Хатыр: на зыдтам аргъ да кадан !


Джыккайты Шамилы мысынжн Йж тынтж хур сжужхсидмж жрвыста,Сжууон жртжх зжлдаг сыфтыл жрхауд.Жнжнхъжл, арвжй урс – урсид фжлысты Хжххон Дзомагъмж Хъодыгонд зжд ‘ртахт. СОВЕТОН ЖМЖ УЖРЖСЕЙЫ АХУЫРГОНДФИЛОЛОГ, ФЫССЖГ, ПУБЛИЦИСТ,КРИТИК, ЖХСЖНАДЫ КУСЖГ. Цжгат Ирыстоны аджмон поэт,профессор. Ныффыста жхсжз поэтикон жмбырдгонды жмж жртж пьесжйы. Ирыстоны номдзыдджр лжгтжй сж иу. Ирон жвзагмж тжлмац кодта фжсаржйнаг жвзжгтжй. Мж ныхыл рухс цырагъ сыгъдис,Мж риуы зжлыдис дзжнгжржг,Йж дзингжй талынгмж лыгъдисХуыснжг, хжйржг жмж жрвнжржг. Хъазуаты сидтжн жз фждис, Фжткъуы бжлас ныссагътон.  Мжнжн, цы зжгъон, уый уыдис, Зжгъын цы хъуыд, уый загътон.  Мж хъжржй нж райхъал жфсарм, Нж ужм хъуыст фыдохы мж фждис. Жртж урс дуры Дзомагъжй жрхастон,О ме скжнжг, цжй амондджын джн жз!Нж зжххжй мжм жртж хорзы жрхауди:Йж рыст, йж маст жмж йж уарзт. Уыдис мын дзуар жмж жмгар, Нж хастон худ жгаджй. Кжлмытж амардтон дзжвгар, Нж лыгъдтжн дард дзынгатжй.  Мж Ир, цы маст зоныс мжнжй, Мж уд цжй охыл дарыс артмж? Кжд мын цжржн дж риуыл нжй, Ужд дзы кжджм фжлидзон дардмж?  Ирон дзырдтж мын хуртж сты... УждджрДыууаджс дзырды — се ‘ппжтжй хуызджр.Лжууы сж сжргъы фарны дзырдтжн ЦАРД,Йж фидауц уымжн — арвы стъжлфжн — АРТ.Нжртон дзырдтжн сж фжлмжнджр у МАД,Цжуы йж армжй аджмыл БЖРКАД.Нж дзыллжйжн йж рухсджр бжллиц — ФАРН,Ужздан лжгжн йж ужлджр цин — ЖФСАРМ.Сыгъджг уджн йж мжты сжр — ХЖЛАР,Ыскжны мах Хуыцауы ‘мсжр ЖХСАР.Лжджы нысан — СЖРИБАР жмж КАД.Сж сжрвжлтау хъжуы хжцынжн КАРД.Жппжт хжрзтжн ИРЫСТОН у бындур, —Жнж уый мжн нж тавдзжни сж хур. Схъулон ис дж хъарм туджы жртжхтжйСихорафон хъжды ‘рдузы зжхх.Дард, фжсхохы Дзомагъы къждзжхтжСау цжссыг цжуыл ызгъалынц, зжгъ?! Хатыр: нж зыдтам аргъ дж каджн,Цжргжйж нж ржвдыд нж зыдтай,Ныр дыл зжрджбынжй жркуыдтойНж Ир, дж табугжнжг аджм. Кжд базондзыстжм царды бонтжн аргъ, Адзал хъызт зымжг къжсжргжрон ниуы... Нжхи йедджмж никжй хъжужм мах, Нжхжджг та нж аужрджм нжхиуыл...