрæсе.
Уæрæсе у дунейы тыхджындæр æмæ стырдæр паддзахадтæй иу. Æнæкæрон даргъ у Уæрæсе. Диссаджы рæсугъд æмæ алыхуызон у Уæрæсейы æрдз: бæрзонд урссæр Кавказы хæхтæ, Сыбыры хихджын хъæдтæ, арф денджызтæ æмæ тагъд цæугæдæттæ.
Уæрæсейы цæры тынг бирæ адæмыхæттытæ: русские, ирæттæ, кæсгæттæ, сомихæгтæ, тæтæйрæгтæ æмæ æндæртæ. Уыцы адæмтæ цæрынц хæларæй.
Уæрæсейы сæйраг горæт у Мæскуы. Уый у тынг рагон горæт. Ууыл цæуы астсæдæ азæй фылдæр. Ам кусы Уæрæсейы хицауад. Йæ сæргълæууæг у президент Владимир Путин. Мæскуыйы зæрдылдарæн бынæттæ сты: Сырх Фæз, Стыр театр, Третьяковы нывты галерей, Ломоносовы номыл университет, Арбат æмæ æндæртæ.
2. Сараз радзырд « Мæ уарзон горæт».
3. Нымæцонтæ ныффысс дзырдтæй хуызæгмæ гæсгæ:
1784 – мин авдсæдæ æстай цыппар
1979-
2010 –

4. Æмдзæвгæ.
Билет №11
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Æнæмæлгæ поэт.
Гениалон уырыссаг поэт Пушкины ном хъуыстгонд у æппæт зæххыл дæр. Ацы ном лæууы дунейы зындгонд адæмты нæмтты æмрæнхъ.
Пушкин Алыксандр Сергейы фырт райгуырдис 26 майы 1799 азы уазæгуарзаг бинонты æхсæн. Йæ фыд уыд ахуыргонд адæймаг, бирæ уарзта кæсын æмæ йæм уыд хъæздыг чиныгдон. Пушкин гыццылæй фæстæмæ хъомыл кодта литературæйæн аргъгæнджыты æхсæн.
Астаздзыдæй Пушкин зыдта тынг хорз кæсын æмæ фыссын, хъуыды кодта цыбыр комедитæ æмæ эпиграммæтæ. 1811 – 1817 азты Пушкин ахуыр кодта лицейы. Ам æрыгон лæппуйæн фæзынд бирæ хæлæрттæ. Уый æнгом баст уыд йæ рæстæджы æхсæнадон интеллигенциимæ.
Пушкины рæнхъытæ сты æнæмæлгæ. Уыдон уарзынц æмæ кæсынц стырæй чысылæй. Пушкин нымад у уырыссаг литературæ саразæгыл. Абон Пушкины уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты дунейы æппæт æвзæгтæм.
Æнæмæлгæ поэты рæнхъытæ хъуысынц иронау дæр.
2. Сараз радзырд «Ме`скъола».
3. Аифтындзæг кæн нырыккон афоны мивдисæг «дзурын».
4. Æмдзæвгæ.
Билет №12
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ирыстоны тырыса æмæ герб.
Ирыстон у нæ Райгуырæн бæстæ. Ам цардысты нæ фыдæлтæ æмæ рагфыдæлтæ. Алы адæмыхатты истори дæр баст у йæ тырыса æмæ гербимæ. Æркæсæ-ма, кæцæй рацыдысты Ирыстоны герб æмæ тырыса.
Ирыстоны тырысайæн ис рагон истори. Ууыл ис æртæ хуызы: урс, сырх æмæ бур. Урс у сыгъдæгдзинады нысан, сырх у æхсардзинады нысан, бур та у фарны (хъæздыгдзинады) нысан. Нæ рагфыдæлтæ дих кодтой æртæ къордыл: хæстонтæ, дины кусджытæ æмæ зæхкусджытæ. Нарт дæр скифты хуызæн дих кодтой æртæ мыггагыл: Æхсæртæггатæ (Нарты зындгонд хæстонтæ), Алæгатæ (Нарты зондамонджытæ) æмæ Борæтæ (Нарты фарнхæсджытæ).
Ирыстоны герб конд уыд тырысайы астæу. Нæ рагон гербыл тарцъæх ахорæнтæй нывгонд цыдысты хæхты цъуппытæ. Уыдоны астæу лæууы сæрыстыр фыранк. Йæ урс буарыл сау хъулæттæ. Хæхты цъуппытæ амонынц ирон адæмы цæрæнбынат. Фыранк та у хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады нысан.
Нæ рагфыдæлтæ уыцы гербимæ хæтæнты цыдысты Мидимæ, хæцыдысты Гуырдзы æмæ Византийæимæ, тох кодтой монголты ныхмæ.
2. Сараз радзырд «Ирон адæмы рагфыдæлтæ».
3.Æрхъуыды кæн хъуыдыйæдтæ дзырдтимæ: кæсаг, денджыз, сæрд.
4.Æмдзæвгæ.
Билет №13
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Задалескы Нана.
Æртындæсæм æнусы монголтæ æрбабырстой нæ рагфыдæлты зæхмæ. Монголты æфсады сæргълæууæг уыд Алсахъ-Тимур. Алантæ райдыдтой тох кæнын æнæкæрон монголты æфсæдтимæ. Фæлæ сæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Хъазуатон тохы фæстæ къаддæрæй-къаддæр кæнын райдыдтой аланты хæстонтæ. Сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ алантæ куыд фæстагмæ иууылдæр цагъды фесты. Знаг басыгъта нæ рагфыдæлты цæрæнбынат. Æрмæст ма сыгъд зæххыл баззадысты сидзæр сывæллæттæ.
Уæд адæмы амондæн фæзынд иу сылгоймаг. Уый æрæмбырд кодта сидзæрты иумæ, акодта сабиты йæ фæдыл: быдырæй-хъæдмæ, хъæдæй-æрдузмæ, ахызти сывæллæттимæ Дыгуры Æфцæгыл, æрцарди Задалескы. Хъæуы адæм ын йæ сидзæр сабитæн хæдзар скодтой æмæ кадимæ адæмимæ фæцард…
Сидзæртæ бахъомыл сты, скодтой хъæутæ. Сæ иумæйаг мады стыр кад æмæ цытимæ баныгæдтой Задалескы – Моргы Лæгæты. Ам абоны онг дæр ис йæ кувæндон.
2. Сараз радзырд «Мæ уарзон республикæ».
3. Ратæлмац кæн ирон æвзагмæ хъуыдыйæдтæ:
Наступила ранняя весна. Снег растаял. Дни стали теплее. Появился первый
подснежник. Природа проснулась.
4. Æмдзæвгæ.
Билет №14
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Абайты Васо.
Абайты Васо у стыр ирон ахуыргонд. Уый райгуырдис 1900 азы, хæххон хъæу Къобы.
1925 азы каст фæци Ленинграды университет. Бирæ азты фæкуыста æвзагзонынады алы къабæзты. Васо ныффыста бирæ зонадон – иртасæн куыстытæ. Уыцы куыстытæй ахсджиагдæр сты «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты эпос», «Уырыссаг – ирон дзырдуат» æмæ æндæртæ.
Ирон адæмæн уæлдай зынаргъдæр у цыппар томæй арæзт «Ирон æвзаджы историон – этимологон дзырдуат». Ацы куысты автор иртасы ирон дзырдты равзæрд æмæ сæ нысаниуджытæ.
Абайты Васо иртæста канд ирон æвзаг нæ, фæлæ ма æндæр æвзæгтæ дæр, уæлдайдæр та ирайнаг æвзæгтæ.
Васойы зонынц алы бæстæты æмæ йын стыр аргъ кæнынц йæ зонадон куыстыты тыххæй.
Абайты Васо уыд нæ дуджы зындгонддæр иртасæг.
2. Сараз радзырд «Ме`скъола».
3. Дзырдтæн ныффысс сæ ныхмæвæрд дзырдтæ:
Саразын - … æввахс - …
Рæсугъд - … бацыдис - …
Кадджын - … райхъал - …
4. Æмдзæвгæ.
Билет №15
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Сырддоны.
Нæ горæты ис сырддон. Сырддоны фенæн ис алыхуызон сырдтæ. Ис дзы æрсытæ, теуатæ, маймулитæ, дзæбидыртæ, сагтæ æмæ алыхуызон мæргътæ. Алы бон дæр сæм æрбацæуы бирæ адæм. Сырддонмæ афтид армæй ничи æрбацæуы. Кæмæн йæ къух куыд амоны, афтæ æрбахæссынц алыхуызон адджын хæринæгтæ.
Мæ сыхаг сырддоны кусы дуаргæсæй. Сырдгæсæй та дзы мæ фыды æфсымæр кусы. Алы сырдæн дæр ис хицæн бынат. Иуæй-иу сырдтæ сты фыдхортæ, иннæтæ та уарзынц халсартæ. Уым ис хинæйдзаг рувас дæр фенæн. Уымæн дæр йæ цæрæнуат сси сырддон.
Сырдгæстæ сырдтæм хорз зилынц. Афойнадыл сын фæдæттынц хæринаг, никæйы уадзынц хæринагхъуаг.
Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг цæуынц алыхуызон сырдтæ, æмæ уымæ гæсгæ арæх вæййын сырддоны.
2. Сараз радзырд «Мæ уарзон хæдзарон цæрæгой».
3. Лæвæрд дзырдтæн бацамон сæ арæзт:
Æрмдæсны-арм+дæсны нывæфтыд -…
Дурдзæджындз -… пылыстæг -…
Зæххæнкъуыст -… фæлгонцгонд -…
Къæдзæхдур -… цæстæнгас -…
4. Æмдзæвгæ.
Билет №16
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ирыстон.
Æз цæрын Ирыстоны. Ирыстон у мæ фыдæлты æмæ мæ рагфыдæлты зæхх.
Ирыстоны сæйраг горæт у Дзæуджыхъæу. Ам цæры æртæсæдæ мин адæймагæй фылдæр. Ирæттæй дарддæр ма дзы цæры алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр. Уыдон иууылдæр цæрынц хæларæй.
Горæты астæу уайы цæугæдон Терк. Æз дæр цæрын Терчы цур. Æхсæв мæм арæх фæхъуысы доны хъæр. Горæтмæ æввахс лæууынц кавказы хæхтæ. Уыдон сты тынг рæсугъд.
Дзæуджыхъæуы ис бирæ скъолатæ, алыхуызон институттæ æмæ университеттæ. Мæнæн ме`фсымæр ахуыр кæны паддзахадон университеты. Æз дæр куы фæуон скъола, уæд ахуыр кæндзынæн уыцы университеты.
Мæ баба æмæ мæ нана цæрынц Хъæдгæроны. Æз арæх вæййын уым. Уыдонæн сæ хæдзары цур ис цæхæрадон. Цæхæрадоны ныссадзынц картоф, хъæдур, джитъритæ, уырыдзытæ æмæ алыхуызон кæрдæджытæ. Ис сæм стыр дыргъдон дæр. Зайы дзы алыхуызон хæрзад дыргътæ…
2. Сараз радзырд «Нанайы цæхæрадоны».
3. Лæвæрд дзырдтæ ныффысс иронау фæсæфтуан «ад» – ы руаджы.
наука, образование, письменность, государство, изобразительное искусство.
4. Æмдзæвгæ.

Билет №17
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ирыстоны сæйраг сахар.
Æдæппæтæй Ирыстоны ис æхсæз сахары – Дзæуджыхъæу, Алагир, Æрыдон, Беслæныхъæу, Дигора æмæ Мæздæг.
Уыдонæй уæлдай рагондæр æмæ егъаудæр у Дзæуджыхъæу. Уый сси нæ республикæйы сæйрагдæр культурон – экономикон артдзæст, къона.
Раджы кæддæр Терчы доны рахизфарс, тæккæ уæлвæзы æрцард ирон хæххон лæг йæ бинонтимæ, хуыдтой йæ Дзæуг. Дзæуг уыд зондджын æмæ хъаруджын адæймаг. Уый ныфсæй иннæ хæххон ирæттæ дæр æрцардысты йæ фарсмæ, æмæ сæ рауад хъæу – Дзæуджыхъæу. Дзæуджыхъæумæ хæстæгТерчы былыл Уæрæсейы паддзахы фæндонмæ гæсгæ сарæзтой хæстон фидар Владикавказ 1784 азы. Уæдæй фæстæмæ ардæм лидзын байдыдтой иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр, фылдæр та – уырыссæгтæ, æмæ Дзæуджыхъæу – Владикавказ азæй-азмæ райрæзти,стæй йын радтой сахары ном.
Абон Дзæуджыхъæу у Уæрæсейæн йæ Хуссайраг-Федералон окруджы рæсугъддæр горæттæй иу.
2. Сараз радзырд «Нæ горæты зæрдылдарæн бынæттæ».
3. Сараз дзырдбæстытæ дзырдтæ тæлмацгæнгæйæ:
высокий чёрная
рагъ снежный мæр мягкая
зелёный вскопанная безграничная Терек
фæз зелёная ивылд Фиагдон
огромная Ираф
4. Æмдзæвгæ
Билет №18
Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Хохæй быдырмæ.
19-æм æнусы фыццаг æмбисы ирæттæ лидзын райдыдтой быдырмæ. Быдыры ног хъæутæн сæ фылдæрæн бындур æрæвæрдтой хъæздыг æмæ уæздан мыггæгты бинонтæ. Ныртæккæйы сахар Беслæн раздæр хъæу уыд. Йæ ном ын Беслæныхъæу схуыдтой – ам фыццаг æрцæрæг Тлатты Беслæны номмæ гæсгæ. Хуымæллæджы æмæ Кæрдзыны хъæуты зæххыл хуымгæнæг бинонты æрцæрын кодтой Дудараты уæздæттæ, Быдыры Хъахъхъæдуры – Дзанайты, Бруты та - Санатæ. Ныртæккæйы Джызæлы зæххыл фыццаг царди цалдæр чысыл хъæуы. Уалынмæ фæзынд ахæм хъæутæ дæр, зæхкусджытæ сæхи `гъдауæй кæм æрцардысты. Сæ фылдæр æрæнцадысты æппæты тæссагдæр рæтты. Уымæ гæсгæ хицауад уыдонæй домдта фæндæгтæ хъахъхъæнын, лæгъстæмæ сын фаг зæххытæ дæтгæйæ. Фæндæгтæ хъахъхъæныны охыл паддзах Никъалайы бардзырдмæ гæсгæ 1838 азы йæ ныры бынаты æрæнцад Елхоты хъæу дæр…
2. Сараз радзырд «Мæ уарзон бæрæгбон».
3. Дзырдтæн ныффысс сæ бирæон нымæцы формæ:
Малусæг -… зæхх -…
Дыргъдон-… зæй -…
Сыфтæр -… фыййау -…
Зарæг -… тын -…
Дидинæг -.. хох -…
4. Æмдзæвгæ.





Билет №19
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ралæууыдис фæззæг.
Афардæг сты сæрдыгон хъарм бонтæ. Ралæууыдис фæззæг. Адæм æфснайынц сæ фæллой.
Нарæгастæу хæрзконд бæрз бæлæсты сыфтæртæ иннæ бæлæстæй раздæр згъæлын райдыдтой. Зæхх сын фаг хæринаг нал дæтты, æмæ сæ сыфтæртæ дæле уæлæмæ бургæнгæ ссыдысты.
Мыртгæйы сырх гагатæ сæ сæртæ зæхмæ æргуыбыр кодтой æмæ зымæджы уазалмæ æнхъæлмæ кæсынц. Цъуй бæлæстæн сæ пака пуцæлттæ бур-бурид адардтой. Туаг тыртыйы сырх дæрхъæццон гагатæ чысыл фенцъылдтæ сты… Хæххон æхсæрдзæнты пырхæнтæ хуры тынтæм æрттывдтытæ калынц. Комы суадæттæ сты сыгъдæг, æмæ доны был цал урс дуры ис, уыдон иууылдæр зынынц. Арвыл мигъы къуымбилтæ дымгæ рахæс-бахæс кæны. Мæргътæн сæ фылдæр хъарм бæстæм атахтысты. Ардыгæй уалдзæгмæ нал фендзынæ зæрватыкк, сауцъиу, булæмæргъ…
2. Сараз радзырд «Афæдзы афонтæ».
3. Дзырдтæн ссар сæ синонимтæ:
уавæр фадат
дуг адæм цырты къæй цыртдзæвæн
дзыллæ рæстæг
4. Æмдзæвгæ.
Билет №20
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Æз тынг бирæ уарзын хъæуы улæфын.
Сæрды каникулты рæстæг ацæуын хъæумæ мæ нанамæ. Уым тынг хъæлдзæгæй арвитын мæ улæфты рæстæг. Ис мын дзы бирæ хæлæрттæ. Уыдонимæ дæр нæ рæстæг арвитæм тынг хъæлдзæг.
Хъæумæ хæстæг ис чысыл хъæд. Нанаимæ дзы фæтонæм гагадыргътæ, фæуидзæм зокъотæ. Хъæды чъылдыммæ кæлы цæугæдон, лæппутимæ дзы нæхицæн саразæм хорз найæн бынат. Чысыл уæлдæр та дзы фæахсæм кæсæгтæ. Изæры та нанайæн æххуыс фæкæнын фосмæ зилынмæ.
Ацы аз фыццаг хатт ацыдтæн хос кæрдынмæ. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд райсомы æртæхджын кæрдæгыл цæвæджы зæлланг куыд хъуысти, уый. Хос кæрдгæйæ дæр æмæ улæфгæйæ дæр банкъардтон хъæууон цард мæ зæрдæмæ кæй цæуы, уый.
Тынг хорз мæм кæсы сæрдыгон хъæуы. Иннæ аз дæр та, æнæмæнгæй, ацæудзынæн хъæумæ.
2. Сараз радзырд «Мæ улæфты бонтæ».
3. Цавæр номдартимæ ис бабæттæн лæвæрд миногонтæ?
Ныхæст гæххæт, дзабыр, фæйнæг.
курæггаг …, …, …
аслам …, …, …
рæсугъд …, …, …
уарзон …, …, …
4. Æмдзæвгæ.