Презентация на тему: Агъуызаты Иуане 9 кълас


ÆГЪУЫЗАТЫ ИУАНЕ(1775 – 1830). ИУАНЕЙЫ КУЛЬТУРОН – ÆХСÆНАДОН КУЫСТ. Æгъуызаты Гиуæргийы фырт Иуане (йе ’цæг мыггаг уыд Гæбæратæй, фæлæ цæмæй уæзданыл нымад уыдаид, уый тыххæй йæхи фыста рагон ирон паддзæхты мыггæгтæй иуыл – Æгъуызатыл) райгуырд 1775 азы Хуссар Ирыстоны, Залдайы хъæуы. Чысыл лæппуйæ Калакмæ афтыд, æмæ йæ уым Гуырдзыстоны номдзыд паддзах Иракъли2-æм ахуыр кæнынмæ радта иу ахуыргонд дингæнæг Иоанн Карумидземæ. Фынддæс азы фæцахуыр кодта Иуане æмæ уый фæстæ, 1798 азы, ахуыргæнæгæй нысангонд æрцыд Душетмæ. Уым ахуыр кодта зæхкусæг сабиты кæсын æмæ фыссын. Се ’хсæн уыди ирæттæ дæр. Ахуыргæнæгæй фæкуыста æртæ азы, стæй уæд 1802 азы кусын райдыдта уырысы паддзахæн Гуырдзыстоны цы хицæуттæ уыд, уыдонмæ тæлмацгæнæгæй. Иуане зылди Хуссар Иры хъæутыл, амыдта адæмæн,цæмæй уырысы æфсады ныхмæ тохыл ма слæууой, фыдбылызæй сæхи бахизой.Уырысы хицæуттæм та хæццæ кодта уæды ирон фæллойгæнджыты бархъомыс – ома сæ гуырдзыйы ’лдæртты ’фхæрдæй куыд бахизой, уæлдайдæр та мацабел æмæ ерыстау æлдæртты тыхтонайæ. 1815 азы Æгъуызаты Иуане кусын райдыдта тæлмацгæнæгæй Тифлисы (Калачы) ирыл динтауæг къамисы. Фæкуыста дзы цыппар азы бæрц, стæй 1820 азы æрвыстæрцыд ахуыргæнæгæй Калачы дины семинармæ.уый фæдыл бардзырды Фыст уыди афтæ: «Æгъуызаты Иуане йæ мадæлон ирон æвзаг æмæ гуырдзиаг æвзаг бындуронæй кæй зоны, уый тыххæй нысан æрцыд, семинармæ цы ирон сабитæ райстой, уыдонæн ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгты ахуыргæнæгæй». Æртæ азы бакуыста Иуане семинары, стæй 1822 азы ныууагъта йæ куыст йе ’нæниздзинадмæ гæсгæ. Иуане цалынмæ куыста, уæдмæ архайдта ирон сабиты семинармæ исын æмæ ахуыр кæныныл. Уыдонæн – иу Иуанейы хæдзары дуæрттæ æдзухдæр уыдысты гом. Цардысты йæм æмæ ахуыр кодтой Балаты Иуане, Гуыбаты Гаврил æмæ Черменты Гай. Ахуыры фæстæ ма сæ кусынмæ дæр арвитын кодта Нармæ, Нузалмæ æмæ Джинатмæ.1822 азæй фæстæмæ кусынмæ нал ацыд. Ирон æвзагмæ тæлмац кодта дины чингуытæ.1830 азы 5 августы Иуане амард халерæй. ИУАНЕ – РУХСТАУÆГ.Иуане йæ царды нысаныл нымадта ирон адæммæ хæхты цъассытæм ахуырдзинады цырагъ бахæссын. Уыцы цырагъ та йæ хъуыдымæ гæсгæ уыдис чиныг. Иуане сарæзта алфавит æмæ тæлмац кодта ирон чингуытæ. Сарæзта райдиан скъолатæн абеты чиныг – дамгъуат.Калачы скъолайы ахуыр кодта ирон сабиты. Саразын ма кодта иу скъола Чеселтгомы (Сыгъдты).Æппæт уыцы хабæрттæ дзурæг сты ууыл, æмæ Иуане, йæ хъуыды æмæ йæ хъуыддæгтæм гæсгæ, рухстауæг кæй уыд. ИУАНЕЙЫ ИУНÆГ НЫСТУАН Иуанейы ныстуан йæ ныййарæг адæммæ у йæ фæдзæхст, йæ зæрдæйы фæндиæгты цыбыр радзырд, стæй ма ноджы ирон æвзагыл фыццаг публицистон уацмыс.«Мыггаг æмæ цæуæтæй ироны, къаннæг сывæллоны, æркодта мæн Гуырдзыстоны мæликк Ерекъле Дыккаг æмæ радта мæн чиныг ахуыргæнæнмæ иттæг зæрдæйæ. Ацы фæндæй, æмæ кæд сымах, ме ’мирон мыггагæн, йæ афоныл истæмæн бæззин, ахъазхъом фæуин….»