Плиты Грис «Авд цухъхъайы».

Урочы темж: Плиты Грис «Авд цухъхъайы».

Урочы нысантж:
Балладжйы фжрцы ахуыргжнинжгтжм Райгуыржн бжстжмж жхсидгж уарзт жвзжрын кжнын.
Хъжбатыр хжстонтжн, хистжртжн, ныййарджытжн аргъ кжныныл ахуыркжнын.
Ахуыргжнинжгтжн аивады жмж царды бастдзинад жмбарын кжнын.
Ныхасы ржзтыл бакусын.

Урочы эпиграф:
Хжст лжгмар у, цард та дзы-жнуд,
Тугжмхжццж ужнгты уайы сурхид
Аджм цжнгтж бафистжг кжнут,
Жмж хжстжн бахжцжм йж хурхыл!
Плиты Грис.

Урочы цыд:
Ахуыргжнжджы разныхас: Хжст хжрз цыбыр, фжлж ужззау дзырд. Зжрдж ныккжрзы, ужнгтж баризынц, сжрыхъуын арц сбады жрмжст йж койж джр. Кжй зжгъын жй хъжуы, ирон аджм джр, иннж аджмтау, сж тых, сж хъару саржзтой знаджы ныхмж жмж кжд хжст банцад, кжд Ужлахизы бон жрцыд, уждджр абон джр хжсты хъждгжмттж нжма байгас сты . Бирж уацмыстж ис фыст хжсты темжйыл ирон литературжйы. Уыдоны хсжн зынгж бынат ахсы Плиты Грисы балладж «Авд цухъхъайы».
Ахуыргжнжджы фарст.
Цы хонжм балладж?
Дзуапп:
Бальяре – италиаг жвзагжй жрбайсгж дзырд, амоны кафын. Чысыл сюжетон жмдзжвгж, кжцыйы поэт жвдисы жрмжст, йе нкъаржнтж жмж хъынцъым нж, фжлж ма йжм уыдон чи жвзжрын кжны, уыцы цаутж.
Ахуыргжнжджы фарст.
Цы равдыста Грис балладж «Авд цухъхъа»-йы?
Дзуапп:
Грис «Авд цухъхъайы» равдыста Гжзджнты авд жфсымжры хъжбатырдзинад, сж кадджын мжлжт жмж сж ныййаржг мады жвирхъау уавжр хжсты ржстжг.
Фарст: Цы цжстжй кжсы поэт йж уацмысы хъайтартжм?
Дзуапп:
Поэтжн йж зжрдж тынг фжрыст Гжзджнты авд жфсымжрыл, сж ныййаржг мадыл.
Ахуыргжнжджы хатдзжг:
Грис ма аржхстджынжй спайда кодта балладжйы миниуджытжй Гжзджнты авд жфсымжры жмж сж ныййаржг мады ужззау уавжр равдисынжн Грисмж уыд диссаджы поэтикон миниужг – разджр фжхъынцъым кжны, цжуыл фысдзжн, уый жцжгдзинадыл. Фжстагмж равзжры уацмыс джр. (могнитофоны лентжйыл байхъусын Грисы царджмбал Дзугкойты Афассжйы ныхжсмж).
Фарст: Цавжр уавжрты фжмард сты жфсымжртж?
Дзуапп: Алчиджр сж фжмард хъжбатыржй. Райгуыржн бжстж знагжй бахъахъхъжнын банымадтой сж сжйрагджр хжсыл. Жгаддзинад сж иу джр йж сжрмж не рхаста. Алчиджр сж йж царды фжстаг минут, мжлжты дзыхмж кжсгжйж, архайдта лжгдзинад равдисын, хъжбатыржй амжлын.
Бакжсын чиныджы, куыд фжмард сты жфсымжртж, уыцы бынжттж.
Фарст: Куыджй бантыст поэтжн ныййаржг мад авд зынгхуыст хъжбулы жвирхъау хъысмжт равдисын?
Дзуапп: Поэт спайда кодта балладжйы миниуджытжй тынг джсныйж, ома, фжлхатгонд ржнхъытжй:
Мад ын ныр йж цухъхъа дауы
Жмж хус цжстжй лжууы
Айнжг сау фжрчытжй хауы,
Арв цыхуырджытжй кжуы.
Фарст: Цавжр аивадон мадзжлттжй пайда кжны поэт?
Дуапп: Эпитеттжй: «сау рыг», «уынгжг бон», «ныллжг хждзары», «фыдбоны балцы».
Олицетворенитжй: «Бонгай хжст куы фжци давд», «Арв цыхцырджытжй кжуы» жмж а.д.
Баржнтжй: «ингжнау ныссабыр къжс», «фатау смиджг джн».
Фарст: Цы цжстжй кжсы Грис хжстмж?
Дзуапп: Хжст у Грисжн жнжуынон. Уымжн жмж хжст лжгмар у. Знаджы хоны «сырд», «фыдгул», «знжгтжн у жгъатыр».
Фарст: Цжмжн схуыдта поэт йж уацмыс «Авд цухъхъайы»?
Дзуапп: Гжзджнты жфсымжртж авджй джр бацаржфтыд сты Фыдыбжсты Стыр хжсты азаржй. Ницыуал баззад йж фырттжй ныййаржгжн сж цухъхъаты йедтжмж.
Фарст: Цавжр фжлгонц у мад балладжйы, реалон жви символикон?
Дзуапп: Балладжйы мад у символикон фжлгонц. Мады фжлгонцжй Грис равдыста жппжт хжстжфхжрд ныййаржг маджлты ужззау хъысмжт.
Фарст: Цы цжстжй кжсынц жфсымжртж сж мадмж?
Дзуапп: Уыдон сж ныййаржгыл сты жнувыд. Сж ныхас мадимж у фжлмжн. Алчиджр йжхи хъахъхъжны мады зжрджхудтжй. Ныййаржг мад сын у зынаргъ, райгуыржн бжстж – адджын.
Магнитофоны лентойыл Черчесты Георгийы радзырдмж байхъусын.
Урочы хатдзжгтж:
Ахуыргжнинжгтж дзурынц жмбисжндтж Райгуыржн бжстж, аджймаджы кад, намыс, сжрыстырдзинады тыххжй:
Жнусон царджй жнусон кад – хуызджр.
Райгуыржн бжстж адджын у.
Каджн агуржн нжй, йж фждыл цыфжнды згъорд та у жнжпайда.

Кжронбжттжны бакжсын скъуыддзаг Гаджиты Геры жмдзжвгж «Мад» - жй.
Банцад хжст, ныссабыр и йж хъжр
Ферох ысты хъжубжстжй сж ристж
Уарзон чызджы рахуыдта жнджр,
Буц хотж ызнон сж саутж систой.
Фжлж мад ныййаржг мад, уждджр
Не уужнды йж хъжбулы мжлжтыл
А дунейыл раджы банцад хжст,
Фжлж маджн хжст нырма нж фжци

Хждзармж куст: Сахуыр кжнут наизусть скъуыддзаг.










13PAGE 15


13PAGE 14415




15