Перевод на осетинский язык русской народной сказки Алёнушк? ?м? йе фсым?р Иванушк?


Алёнушкӕ ӕмӕ йе 'фсымӕр Иванушкӕ
Уырыссаг адӕмон аргъау.
Цардис-уыдис зӕронд лӕг ӕмӕ зӕронд ус. Уыдис сын чызг Алёнушкӕ ӕмӕ гыццыл лӕппу Иванушкӕ. Амардысты зӕронд лӕг ӕмӕ зӕронд ус. Зыбыты иунӕгӕй баззадысты чызг ӕмӕ лӕппу. Иу хатт чызг сфӕнд кодта куыстагур ацӕуын ӕмӕ ахуыдта йемӕ йӕ гыццыл ӕфсымӕры.

Цӕуынц, уӕдӕ цы уыдаид, чызг ӕмӕ лӕппу даргъ, уӕрӕх, ӕнӕдон быдырыл. Бӕрзондӕй хур ӕнӕвгъауӕй тавы. Дойныйӕ бастад Иванушкӕ ӕмӕ дзуры йӕ хомӕ:
- Аленушкӕ, сдойны дӕн, дон мӕ хъӕуы!
- Фӕлӕу гыццыл, цъаймӕ бахӕццӕ уӕм.
Цӕуынц та дарддӕр сӕ фӕндагыл, уӕдӕ цы уыдаид.
Хур - бӕрзонд, цъай -дӕрддзӕф, ӕнтӕф удхарӕй мары, хид донӕй уайы. Мӕнӕ сӕ размӕ фӕци хъуджы сӕфтӕджы фӕд, донӕй йӕ тӕккӕ дзаг.
- Аленушкӕ, ӕз ацы донӕй бануазон
- Нӕ, ма дзы бануаз, гыццыл род фестдзынӕ!. Ӕфсымӕр йӕ хойы коммӕ бакаст, нӕ банызта донӕй ӕмӕ дарддӕр арст сты.
Хур - бӕрзонд, цъай-дӕрддзӕф, ӕнтӕф удхарӕй мары, хид донӕй уайы. Мӕнӕ сӕ размӕ фӕци бӕхы сӕфтӕджы фӕд, донӕй йӕ тӕккӕ дзаг.
- Алёнушуӕ, ӕз ацы фӕдӕй дон нуазын!
- Ма баназ, ме 'фсымӕр, байраг фестдзынӕ!
Ныууылӕфыд арф лӕппу ӕмӕ та дарддӕр сӕ фӕндаджы цыд кӕнынц.
Хур - бӕрзонд, цъай-дӕрддзӕф, ӕнтӕф удхарӕй мары, хид донӕй уайы. Кӕсынц ӕмӕ сӕ разы сӕгъы сӕфтӕг, донӕй йӕ тӕккӕ дзаг.
- Нал у мӕ бон, Алёнушкӕ! Ӕз ацы донӕй нуазын!
- Ма баназ, ме 'фсымӕр, сӕныкк фестдзынӕ.
Нал байхъуыста лӕппу йӕ хойы коммӕ. Анызта донӕй ӕмӕ лӕппу сӕныкк фестадис.

Сиды чызг йе 'фсымӕрмӕ, агуры йӕ. Фӕлӕ йе 'фсымӕры бӕсты йӕ фӕдыл згъоры гыццыл урс сӕныкк. Бамбӕрста чызг хъуыддаг, йӕ
цӕссыгтӕ ӕркалдысты, ӕрбадт кӕрдӕгыл ӕмӕ ныккуыдта. Йӕ фарсмӕ та сӕныкк цъӕх нӕуыл гӕппытӕ кӕны.

Уыцы рӕстӕг фӕндагыл цыд сӕудӕджер. Чызджы куы ауыдта, уӕд йӕ бӕх фӕуырӕдта. Ӕргӕпп кодта зӕхмӕ ӕмӕ бацыд чызгмӕ. Фӕрсы йӕ:
- Цӕуыл кӕуыс, мӕнӕ рӕсугъд чызг 1485903810
Радзырдта чызг, цы ӕнамонды хабар сыл ӕрцыд, уый. Ӕмӕ уӕд сӕудӕджер дзуры чызгмӕ:
- Баком мын усӕн. Ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дариты арӕзт уыдзынӕ, сӕныкк дӕр цӕрдзӕн немӕ.
Чызг арахъуыды-бахъуыды кодта ӕмӕ ратта разыйы дзуапп.
Цӕрынтӕ байдыдтой, уӕдӕ цы уыдаид. Сӕныкк дӕр семӕ цӕры, семӕ иу тӕбӕгъӕй хӕры ӕмӕ нуазы.
Иухатт лӕг цуаны куы уыд, уӕд сӕм фӕзынд кӕлӕнгӕнӕг ус. Рудзынджы бын ӕрлӕууыд ӕмӕ лӕгъз хъӕлӕсӕй дзуры чызгмӕ, хоны йӕ найынмӕ цӕугӕдонмӕ.
Ӕрбасайдта чызджы кӕлӕнгӕнӕг ус доны былмӕ. Фӕлӕбурдта йӕм, дынджыр дур ын йӕ хъуырмӕ абаста ӕмӕ йӕ афтӕмӕй донмӕ ныппӕрста.
3213735196850Алёнушкӕйы доны уылӕнтӕ сӕ быны акодтой.
Кӕлӕнгӕнӕг та райста чызджы хуыз, скодта йӕ уӕлӕ чызджы дзаумӕттӕ ӕмӕ йын араст йӕ хӕдзармӕ.
Ничи базыдта Алёнушкӕйы хуызы кӕлӕнг усы. Нӕ базыдта кӕлӕнгӕнӕджы фӕлывд митӕ сӕудӕджер дӕр. Ӕцӕгдзинад зыдта ӕрмӕст сӕныкк. Ӕрӕнкъард: нал хӕргӕ кӕны, нал нуазгӕ. Алы райсом ӕмӕ алы изӕр згъоры цӕугӕдоны былмӕ. Ӕнкъардӕй сиды йӕ хомӕ:
628650 - Уӕ мӕ уарзон хо, Алёнушкӕ!
Рахиз, раленк мӕм кӕн донӕй…
Бӕзыдта кӕлӕнгӕнӕг, сӕныкк йӕ хойы агурӕг кӕй фӕцӕуы, уый. Стыр тас дзы бацыд ӕмӕ сфӕнд кодта сӕныччы дӕр фесафын. Нал ӕмӕ нал уадзы лӕджы, хаты йӕм:
- Аргӕвд, аргӕвд уыцы сӕныччы.
Лӕг тӕригъӕд кодта сӕныккӕн, фӕлӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд.
Стыр арт бандзӕрстой, агтӕ бауӕларт кодтой. Болат кӕрдтӕ дауынц кусарт кӕнынмӕ. Бамбӕрста сӕныкк , цӕрын ын бирӕ кӕй нал баззад, уый. Дзуры йӕ кӕнгӕ фыдмӕ:
- Мӕ мӕлӕты размӕ ма мӕ фӕстаг хатт ауадз донбылмӕ. Иу хатт ма баназон сыгъдӕг дон. Мӕ тъӕнгтӕ дзы асыгъдӕг кӕнон.
- Ацу, азгъор.
Азгъордта сӕныкк цӕугӕдонмӕ, слӕууыд донбыл ӕмӕ тӕригъӕддаг уаст кӕны йӕ хомӕ:
40995602540 - Уӕ мӕ уарзон хо, Алёнушкӕ!
Рахиз, раленк мӕм кӕн донӕй.
Арт гуыр- гуырӕй судзы,
Дон пӕлхъ-пӕлхъӕй фыцы,
Болат кӕрдтӕ дауынц,
Мӕн ӕргӕвдынмӕ хъавынц!
Чызг ӕм доны бынӕй дзуры:
- Ох, ме 'фсымӕр, Иванушкӕ!
Уӕззау дур мӕ дӕлдон кӕны,
Зӕлдаг кӕрдӕг мын мӕ къӕхтӕ бӕтты,
Бур змис мӕ риуыл бады.
Уыцы рӕстӕг къулбадӕг ус сӕныччы агурыдта. Нӕ йӕ ссардта ӕмӕ йе 'ххуырстмӕ фӕдзырдта:
- Цӕугӕ, ссар сӕныччы ӕмӕ йӕ мӕнмӕ ӕрбакӕн!
Ацыд фӕсдзӕуин цӕугӕдонмӕ ӕмӕ уыны: донбылтыл разгъор-базгъор
кӕны сӕныкк ӕмӕ тынг тӕригъӕддаг уаст кӕны:
3337560257175
- Уӕ мӕ уарзон хо, Алёнушкӕ! Рахиз, Рахиз, раленк мӕм кӕн донӕй.
Арт гуыр-гуырӕй судзы,
Дон пӕлхъ-пӕлхъӕй фыцы,
Болат кӕрдтӕ дауынц,
Мӕн ӕргӕвдынмӕ хъавынц!
Донӕй сыхъуысти йӕ хойы хъӕлӕс.
- Ох, ме 'фсымӕр, Иванушкӕ!
Уӕззау дур мӕ дӕлдон кӕны,
Зӕлдаг кӕрдӕг мын мӕ къӕхтӕ бӕтты,
Бур змис мӕ риуыл бады.
Фӕсдзӕуин азгъордта сӕудӕджермӕ ӕмӕ цыдӕриддӕр федта ӕмӕ фехъуыста,
1333566040

Адӕм фӕфӕдис сты. Райстой цыллӕ хызтӕ ӕмӕ азгъордтой цӕугӕдонмӕ. Арф баппӕрстой зӕлдаг хызтӕ донмӕ ӕмӕ дзы раластой Аленушкӕйы. Аппӕрстой йын йӕ уӕззау дур , ныннадтой йӕ суадоны сыгъдӕг доны. Йӕ уӕлӕ йын скодтой рӕсугъд дзаумӕттӕ. Чызг цы уыд, уымӕй авд хатты рӕсугъддӕр ӕмӕ хӕрзконддӕр фестад. Хуртӕ ӕмӕ дзы мӕйтӕ сӕрттывтой.
Сӕныкк фырцинӕ ӕртӕ чъыллиппы акодта чызджы алыварс ӕмӕ фӕстӕмӕ лӕппу фестад. Нал уыд сӕ цинӕн кӕрон. 3413760201295
Кӕлӕнгӕнӕджы та бӕхы къӕдзилмӕ бабастой. Бӕхы ехсӕй ӕртӕ цӕфы фӕкодтой ӕмӕ йӕ тыгъд быдыры ауагътой. Дӕ балгъитӕг дӕр уыцы кӕлӕнгӕнӕджы сӕфт куы фӕкӕнид. Сӕудӕджер та йӕ бинонтимӕ абон дӕр амондджынӕй цӕры, фыдбылыз сӕм ӕмгӕрон дӕр нал ӕрцыд.