Презентация к уроку осетинской литературы Хостыхъоты Зина


Темӕ: Хостыхъоты Зинӕйы лирикӕйыл афӕлгӕст 1937-1995 Рӕсугъд зӕрдӕ нӕ амӕлы,зӕгъынц,Уый фесты ном,дунейы фарныл бафты. Йӕ тых,йӕ ныфс сӕдӕ азты тӕхынцӔмӕ цӕрынц сӕдӕ фӕлтӕры царды. Хостыхъоты Зинӕ Урочы нысан:Бацамонын ахуырдзаутæн, цы у ӕцӕг поэзи. Ахуыр сæ кæнын иртасын мæнг поэзи ӕцӕг поэзийæ иртасын. Базонгæ сæ кæнын upoн поэзийы рӕзтимӕ. Хостыхьоты Зинӕйы цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ. Бамбарын кӕнын сывӕллӕттӕн, Зинӕйы поэтикон дуне кӕй у цымыдисаг, йӕ поэзи кӕй ссардта аккаг бынат нӕ ирон дзырдаивады хӕзнадоны, цымыдисаг ӕмӕ риссаг кӕй сты поэтӕн йӕ цард ӕмӕ йе' нафоны мӕлӕт дӕр.  Ногбоны сæнттæАцы ногазон изæрмæ æз цæрæнбонты куывтон,Ацы амонды къæсæрмæДардæй мигъвæлмы цыдтæн.Зæххыл амонд у æлутон,Фаг дзы никæй ма фæци,Ацы ног æхсæв мæ удæн Йемæ 'рхаста амонд, цин.æмæ зæрдæ куры зарын,Фестад уадындзы зæл цард!Уарзты сусæг ронг мын дарыУый дæ сау цæстыты арт. Плиты Грисы ӕмдзӕвгӕ» Развӕд»-ӕй:« Кӕм дӕ, кӕм дӕ,дзырддӕсныйад,фӕзынМӕ хъӕрмӕ тагъд, нӕртон ххуыс дӕ курын.кӕнын ӕст мӕ рухс фӕндтӕн сӕ зын,-Хъӕуы мӕ ныр мӕ сыгъдӕг сӕнттӕ дзурын.Ӕмӕ мын радт тыхджын дзырдтӕ: кӕрдаг,Фӕринк кардау,уӕзӕй -ӕфсӕйнаг хохау,Зӕгъынӕн-рог,хъуыдыйӕн-раст,ӕрдаг,Сӕ сыгъд-зынгау,рӕхойынмӕ-джебогъау.кӕм дӕ,кӕм дӕ,дзырддӕсныйад,фӕзын..»  Бестауты Георгийы хъуыдытӕ:Хостыхъоты Зинӕйы нымайӕн ис нӕлгоймӕгты ӕмрӕнхъ йӕ ирд поэтикон уацмыстӕй.Йӕ фӕзынд поэзийы уайтагъд фӕбӕрӕг. Поэтессӕйы фыццаг поэтикон ӕмбырдгонд "Райсомы ӕртӕх«-ӕн стыр аргъ скодтой поэттӕ ӕмӕ литературон критиктӕ : Бестауты Георги,Дзуццаты Хадзы-Мурат,Джусойты Нафи,Гаглойты Федыр, Джыккайты Шамил.Ирон поэзи Зинӕ срухс кодта йӕ рӕсугъд чызджы зӕрдӕйӕ. Уый йӕм бахаста сылгоймаджы цин ӕмӕ зын, срӕсугъд ӕй кодта ӕнӕвнӕлд Зинӕйы тематикӕЗинӕйы поэзи хъӕздыг у алыхуызон тематикӕйӕ. Йӕ лирикон ӕмдзӕвгӕты дзуры ӕнусон уарзондзинадыл, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы вазыгджын ахастытыл.Фӕлӕ йӕ царды сӕйраг хӕсыл нымайы уарзын: Йӕ райгуырӕн бӕстӕ, йӕ фыды уӕзӕг, йӕ ныййарӕг мады,йӕ ирон ӕвзаг,кӕцытимӕ баст у йӕ мӕлӕты онг. Ӕмдзӕвгӕ бакӕсын ӕмӕ равзарын«Æз мæ зæрдæйы рæхыстæйИры урссæр хæхтæм баст дæн.Æз мæ гуырдз, мæ ныхыфыстæйАрдæм царды бонтæм хаст дæн.Æз мæ уарзоны цæстытæйБаст мыггагмæ дæр мæ Ирмæ,Ме стыр цин æмæ мæ рыстæйБаст дæн ацы зæххы риумæ.Баст дæн райгуырæн уæзæгмæÆз дзыццайы урс дзыккутæй, Баст - нæ къонайы фæздæгæй,Баст - сæныкхизæн цъæх къултæй... Нæ амонд Нæ амонд адзæгъæл зæвцы фыдæй, зæфцыНæхæдæг ауагътам нæ судзга артыл дон,Фæлæ дæ ацыдимæ, 'нхæлыс, цард фæци?æнхъæлыс, авд дуары дыл ахгæдтон бынтон?Ныннæрдзæн иу хур бон дæ сæрмæ арв æваст,Ды дисы бафтдзынæ, - цы хабар у, цы у?!О, уый ызгъордзæни æнæсаргъ бæхыл уарзтæмæ дæ баййафдзæн, кæдæмфæндыдæр цу.Мæ уарзт нæ бауадздзынæн рæстæгæн хæрын,æнусты арф хъуырæй дæр ратондзынæн дæу.æз не 'хсæн сыскъуындзынæн сау фыдæхы рынæнхъæлыс, а чызджы бон уыйбæрцытæ нæу?!   Мадæлон æвзагУадз, равзæрæд сæдæ ’взаджы мæ комы,Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс,Цæмæй дæттон нуазæны куывды,Цæмæй ныззарон булæмаргъау æз.Цæмай нæ хæхтæм хорз уазæг куы ’рцæуа,-æфсымæр ын йæхи ’взагыл зæгъон.Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа,-Йæ ныхмæ кард йæхи ’взагыл цæгъдон…Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ,Нæ фыдæлтæ цы ’взагыл хордтой ард,Цы ’взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм,Кæй фæрцы ис нæ хорз æгъдæуттæн цард,Цы ’взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг,Йæ дарæгæй йæм сау гæххæт куы ’рцыд,Цы ’взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!»-Зæгъут - ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?!   Я тебя приглашаю в свое село,Я мечтаю о нашей с тобой дороге,Встретит старая мама тебя тепло,Вместе с ней и ты посиди на пороге.Спрячет руки под фартук, чтобы не смогТы увидеть, сколько на них мозолей,Но не станет прятать своих тревог – И своих обид не станет тем более.Скажет: «Нынче не хватит корму скоту…С коровенкой несчастной сплошное лихо…Где уж быть молоку, коль солома во рту…»А потом о войне тебя спросит тихо.Ты утешь мою маму, скажи, что войнеНе позволим войти ни в какие двери,Пусть за двух сыновей не боится вдвойне,Ты – мужчина, тебе она больше поверит.Я тебя приглашаю в свое село,Хоть ты сел на веку повидал немало,Но в моем по-особому как-то тепло,Там живет моя добрая, старая мама. «Æз мæ зæрдæйы рæхыстæйИры урссæр хæхтæм баст дæн.Æз мæ гуырдз, мæ ныхыфыстæйАрдæм царды бонтæм хаст дæн.Æз мæ уарзоны цæстытæйБаст мыггагмæ дæр мæ Ирмæ,Ме стыр цин æмæ мæ рыстæйБаст дæн ацы зæххы риумæ.Баст дæн райгуырæн уæзæгмæÆз дзыццайы урс дзыккутæй, Баст - нæ къонайы фæздæгæй,Баст - сæныкхизæн цъæх къултæй... Хостыхъоты Зинæйы мемориалон фæйнæг Хӕдзармӕ куыст:1.Хостыхъоты Зинӕйы цард ӕмӕ сфӕлдыстад.2.Иу ӕмдзӕвгӕ наизусть сахуыр кӕнын.