Урочы конспектИрон авзаджы барагбон





Гасынты Анжела
Хъарманы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг.
Хъуысы мелоди
( Рацыдысты сывæллæттæ)
1 аг : Ды искуы федтай дидинæгджын фæзтæ
Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?
Уый у мæ Ир –
Мæ Райгуырæн хæхбæстæ,
Зæххы фидынц,
Дунейы фарны къуым.
2 аг : Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,
Нæ дзы взæры хæстæг æмæ дæрддаг.
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!
3 аг : Мадæлон æвзаг… Саби фыццаг зарæг цы æвзагыл фехъусы,йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл.
4 аг : Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг, бирæвæрсыг æмæ къабузджын.
5 аг : Æрмæстæдæр ирон æвзагыл ис арф бамбарæн Иры хæхты урс ферттывд, æнусон Терчы зарæг, къахфындзтыл сираг сагсур лæппуйы фæнд, ирон авдæны хуыссæг сабийы адджын фын, дыргъбæлæсты сыбар - сыбур,ног хуымгонд быдырты цин æмæ ма суанг хоры мысты катай дзаг къутуйы алыварс.
6 аг : Ахсджиаг у мадæлон æвзаг. Хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг.
7 аг : Уый афтæ куы нæ уаид, уæд мах абон куыд хъусиккам æмæ æмбариккам ирон адæмы уарзон поэт, ирон адæмы сæрхъуызой – Хетæгкаты Къостайы хъæлæс? Куыд зониккам, цы фыст ис нæ фыдæлты хæзна « Нарты кадджыты?»...
8 аг : У махæн арвау стъалыджын нæ дзырдуат.
Нæ намыс – не взаг, зарджытæн сæ таг Ирæттæй нæ æрмæстдæр зонынц уымæн,
Кæй нын ис « Нартæ», «Симд» æмæ Къоста( Кафт « Симд»)
1 амонæг: 1899 азы, 15 майы, Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад - мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».Сæдæ азы фæстæ та, 1999 азы нæ республикæйы президент Дзасохты Алыксандыр рауагъта указ, 15 май куыд суа ирон æвзаг амæ литературæйы бæрæгбон .
2 амонæг: Нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу у нæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг.
3 амонæг: Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ алолайы зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ.
4 Кæсæг.
Не взаг – ирон лæджы царды бындур.
Не взагимæ ныл ыскæсы нæ хур.
Не взаг нæ цардæн у фидар гæнах!
Не взаг – нæ къонайы судзгæ цырагъ.
Не взаг – Къостайы фæдонты хъысмæт.
Æмæ йыл бакæнут, ба, мæ хур, мæт!
Уый нын нæ хæхтау æнусты цæрдзæн!
Арвау цæхæркалгæ дардыл нæрдзæн!
Не взаг – хæзнадон, бæркадджын къæбиц.
Не взаг – нæртон лæджы рагон бæллиц.
Не взаг – Васойы хъуыдыты цæхæр.
Не взаг – у не гъдау, нæ амонды сæр.
Не взаг – дыууæ Иры иугæнæг хид.
Не взаг! Ирон лæджы уæнгты æхсид !
Ма уæд ирон тугæн фесæфæн, ма !
Не взаг æнгомдæр, уадз, Иры бæтта
Не взаг – нæ фыдæлты фарн æмæ кад.
Не взаг – нæ намыс, нæ уыдзæн æгад.
Арвыл кæй ном фыст æрцыдис, кæс-ма!
Стъалыты дзыгуыр ысхуыдтам «Къоста!»
5 амонæг: Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг. Æнусæй æнусмæ алы рæтты цæугæйæ ирон адæмæн уыди бирæ алыхуызон сыхæгтæ. Уымæ гæсгæ не взаг у бирæвæрсыг, къабазджын. Ирон æвзаг у, зæххы къорийыл рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу.
«Уæ мæ ирон æфсымæр.»
Уæ мæ ирон æфсымæр,
Абон булæмæргъ зарыди хъæды.
Уый йæ зарæг нывæзта
Йæ фыдæлты уагыл.
Уæ мæ ирон æфсымæр,
Абон булæмæргъ зарыди таджы Зарæг афтæ мыдамæст, рæсугъд уыд,
Цыма зæлыд нæ ирон æвзагыл.
( Уалыты Лаврент )
6 амонæг: Мæнæ куыд зæгъы ирон номдзыд поэт Дзанайты Иван- Нигер мадæлон æвзаджы тыххæй: «Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццагдæр йæ мадæлон æвзаг базоны, уый фæстæ та- иннæ адæмты æвзæгтæ».
7 амонæг: Ахсджиаг у мадæлон æвзаг, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд мах абон куыд хъусиккам, æмбариккам ирон адæмы уарзон поэт, нæ сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ?
1 амонæг: Æвæдза, ирон адæм тынг амондджын сты, уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса- Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста Кады тырысайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ уыдзæн, æмæ искуы тырыса дæлæмæ куы ‘руадзæм.
2 Кæсæг: «Нæ Иры намыс»
Къоста, Къоста, Ирыстоны кад,
Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад,
Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад,
Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад.
3 скъоладзау: Ирон удыхъæдæй уынгæг хæхты цъæстæй бирæ дарддæрмæ чи касти æмæ нæ фидæн чи уыдта, ахæм куырыхонтæ уыдысты Æгъуызаты Иуане, Хъаныхъуаты Инал, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Дзасохты Гиго, Гæдиаты Цомахъ, Нигер æмæ бирæ æндæртæ.
Мах абон ныллæг кувæм нæ сæртæй, не ‘взаг абон кæй руаджы зæлы, нæ уыцы разагъды лæгтæн.
«Ирон дзырд»
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,
Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.
Ирон дзырд махæн – фыдæлты намысИрон дзырд – Иры цæсгом.
Æз балбæлас федтон дидинæг калгæ,
Ног чындзау дардмæ зындис.
Сæууон рухс уагъта бæрзонд уæларвмæ, –
Уый кæд ирон дзырд уыдис.
Ирон дзырд, ирон дзырд тæхгæ цæргæс у,
Рагæй йæ агуырдтон æз.
Ирон дзырд мады фæлмæн хъæлæс у,
Ирон дзырд – мады æнгæс.
Ирон дзырд – хурдзæсгом, зæххыл нæ уды,
Арв та – йæ базырты бар.
Уалдзыгон бонау мидбылты худы,
Гом кæны зæрдæйы дуар.
Ирон дзырд мæн абон йæ куывдмæ хоны,
Цин ма цы вæййы æндæр?
Абон, ирон дзырд, дæ бæрæгбоны
Хъуамæ фæзарон æз дæр.
О, ацы уалдзæджы фыццаг арвнæрдæн,
Ирон дзырд басгуыхт æмбал.
Дзырдаивады æрвхуыз уыгæрдæн,
Дидинæг, дидинæг кал!
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,
Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.
Ирон дзырд махæн – фыдæлты намысИрон дзырд – Иры цæсгом.
( Чеджемты Ахсар )4 амонæг: Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Ахæм адæймаг у æнæфенд, цыбыр зонды хицау. Йе взагыл былысчъил, уæлæхох чи кæны, уымæй хорз адæймаг никуы рауайдзæн, уымæ хорз фидæн не ‘нхъæлмæ кæсы, мæнæ, бæласыл бадгæйæ, къалиу йæ быны чи лыг кæны, уый хуызæн.
«Уайдзæф»
Ирон æвзаг,
Ирон кæрдзын
Уæ сæрмæ дæр куы нал хæссут !
Дзæбæх мын ут, фæлæ тыхстæй
Иронау дæр куы нал хъæрзут.
Йæхи дурæй,
Йæ бындурæй
Æргъау мæсыг цæмæ хæлы?
Мæ сау нымæт, мæ сау саргъылМæ цæстысыг цæмæ згъæлы?
Нæй фесæфæн ирон æвзагæн, нæй,
Ирон адæм уæд фесæфдзысты демæ.
Ирон æвзаг мæ зæрдæ у мæнæн,
Куы мæла уый, уæд амæлдзынæн йемæ.
( Чеджемты Ахсар)
5 амонæг: Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм цæстыгагуыйау нæ фыдæлты хæзна-мадæлон æвзаг, уæм сæрыстыр нæ Ирыстонæй, не’гъдæуттæй, нæ адæмæй.
6 амонæг: Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не’ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм.
Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,
Нæ дзы взæры хæстæг æмæ дæрддаг.
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ,
Æрмæстдæр ды, нæ мадæлон æвзаг.
Куы нæ уа не взаг, нал уыдзыстæм мах дæр,
Нæхи сæфтмæ цæмæ бæллæм, зæгъ-ма!
Фæдисонау цæгъдæм дзæнгæрæг Ирыл:
О, бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна .
( Хъуысы «Ханты цагъд». Рацыдысты сывæллæттæ æгъдауимæ.)
7 амонаг- Иры фæсивæд! Худинаг уæм куыд нæ кæсы æнцад бадын фыддæрагæн!
Иу уæ куыд нæ тæрсы фесæфынæй Иры взагæн!
- Топпы цæф тагъд дзæбæх кæны.
Æвзаджы цæф- æрæгмæ.
Фыдæвзагæй бæстæ хæлы-
Макуы йæ рхæсс дæ сæрмæ!
- Куы нæ уа не взаг- нал уыдзыстæм мах дæр.
Нæхи сæфтмæ цæмæн бæллæм, зæгъ-ма?
Фæдисонау цæгъдæм дзæнгæрæг ИрылНа ферох уыдзан мадалон авзаг!
-О, Стыр Хуыцау! Фыдрæстæгæй нæ бахиз. Нæ кæстæрты нын раст фæндагыл сараз.
- Дæ хæрзтæ, Ир, нæ бафиддзыстæм донæй,
-Дæуæй зонæм ныййарæг мады ад!
- Мах дзурдзыстæм кæддæриддæр иронау(Иумæ) – Нæ ферох уыдзæн мадæлон æвзаг!
(Зарæг « Ирыстон» )
8 Амонæг: Ууыл нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Бузныг уе ‘ппæтæн дæр! Ног фембæлдмæ!