Плиты Грис Авд цухъхъайы

Темж: «Гжзджнты зынгхуыст авд жфсымжры хъысмжт».
(Плиты Грисы балладж «Авд цухъхъайы»-мж гжсгж).

Урочы нысан: а) аив литературон уацмысы фжрцы ахуыргжнинжгтжм Райгуыржн бжстжмж жхсидгж уарзт жвзжрын кжнын;
б) хъжбатыр хжстонтжн, нж кадджын хистжртжн, ныййарджытжн сж аргъ кжныныл ахуыр кжнын.

Урочы фжлгонц: а) Плиты Грисы жмдзжвгжты жмбырдгонд «Атакж».
б) Санахъоты С. цыртдзжвжны ныв «Гжзджнты авд жфсымжржн».
Техникон фжржзтж: магнитофон, Гжзджнты авд жфсымжры заржг, «Тохы заржг», Р. Гамзатовы заржг «Журавли».
Урочы цыд
Ахуыргжнжджы разныхас
Майы мжй ужлдай жхсызгон у нж бжстжйы аджмтжн тжккж стырджр, кадджынджр бонжй- 9 майы бжржгбонжй. Уый у Стыр Ужлахизы бжржгбон. Жрхастой нын жй Фыдыбжстжйы кад сж риутжй чи бахъахъхъждта, уыцы буц хистжртж. Уыдон абоны царды сжрвжлтау удужлдай тох кодтой знаджы ныхмж:
Скъоладзау: Карз тохы заман бжсты сжрвжлтау
Знаджы гжнах уж риутжй састат.
Уждджр нж буцжй нж цардуалдзжджы
Уж фжллад къухтыл бирж фжхастат.
(Чеджемты Ж.)
Скъоладзау: Жнусон кад жмж намыс Райгуыржн бжстжйы сжраппонд йж цард жвгъау чи нж кодта, уыдонжн. Махжй рох хъуамж макуы уа, цы стыр хорзжхы нын бацыдысты нж кадджын хистжртж, уый. Мах та сын хъуамж ужм, сжрыстыр кжмжй уой, ахжм кжстжртж.
Ахуыргжнжг: Нж урочы сжйрагджр нысан жрныхас кжнын:
а) хъжбатыр хистжрты жгжрон жхсарыл;
б) тыхджын патриотизмыл;
в) аджймаджы кад жмж намысыл;
г) ныййаржджы трагедион хъысмжтыл.

ЭПИГРАФ:
Хжст лжгмар у, цард та дзы-жнуд.
Тугжмхжццж ужнгты уайы сурхид
Аджм, цжнгтж бафистжг кжнут,
Жмж хжстжн бахжцжм йж хурхыл!
Скъоладзау: Хжст..Хжрз цыбыр, фжлж ужззау дзырд. Зжрдж ныккжрзы, ужнгтж баризынц, сжры хъуын арц сбады жрмжст йж койж джр.

1941 аз. 22 июнь.
Жвжццжгжн, уыцы сжрдыгон райсом алчи куывта амондджын бонмж, фжлж цард мжнгард у, жмж жрвнжржгау нж бжстжйыл азжлыд: «Райдыдта хжст!»
Скъоладзау: Кжй зжгъын жй хъжуы, ирон аджм джр, иннж аджмтау, сж тых, сж хъару саржзтой знаджы ныхмж.
«Цом та гжрзифтонгжй мах джр
Хжсты быдырмж фждисжй!
Скжнжм хъжбатырдзинадыл
Аджмжн ахсджиаг каджг».
(Мыртазты Б.)
Скъоладзау: Ирыстонжй Фыдыбжстжйы Стыр хжстмж ацыд 90 мин аджймаджы. Уыдонжй хжсты фжмард жмж жбжржгжй фесжфт 47 мин аджймаджы.
Сж хждзжрттжм нал сызджхтысты Гжзджнты жмж Кобегкаты 7-гай жфсымжртж; 7 хждзармж – 6 гжйттжй, 39 хждзармж – 5 гжйттжй, 92 хждзармж – 4 гжйттжй, 100-гай хждзарттжм – 3 гжйттжй.
Ахуыргжнжг: Жрмжст Ирыстоны хъжбултжй Советон Цждисы хъжбатыры ном райстой 33 хжстоны. Плиты Иссж та Советон Цждисы 2 хатты хъжбатыр жмж Монголы Республикжйы хъжбатыры ном.
Байхъусжм- ма уждж, аджм Иссжйыл цы заржг скодтой, уымж. (Иссжйы заржг).
Ахуыргжнжг: Зжгъут -ма, кжй зонут хжстон поэттжй?
Плиты Г. – жмдз. «Жртхутжгдон»
Калоты Х. – жмдз. «Кард»
Кочысаты М. – жмдз. «Фыдыбжстж»
Цы уацмыстж ранымадтат, уыдонжн цавжр у сж сжйраг хъуыды?
Хжстон темжйыл фыст уацмыстжй кжцыфжнды джр жвдисы хжсты жвирхъау цаутж жмж жнжкжрон уарзондзинад райгуыржн бжстжмж.
Фыдыбжстжйы хжсты темжйыл цавжр уацмыстж ныффыста Грис?
Грисжн 1995 азы рацыд жмдзжвгжты жмбырдгонд «Атакж».
Цжмжй бжржг у, Грис жцжг патриот у, уый?
Уый йе'мдзжвгж «Ужлахизы каджджы» фыста:
«Зжххыл ржсугъд цжрынжн фидар
Дыууж стыр ныфсы ис лжгжн:
Фыдыбжстж жмж Сжрибар» -
Циу цард жнж сымах? – Ингжн.
Цжмжй бжржг у, поэт йж райгуыржн бжстжйыл гадзрахатжй никуы рацыдаид, уый?
Уымжн жвдисжн йе 'мдзжвгжйы ржнхъытж:
«Хжстжн йж тжккж тъыфылмж бырсдзынжн,
Кардыл фыдгулы туг не 'суыдзжн хус,
Иры сыгъджг ном нж фегад кжндзынжн
Цалынмж судза мж цжстыты рухс!»
Ахуыргжнжг: Жцжгджр афтж куы нж уаид, ужд нж равзжрдаид, аджмы зжрджтж цы уацмыс фжриссын кодта, уый – балладж «Авд цухъхъайы».
Цы равдыста Грис балладжйы?
Грис балладжйы равдыста Гжзджнты авд жфсымжры хъжбатырдзинад, сж кадджын мжлжт, сж ныййаржг мады жвирхъау уавжр хжсты ржстжг.
Бакжсжм ма балладж «Авд цухъхъайы »-йж скъуыддзагмж. (Автор, мад жмж 1-аг лжппу).
Ахуыргжнжг: Цавжр уавжрты фжмард сты иннж жфсымжртж та?
Скъоладзау: Дзжржхмжт фжмард Мжскуыйы бынмж:
«Ма хон мжн гыцци дж цурмж
Бабырстон фыдгултжм тыгъды
Фехстон развжлгъау гранат
Жмж суагътон автомат,
Гъестжй бацыдтжн жрмхжсты»
Знжгтжй амардта фарасты, стжй йжхжджг джр фжмард хъжбатыржй.
Скъоладзау: Хадзысмел йж цард ратта Севастополы зжххыл.
«Царджн тас куы уа, ржсугъджй
Хъуамж ратта ужд йж уд
Заргж рацыдтжн солдат
Хжсты 5 сырды ныццагъдтон,
Стжй мж хъуыры туг фжбадт»
Скъоладзау: Махарбег Клейсты фсадмж йжхи ратта уацары.
«Мжнж диссаджы сахат
Нжй мжнжн ржсугъдджр амжй
Фадат амжлынжн
Хъуамж скжнон ам мжхицжн кад.
Иу сжрржтт! – мжхи йжм фехстон
Ацахстон йж къубал Клейстжн,
Хурхыл анджгъди мж къух.
Уайтагъд инжлар ныххурх
Жмж зжххы адаргъ марджй
Фжлж хъахъхъжнжг фжкаст
Ахжм цжф фжкодта карджй, -
Атахти мж уд жваст.»
Скъоалдзау: Шамиль жмж Созыр – дыууж фаззоны иумж басыгъдысты танчы.
Иумж бадтыстжм нж танчы
Най джр кодтам иумж знаджы, -
Бафтыдтам Германыл зынг
Знжгтж не 'ппжлдзысты махжй
Ахжм най сын кодтам цалхжй –
Нал сж къух уыд, нал джр къах.
Скъоладзау: Хасан – жфсымжрты кжстжр, 17 аздзыджй фжмард Белорусы зжхх хъахъхъжнгжйж.
«Уый ужлахизы къжсжрыл
Мард жнжнхъжлжй фжци
Хжст Берлины цыд кжронмж
Сыгъд цъжх пиллонжй Рейхстаг,
Акалдта йж гжрзтж знаг
Ужд америкжгты бомбж
Не 'хсжн фжхжлди». Цжмжн?
Мад, лымжнтж сж куы хуыдтон
Ужд цжмжн амардтой мжн?
Ахуыргжнжг: Куыджй бантыст поэтжн ныййаржг мад жмж йж зынгхуыст хъжбулты хъысмжт равдисын?
Поэт спайда кодта фжлхатгонд ржнхъытжй:
Мад ын ныр йж цухъхъа дауы,
Жмж хус цжстжй лжууы
Айнжг сау фжрчытжй хауы,
Арв цыхцырджытжй кжуы.
Куыд жмбарут фжстаг дыууж ржнхъжн сж хъуыды?
7 жфсымжры маджн йж фыртты мжстжй йж зжрдж ныддур, йж тжригъжджй айнжг фжйнжрджм атондзжн.
Цавжр аивадон мадзжлттжй спайда кодта поэт балладж «Авд цухъхъайы»?
Поэт спайда кодта эпитеттжй: «Сау рыг», «уынгжг бон», «ныллжг хждзары», «фыдбоны балцы», «цжринаг авд хъжбулы»; олицетворенитжй: «бонгай хжст куы фжци давд». «джихжй цухъхъатж кжсынц».
Цавжр у балладжйжн йе 'взаг?
Балладжйжн йе 'взаг у аив, хъжздыг. 2-3 цыбыр хъуыдыйаджй саразы тыхджын фжлгонцтж. « - Иу сжрржтт! – Мжхи йжм фехстон» «Хурхыл анджгъди мж къух».
Цавжр цжстжй кжсы Грис хжстмж?
Хжст Грисжн у жнжуынон, уымжн жмж хжст лжгмар у. Знаджы хоны «сырд», «фыдгул», «знаг». Хжст ын у антигуманон фжзынд. Алы аджймаг джр райгуыры цжрынжн, фжллой кжнынжн:
«Лжг йж зонд жмж йж къухтжй
Цард ржсугъд кжнынжн у».
Цжмжн схуыдта поэт йж уацмыс «Авд цухъхъайы»?
Гжзджнты жфсымжртж авджй джр бацаржфтыд сты хжсты. Ницыуал баззад ныййаржгжн йж фырттжй сж цухъхъаты йедджмж. Кжд сжхжджг фесжфтысты, уждджр сж ном баззайдзжн жнусмж:
«Жмж кадимж нж фжстж
Заржг анжрдзжни дард, -
Мах хжларжй радтам бжстжн
Авд жфсымжржй нж цард!»
Цавжр фжлгонц у мад балладжйы?
Балладжйы мад у символикон фжлгонц. Мады фжлгонцжй Грис равдыста жппжт хжстжфхжрд ныййарджыты ужззау уавжр.
Поэт аржхсджынжй спайда кодта ахжм дзырдтжй: «баззад афтиджй сж мад», «ингжнтж джр афтид», «цухъхъаты джр удтж нжй»,«къулбжрзжйж дзуры цухъхъатимж».
Мады жгжрон уарзондзинад йж хъжбултжм куыд раргом кодта поэт?
Мад йж фырттимж дзургжйж алкжмжн джр ссары бжлвырд жмж фжлмжн ныхжстж: «уж , мж фыццаг хур, «чиныгуарз Махар», «уж мж дыууж уарзон хуры».
Мад аджргжй цы фжуа, уый нж зоны. Йж хъжбулты жфхжры:
«Иунжг уж йж хабар хжстжй
Ужд куыд нж зжгъы мжнжн?»
Мад фыртты уарзы жгжрон уарзтжй . Суанг ма сын сж мжлжт джр «хатыр» кжны:
Фжлж мады зжрдж бары,
Цоты раз ждых у мад.
Мады фжллой уын хжлар ужд,
Рухс дзжнжт та уын – бынат.
Цы цжстжй кжсынц жфсымжртж сжхжджг сж мадмж?
Уыдон сж ныййаржгыл сты жнувыд, сж ныхас мадимж у фжлмжн. Жфсымжрты хистжр ыл сагъжс кжны:
«Мж хжстжфхжрд ныййаржг
Мжнжй фждж ждаржг».
Жфсымжртжй алчиджр йжхи хъахъхъжны ныййаржг мады зжрджхудтжй. Ныййаржг мад сын у зынаргъ, сж иуы джр нж фжнды ныййаржджы зындзинад, жрхжнджгдзинад:
«О, нж мад, жрхуымжй ма кжс,
А уынгжг бон фидар лжуу,
Асур цжсгомжй дж сагъжс»
Мады йж авд хъжбулы мжлжт уырны?
Поэт уый тыххжй зжгъы:
«Фжлж се сжфтыл бжлвырджй
Зжрдж не 'уужнды уждджр».
Уый ууыл дзуржг у, жмж мад йж бонтж жрвиты йж хъжбултжм жнхъжлмж кжсгжйж.
Ахуыргжнжг: Нжмыг куы атжхы, ужд фыццагджр сжмбжлы мады зжрджйыл. Зжрджйы хъждгжмттж та жржгмж дзжбжх кжнынц. Ныййаржгжн йж хъжбул нж мжлы, йж фжстаг сулжфты онг джр цжры йж зжрджйы.
Жвждза, диссаг у аивады тых. Поэт – скульптор, нывгжнжг
Гжзджнты авд зынгхуыст жфсымжры фжлгонцтж поэт равдыста аив дзырдты фжрцы, цухъхъаты уд бауадзыны хуызы.
Скульптор Санахъоты Сергей та жфсымжрты нжмттж сжнусон кодта жмж сж равдыста хърихъуппыты хуызы.
Фжлж сж алчиджр иттжг хорз равдыста Гжзджнты авд жфсымжры хъжбатырдзинад Райгуыржн бжстжйы сжрвжлтау, ныййаржг мады ужззау хъысмжт.
Урочы кжрон ахуыргжнжг кжсы
Гжджиты Георы жмдзжвгж «Мад»-жй скъуыддзаг.
Мад.
Банцад хжст, ныссабыр и йж хъжр
Ферох ысты хъжубжстжй йж ристж
Уарзон чызджы ракуырдта жнджр,
Буц хотж ызнон сж саутж систой

Фжлж мад, ныййаржг мад, уждджр
Не уужнды йж хъжбулы мжлжтыл
Не уужнды, кжй банцад тохы хъжр.

Бирж 'хсжвты не 'рцъынд кжны цжст
Иу бон джр жнж кжугж нж фжци.
А дунейыл раджы банцад хжст,
Фжлж маджн хжст нырма нж фжци.


Заголовок 1 Заголовок 2 Заголовок 3 Заголовок 4 Заголовок 5 Заголовок 6 Заголовок 7 Заголовок 815