Жизнь и творчество осетинского прозаика Арсена Коцоева


Коцойты Арсен(1872 – 1944)
Урочы эпиграф: «Адæймаг хъуамæ йæ амæлæты бонмæ йæхиуыл куса,йæ уды хæрзиуджытæм алы уысм дæр ног исты æфтауа адæмæн, зæрдæбын лæггад кæнын, зæххыл зайæгой халæй цæрæгойы онг цы ис, - æппæтыл - арм дарын …»

Коцойты Арсены хонынц ирон аив дзырды зæрингуырд. Арсены айвад дисы æфтыдта адæмы дæр æмæ критикты дæр. Арсенæн фыццагдæр раст аргъ скодта Тыбылты Алыксанд . Критик фыста 1927 – æм азы фыста: «Æвзонг ирон литерæтурæйы мæсыгыл Коцойы - фырты радзырдтæ зынаргъ дурр æрæвæрдтой… Уыцы радзырдты ирон хуымæтæг æвзаг рæсугъд амадæй равдыста йæ цæсгом, алырдæм дæр тасы, цыфæнды арф хъуыды радзурын дæр фæразы. Цы литерæтурон æвзаг аразæм, уымæн Коцойы – фырты æлвæст æвзаг æмæ бæркадджын ныхас стыр æххуыс фæуыдзæн»   r Коцойты Бибойы фырт Арсен райгуырдис Джызæлы 1872 азы 16 январы. Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты рæстæмбисцæрæг зæхкусджытæ. Арсен йæ сывæллоны бонтæ арвыста Джызæлы. Хъæууон скъола каст фæци 1885 азы æмæ бацыдис Æрыдоны семинармæ. Семинары ахуыргæнгæйæ бауарзта аив литерæтурæ. Иухатт Арсен иу къорд ахургæнинæгтимæÆрыдонæй Дзæуджыхъæумæ фистæгæй рараст Къостайы фенынмæ. Уыцы фембæлд ын арф фæд ныууагъта йæ зæрдæйы. 1897 – 1904 азты Коцойты Арсен куыста ахуыргæнæгæй Цæгат æмæХуссар Ирыстоны хъæуты. Уыцы азты ныффыста къорд радзырды.  
1905 азы Хуссар Ирыстонæй ацыди Бетъырбухмæ æмæ дзы 1908 азы онг фæкуыста паддзахадон банчы архивты. Бетъырбухы ныффыста йæ тыхджындæр радзырдтæй иу «Тохы бон». 1909 – 1910 азты та Арсен ссыди фæстæмæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ кодта æхсæнадон – политикон æмæ культурон куыст. Æнувыдæй архайдта, цæмæй ирон литерæтурæ хъæздыгдæр кæна. 1910 азы уыд журнал «Æфсир» - ы редактор. Уыцы журнал тох кодта адæмы талынггæнæг æгъдæутты ныхмæ. Арсены уацмыстæ сты тынг зæрдæмæдзæугæ. Йæ литерæтурон куысты тыххæй йын 1939 азы лæвæрд æрцыдис орден «Кады нысан». Коцойты Арсен нæ литерæтурæйы ахсы зынгæ бынат. Уый фыста радзырдтæ, пьесæтæ. Ныффыста повесть «Джанаспи». Коцойты Арсен амард 1944 азы 4 февралы.

Æвæндон – упрямыйÆрчъи – обувь из сыромятной кожиГалуан - дворецГæвзыкк – убогий, бедныйИдæдз – вдовыйКъæрмæг - пробкаДзырдуат:



- Арсены биографии зæрдыл бадарын - Радзырд «Афтæ дæр вæййы» хи ныхæстæй дзурын зонын - Ныффысын сочинении тæрхон: «Амонд хъæздыгдзинадæй нæу» Хæдзармæ куыст: