Бритъиаты Елбыздыхъо. осетинский поэт.

: «Брытъиаты Елбыздыхъо – с
·рибары фидиу
·г»




Ахуырг
·н
·г: Хъ
·цм
·зты Зем
·.
Камбилеевк
·йы 2-
·м скъола












Урочы нысан: Фыссжджы цард жмж сфжлдыстад ахуыргжнгжйж ржзын
кжнын скъоладзауты критикон хъуыдыкжнынад.

Урочы хжстж: 1. Базонгж кжнын скъоладзауты Елбыздыхъойы царджй ист
хабжрттимж.
2. Ржзын кжнын сывжллжтты хъуыдыкжнынад лжджыхъжд
бжржггжнжг миниуджытыл жрдзургжйж.
3. Хъомыладон фарст: «Аджймаг йж номы тыххжй цжры».

Спайдагонд ахуырадон технологитж: проблемон ахуырады технологи;
критикон хъуыдыкжнынад ржзын
кжныны технологи;
информацион технологи.





Фжйнжджы фжлыст: Темж: Брытъиаты Елбыздыхъо- сжрибары фидиужг.

Эпиграф: Дардыл хжсс дж цжнгтж,
бжрзонд дж сжр: цжргж-
ужд лжджы цард, мжлгж,
уждджр-афтж.
Нафи

Цитатж: Цжйнжфжлтау, сжрибар аджм,
Цагъаржй туг калжм жлдаржн,
Фжлтау нын амжлын хуызджр.
Къоста

Жмбисжндтж: Хорз лжг аджмжй хжс дары.
Кад жмж лжджыхъжд зжххыл сты, жргуыбыр
сжм кжн жмж сж сис.


Проблемон фарст: Цы у аджймагжн номджттжг?







Урочы пълан: 1. Бацжттжгжнжн ржстжг.
2. Ног жрмжгыл куыст:
а) разныхас
ж) беседж ирон аджмы ивгъуыд жмж абоны царды
жгъджуттыл;
б) беседж проекторжй равдыст жрмжгмж гжсгж жвзаргж
кастжй спайдагжнгжйж;
в) фысджыты сфжлдыстады темжты жмбастдзинад
г) хибаржй куыст
д) дзырдуатон куыст
е) жмбисжндты мидисыл куыст
3. Урочы кжронбжттжн.
а) проблемон фарст райхалын
б) кжронбжттжн жмдзжвгж
4. Хждзармж куыст.
5. Бжржггжнжнтж, комментаритж бжржггжнжнтжм.



Урочы цыд.

1. Бацжттжгжнжн ржстжг.

- Абон урочы равзардзыстжм, ирон лжгжн номджттжг чи у, ахжм миниуджытж Иры номхжссжг лжгтжй иуы цардвжндагыл жрдзургжйж.

2. Ног жрмжгыл куыст.
а) Разныхас:

Ахуыргжнжг кжны разныхас Хъантемыраты Риммжйы уац «Ржсугъд жмж уарзон царды тыххжй дзуры»-йж ( чиныг «Брытъиаты Елбыздыхъо жмж нырыккон ирон литературжйы проблемжтж».) пайдагжнгжйж. Жвдыст цжуынц слайдтж музыкжимж.

- Куырттаты ком Ирыстоны ржсугъдджр кжмттжй иу Фыджлты мжсгуытж рагон цыртдзжвжнтау лжууынц хохы рындзыл.
Жгжрон цъжх арвы хъжбысы бандзыг хжххон цжргжс жмж цжмжджр лжмбынжг кжсы зжхмж. Цы дзы агуры цымж? Жви уый джр дисы бафтыдта жрдзы ржсугъддзинад? Чи зоны
Зжгъынц цжргжс, дам, сждж азы цжры. Кжд жй, мыййаг, зжрыбонты йж царды фжндагмж акжсын жрфжндыд жмж агуры йж рагбонты бжрджытж? Кжд уымжн жркодта цалджр зылды, доны фаллаг фарс цы рагон хждзжрттж жмж мжсгуыты хжлддзжгтж баззад, уыдоны сжрмж?
Жви уый уыцы мжсгуытж жмж хждзжртты 'хсжн агуры аджм кувжндонмж цжужгау кжджм цжуиккой, уыцы хждзар.
Мжнж сжрыстыржй лжууы фыджлты мжсыг, йж фарсы стырджр дуртжй иу дзуры жмыр хъжлжсжй: «Брытъиаты мыггаджы мжсыг джн».
Ужртж гыццыл ждджджр та цы хждзар агуры, уый- Брытъиаты Цопаны хждзар.
Ацы хждзары 1881 азы 10 мартъийы фондз чызджы фжстж райгуырд лжппу-Елбыздыхъо.
Лжггаг лжппуйж джр бжржг вжййы, зжгъгж-иу дзырдтой нж хистжртж. Ацы ныхжстж хауынц Елбыздыхъомж. Асжй джр, конджй джр- алцжмжй жххжст. Цжхжрцжст лжппу гыццылжй джр нж зыдта тжрсын.
Чысылжй фжстжмж джр йж уарзон бынжттжй иу уыд Джллагхъжуы Ныхас.

ж) Фарст: - Цы у Ныхас?
- Кжмжн уыд Ныхасмж цжуыны бар?

- Ахжм бынат раджы заман уыд сылгоймжгтжн джр, хуынд Хурбаджн. Ам-иу ирон сылгоймжгтж кодтой алыхуызон куыстытж, жвдыстой се 'рмджсныдзинад, уыдис сын царды скъола джр. Ам жмбжрста ирон сылгоймаг жхсжнадон царды жуужлтж.
- Абоны царды та цавжр бынат ис ирон Ныхасжн?

Баххжст кжнын сывжллжтты дзуаппытж.
- Уыцы ржстжджы Ныхас уыд царды скъола. Ам хохжгтж кждджридджр хъуыстой зонды ныхжстж, ржзыд сж дунежмбарынад.
Бирж хъжздыгдзинждтж ахаста Елбыздыхъо йемж ирон ныхасжй. Цардбжллон лжппуйжн арфжтж куыд нж кодтаиккой Ныхасы баджг куырыхон хистжртж

Фарст: -Сымахмж гжсгж, цавжр арфжтж кодтой Елбыздыхъойжн хистжртж йж царды фжндагыл жрлжугжйж?
- Ирон лжгжн дард фжндагыл цжугжйж хуызджр арфж вжййы, хорзыл амбжл, зжгъгж. Жмж уыди хжрзжмбжлджытж Елбыздыхъойы фжндагыл. Собиты Инал, Тыбылаты Ципо, Тугъанты Махарбег, Николай Виддиновы жххуысжй архайдта царды бынат равзарыныл жмж уый фждыл фыста: «Жз мжхи нжма базыдтон, нжма равзжрстон бынат царды. Жз разы нж джн ницжййаг хъысмжтыл. Хъуамж царды исты фжд ныууадзон. Уыцы фждыл цжугжйж фжлтжртж жхсызгонжй мысой мжн- мжхи тыххжй нж, фжлж жнджрты разжнгард кжнынмж»!

б) Ацы ныхжстж равдисын проекторжй жмж сж бындурыл скжнын беседж. Беседжйы спайда кжнын жвзаргж кастжй.
- Цавжр нысан жвжры йж размж Елбыздыхъо? Бакжсут уыцы хъуыды жвдисжг ржнхъытж.
- Цжмж бжллы, ног фжлтжртж йж мысой, уымж? Бакжсут уыцы хъуыды жвдисжг ржнхъытж джр.
-Цавжр аджймагжн нж вжййы рох йж ном, баззайы аджмы зжрджты жмж зонды?
- Кжй нжмттж бахжсдзыстжм ацы номхыгъдмж?

Балхынц кжнын сывжллжтты дзуаппытж хатдзжгтжй.

- Жрыгон лжппу агуырдта фжндаг цардмж, аджмы зжрджтжм. Уыцы фжндагыл къахдзжфтж кжнын райдыдта, реалон училищжйы ма куы ахуыр кодта, ужд. Саржзта ахуыргжнинжгтжй драмон къорд жмж жвжрдта къанжг пьесжтж.


- Тынгджр жй йжхимж жлвжста сыгъджг гжххжтты сыф. Жмж уал ыл фжзынд фыццаг жнаржхст къухы фжд- немыцаг философ Ницшейы ныв. Мжнж жнджр сыфтж Елбыздыхъойы къухжй фыстжй. Фыццаг сыфыл стыр дамгъжтжй фыст: «Комеди- «Ужржседзау», йж бынмж «Хъжлдзжг ныв».
- Вазыгджын нысаныл нымадта, аджймаг жмж нацийы ном бжрзонд жвжрыны хъуыддаг.

Проекторжй равдисын жмж бакжсын: «Цыфжнды фыд уавжрты джр аджймаг хъуамж тырна уды сжрибардзинадмж, ма фесафа лжджы ном ржсугъдгжнжг миниуджытж, бжрзонд хжсса йж ном, йж хорз жгъджуттж. Уыдон не сты, ужд та худинаджы бжсты мжлжтыл джр разы ужвын».

в) Абарын ацы ныхжсты хъуыды фжйнжгыл фыст Къостайы жмдзжвгжйы ржнхъыты хъуыдыимж. Сбжржг кжнын сж иумжйаг идейон мидис.
Цжйнжфжлтау, сжрибар аджм,
Цагъаржй туг калжм жлдаржн,
Фжлтау нын амжлын хуызджр.
- Цавжр аргъ кжнынц ацы ныхжсты автортж сжрибардзинаджн?
- Цы нымайы Елбыздыхъо уды сжрибар бахъахъхъжныны ахсджиаг жуужлыл?
- Куыд бабжтдзыстут ацы ныхжстж Нарты аджмы цардимж? (сывжллжтты зжрдыл жрллжууын кжнын тауржгъ «Нарты сжфт»).

Фыссжджы цардимж бабжттын хатдзжгтж.
Бакжсын урокмж равзжрст эпиграф, абжттын жй Елбыздыхъо жмж Къостайы хъуыдытимж, сбжржг кжнын фжлтжрты хъуыдыты жмбастдзинад. Нафи- нырыккон фыссжг-хъуыдыгжнжг.

- Ацы ныхжстж систы йе 'хсжнадон куыст жмж сфжлдыстады сжйрагджр нысан. Фидаржй лжууыд уыцы фжндагыл, цыфжнды зын уавжрты джр. Суанг жй йж революцион куысты тыххжй ахжстоны куы бакодтой, уждджр. Йжхи зылынджыны бынаты не 'рывжрдта, фжлж уыдис зылынгжнжг.

г) Байуарын сывжллжттжн сыфтж Елбыздыхъойы фыстжгжй скъуыддзагимж, бакжсын жй жмж равзарын йж хъуыды.

д) Текстыл жнцойгжнгжйж бакжнын дзырдуатон куыст.

-Цавжр миниужг бжржг кжны авторжн ацы фыстжгжй?
(Дзуапп: Лжгдзинад, хъжбатырдзинад, ныфс)

Хатдзжгтж бафидар кжнын ног жрмжгжй.

-Елбыздыхъойы фыстжг бакжсгжйж нж хъустыл ауайы цжхжрцжст Хазбийы ныхжстж, жрыхъуысы нжм жрра фыййау Бесжйы хъжлжс, нж цжстытыл ауайы Амыраны хъизжмар, Хансиат жмж Асиаты жнжмжлгж суржттж
-Елбыздыхъо Къостайау жнжкжрон уарзтжй уарзта Ирыстон, ирон аджмы. Уыдта йж аджмы хъизжмар жмж агуырдта уыцы тыхст царджй фервжзыны фадат.

Равдисын слайд.

«Кжмжй цы риссы, уый кой кжны. Мжнжн мж риссаг хъуыдытж сты аджмы мжгуыр цард жмж гжвзыкдзинад, жмж дзурын уыдоныл Мж хъыг, мж сагъжс у удхайраг аджймаг»

-Цжуыл уыд йж тох Елбыздыхъойжн ацы ржнхъыты хъуыдымж гжсгж?

Дзуаппытж ныффидар кжнын хатдзжгжй:

- Уыцы цардаржзтимж тох сси йж царды сжйрагджр нысан. Мызджн та йын фылджр хатт уыдысты Дзжуджыхъжу жмж Насраны ахжстжтты уазал къуымтж, фыдызжххжй хаст лжджы ном Фжлж нж фжтарст уждджр Елбыздыхъо царды зындзинждтжй. Дарджй джр архайдта Ирыстоны жмж йе 'фхжрд аджмы батавыныл.

е) Равзарын жмбисжндты хъуыды:

Хорз лжг аджмжй хжс дары.
Кад жмж лжджыхъжд зжххыл сты, жргуыбыр сжм кжн жмж сж сис.

-Куыд сжххжст кодта Елбыздыхъо йж хжс аджмы размж, цжмжй сси йж ном кадджын?
- Фыссжг равзжрста, чи нжма уыдис, уыцы ирон театры сценж, жрсагъта йыл ирон аивады тырыса. Йж зжрджйы тугтжй йыл ныффыста: «Ржстдзинад, Уарзондзинад, Сжрибар»!
(равдисын слайдтж).

-Жмж цыдис Елбыздыхъо йе сгуыхт хъайтартимж Иры ужзжгыл. Цыд жмж сидтис Хазбийы дзыхжй ирон аджммж иудзинадмж; ард хордта, йж аджмы сжрвжлтау равзжрст фжндагжй иуварс кжй никуы ахиздзжн, уый фждыл.


3. Урочы кжронбжттжн.

-Цыд Елбыздыхъо жмж амыдта ног фжндаг, ног зонд, ног хъуыдытж. Йж зжрджйж цыд уарзондзинад, зонд та йын фжндагамонжг уыд. Ржсугъд жмж уарзон царды тыххжй дзырдта йж кжстжртжм
Жмж сжххжст йж царды сжйраг нысан, фжлтжртж йж зонынц жмж йж мысынц. Йж ном сси ирон культуржйы ирдджр нжмттжй иу: ирон драматургийы бындуржвжржг, ирон лжджыхъжды ирд жвдисжн.

а)Раттын проблемон фарст:

- Цы у аджймагжн номджттжг?
(Дзуапп: Аджймаг царды цы фжд ныууагъта, уый.)

б) Радзурын жмдзжвгж, спайда кжнын музыкжйж.
Елбыздыхъо-цжугж мжсыг. Ныр та,
Дж кжстжрау, лжууын уырдыг дж разы,
Дж цжст, цжргжсау, тынг дардмж уыдта,-
Нжртон фиджн дж ирд цжстытыл хъазыд.

Хазбийы хуызы бацыди дж уд,
Цжмжй уыдаид сахъ лжппутж бирж.
Амраны Ныфс джр мифы чызг кжм у,-
Уыдтж джхжджг уыцы ныфс нж Иржн.

Нж хжхтыл тыгъд Амран нж уыд, кжй уыд
Дж уд йжхжджг, тохмондаг жй домдта
Лжгхор цжргжс Амранмж нж цыд,-
Дж игжр дын уый тугмондагжй хордта.

Хатыр, джу хъавыд чиджртж бырсын,
Дж сыгъджг удыл сау хахуыртж калдтой.
Фжлж нжй сайжн аджмжн, ныр сын
Сж мжнг тауыстж дымгжмж ысдардтон.

Лжууын дж разы. Бахъавыдтжн, цжмжй
Чысыл мж уырзтж авжрон дж кжрцыл,
Кжд исты райсин зонды фарн джужй-
Чысыл мж къахыл ацжуин дж фжрцы.

4. Хждзармж куыст.

-Кжй номжй сидт Елбыздыхъо йж дзыллжмж, уый сси йж драмон уацмыстжй иуы цы жнжмжлгж фжлгонц саржзта-Хазбийы фжлгонц. Цжмжй диссаг у Хазбийы фжлгонц, уый та базондзыстут хждзармж трагеди «Хазби» бакжсгжйж.

5. Бжржггжнжнтж жмж комментаритж дзуаппытжн.








13PAGE 14115


13PAGE 14315




Рисунок 7Рисунок 115