Тем?: Плиты Грис Авд цухъхъайы.

Темж: Плиты Грис "Авд цухъхъайы".

Урочы нысантж:
Ахуырдзаутжм Райгуыржн бжстжмж уарзондзинад жвзжрын кжнын.
Хъжбатыр хжстонтжн, хистжртжн, ныййарджытжн аргъ кжныныл ахуыр кжнын сывжллжтты.
Аивад жмж цард кжрждзиимж жмбаст кжй сты, ууыл жрныхас кжнын.
Ныхасы ржзтыл бакусын.

Эпиграф:
Хжст лжгмар у, цард та дзы-жнуд,
Тугжмхжццж ужнгты уайы сурхид
Аджм цжнгтж бафистжг кжнут,
Жмж хжстжн бахжцжм йж хурхыл!
Плиты Грис.

Урочы цыд: I. Организацион хай.
Хждзармж куыст бафжрсын.
Плиты Грисы цард жмж сфжлдыстаджй докладтжм байхъусын жмж презентациты жрмжгыл бакусын.
Литературжйы теори куыд бамбжрстой,уый сбжржг кжнын. Сфжлхатын балладж.
Ног жрмжг.
1.Ахуыргжнжджы разныхас:
Хжст.Жрмжст йж ном фехъусгжйж джр аджймаджы зжрдж бауазал вжййы. ужнгтж баризынц, сжрыхъуын арц сбады. Кжй зжгъын жй хъжуы, ирон аджм джр, иннж аджмтау, сж тых, сж хъару саржзтой знаджы ныхмж жмж кжд хжст банцад, кжд Ужлахизы бон жрцыд, уждджр 70 азы фжстж джр хжсты хъждгжмттж нжма байгас сты . Бирж уацмыстж ис фыст хжсты темжйыл ирон литературжйы. Уыдоны ' хсжн зынгж бынат ахсы Плиты Грисы балладж "Авд цухъхъайы".
?
2.Цы хонжм балладж?
Дзуапп:
Бальяре – италиаг жвзагжй жрбайсгж дзырд, амоны кафын. Чысыл сюжетон жмдзжвгж, кжцыйы поэт жвдисы жрмжст, йе нкъаржнтж жмж хъынцъым нж, фжлж ма йжм уыдон чи жвзжрын кжны, уыцы цаутж.
?
Цы равдыста Грис балладж"Авд цухъхъа"-йы?
Дзуапп:
Грис"Авд цухъхъайы" равдыста Гжзджнты авд жфсымжры хъжбатырдзинад, сж кадджын мжлжт жмж сж ныййаржг мады жвирхъау уавжр хжсты ржстжг.
? Цы цжстжй кжсы поэт йж уацмысы хъайтартжм?
Дзуапп:
Поэтжн йж зжрдж тынг фжрыст Гжзджнты авд жфсымжрыл, сж ныййаржг мадыл.
Хатдзжг:
Грис ма аржхстджынжй спайда кодта балладжйы миниуджытжй Гжзджнты авд жфсымжры жмж сж ныййаржг мады ужззау уавжр равдисынжн Грисмж уыд диссаджы поэтикон миниужг – разджр фжхъынцъым кжны, цжуыл фысдзжн, уый жцжгдзинадыл. Фжстагмж равзжры уацмыс джр. (могнитофоны лентжйыл байхъусын Грисы царджмбал Дзугкойты Афассжйы ныхжсмж).
? Цавжр уавжрты фжмард сты жфсымжртж?
Дзуапп:
Алчиджр сж фжмард хъжбатыржй. Райгуыржн бжстж знагжй
бахъахъхъжнын банымадтой сж сжйрагджр хжсыл. Жгаддзинад сж иу джр йж
сжрмж не рхаста. Алчиджр сж йж царды фжстаг минут, мжлжты дзыхмж
кжсгжйж, архайдта лжгдзинад равдисын, хъжбатыржй амжлын.
Бакжсын чиныджы, куыд фжмард сты жфсымжртж, уыцы бынжттж.
? Куыджй бантыст поэтжн ныййаржг мад авд зынгхуыст хъжбулы жвирхъау хъысмжт равдисын?
Дзуапп: Поэт спайда кодта балладжйы миниуджытжй тынг джсныйж, ома, фжлхатгонд ржнхъытжй:
Мад ын ныр йж цухъхъа дауы
Жмж хус цжстжй лжууы
Айнжг сау фжрчытжй хауы,
Арв цыхуырджытжй кжуы.
? Цавжр аивадон мадзжлттжй пайда кжны поэт?
Дуапп: Эпитеттжй: "сау рыг", "уынгжг бон", "ныллжг хждзары", "фыдбоны балцы".
Олицетворенитжй: «Бонгай хжст куы фжци давд», «Арв цыхцырджытжй кжуы» жмж а.д.
Баржнтжй: «ингжнау ныссабыр къжс», «фатау смиджг джн».
? Цы цжстжй кжсы Грис хжстмж?
Дзуапп: Хжст у Грисжн жнжуынон. Уымжн жмж хжст лжгмар у. Знаджы хоны "сырд", "фыдгул", "знжгтжн у жгъатыр".
? Цжмжн схуыдта поэт йж уацмыс "Авд цухъхъайы"?
Дзуапп: Гжзджнты жфсымжртж авджй джр бацаржфтыд сты Фыдыбжсты Стыр хжсты азаржй. Ницыуал баззад йж фырттжй ныййаржгжн сж цухъхъаты йедтжмж.
? Цавжр фжлгонц у мад балладжйы, реалон жви символикон?
Дзуапп: Балладжйы мад у символикон фжлгонц. Мады фжлгонцжй Грис равдыста жппжт хжстжфхжрд ныййаржг маджлты ужззау хъысмжт.
? Цы цжстжй кжсынц жфсымжртж сж мадмж?
Дзуапп: Уыдон сж ныййаржгыл сты жнувыд. Сж ныхас мадимж у фжлмжн. Алчиджр йжхи хъахъхъжны мады зжрджхудтжй. Ныййаржг мад сын у зынаргъ, райгуыржн бжстж – адджын.
Черчесты Георгийы радзырдмж байхъусын.
Iv.Аулжфт
v. Жрмжг ныффидар кжнын.

1.Ахуыргжнинжгтж дзурынц жмбисжндтж Райгуыржн бжстж, аджймаджы кад, намыс, сжрыстырдзинады тыххжй:
Жнусон царджй жнусон кад – хуызджр.
Райгуыржн бжстж адджын у.
Каджн агуржн нжй, йж фждыл цыфжнды згъорд та у жнжпайда.
2. Бакжсын скъуыддзаг Гаджиты Георы жмдзжвгж "Мад" - жй.
Банцад хжст, ныссабыр и йж хъжр
Ферох ысты хъжубжстжй сж ристж
Уарзон чызджы рахуыдта жнджр,
Буц хотж ызнон сж саутж систой.
Фжлж мад ныййаржг мад, уждджр
Не уужнды йж хъжбулы мжлжтыл
А дунейыл раджы банцад хжст,
Фжлж маджн хжст нырма нж фжци

vI. Хждзармж куыст: Сахуыр кжнын жмдзжвгжйж скъуыддзаг наизусть










13PAGE 15


13PAGE 14115




15