Презентация : Коста Хетагуров


(1859-1906)Хетæгкаты Къоста Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста (райгуырдис 1859-æм азы 3 (15) октябры, Нары хъæуы — амардис 1906-æм азы 19 мартъийы (1 апрелы),Лабæйы) уыдис зынгæ ирон фыссæг, поэт, публицист æмæ нывгæнæг. Нымад цæуы ирон литературæйы бындурæвæрæгыл. Сывæллонæй фæахуыр кодта Нары, Дзæуджыхъæуы æмæ Стъараполы, æмæ 1881-æм азы бацыд Бетъырбухы Аивадон Академимæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди кæй æрлæууын кодтой, уый тыххæй рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Уым Къоста ныффыста йæ æмдзæвгæты фылдæр хай, æмæ йæ ном тынг ахъæр ис. Йæ æмдзæвгæтæ та Ирыстоны сахарты æмæ хъæуты апырх сты. 1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Терчы облæстæй. Къоста ацыд Лабæмæ, йæ фыды хæдзармæ, æмæ дзы фæцис дыууæ азы. 1893-æм азы Къоста ацыд Стъараполмæ æмæ дзы газет «Цæгат Кавказы» кусын байдыдта. Уым фæкуыста 1897-æм азы онг, æмæ уыцы рæстæджы йæ ном тынг ахъæр ис. 1895-æм азы «Цæгат Кавказы» рацыд йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд. Стъараполы уæвгæйæ Къоста туберкулезæй фæрынчын ис. Уый тыххæй йын сарæзтой дыууæ операцы, фæлæ йæ низ не ’рлæууыд. Дыггаг операц æрцыд Бетъырбухы, æмæ уый фæстæ æхсæз мæй уатæй нæ сыстад. 1898-æм азы рыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ низæн хос кæнын уым адарддæр кодта. 1899-æм азы та йæ йæ бынатæй арвыстой. Ацы хатт Херсонмæ. Уым Къостайы зæрдæмæ нæ цыд, уымæн æмæ йæм рыг бынат фæкаст æмæ адæмы тыххæй та дзырдта ома дам зондджынты бæсты æрмæст уæйгæнджытыл фæмбæлдзынæ. Уый тыххæй Къоста загъта цæмæй йæ Одессæмæ арвитой, фæлæ йæ уый бæсты Очаковмæарвыстой.1899-æм азы декабры телеграммæ райста йæ æрвыст кæй фæцис, уый тыххæй, фæлæ йын рыздæхыны гæнæн уыд æрмæст мартъийы. Хастæй рыздæхгæйæ Къоста байдыдта кусын Стъараполы «Цæгат Кавказы», фæлæ йæ низы тыххæй йæ тыхтæ фæуд кодтой, æмæ 1901 рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Дзæуджыхъæуы Къоста ныв кодта, фæндыд æй ныв кæныны скъола бакæнын æмæ газет «Хъазыбеджы» редактор суын. Фæлæ уыцы фæндтæ низы тыххæй нæ сыххæст сты.Къоста амардис 1906-æм азы 19-æм мартъийы, Лабæйы. Фæстæдæр ын йæ ингæн рахастой Дзæуджыхъæумæ, Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуаны кæртмæ. Хетæгкаты Къостайы нывтæ:Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Дети-каменщики» (1886-1890)Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Портрет Е. Ф. Крек-Носковой» (1890) Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Тебердайы ком»Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Хъыггæнæг зæд» (1888) Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Зикъарайы æфцæг»Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Ирон хæдзары (Арахъуадзджытæ)» Къостайæн йæ мад æмæ йæ фыды нывтæМад (Гуыбаты Гаврилы чызг Маро)Фыд (Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан)