Презентация на тему: Малиты Васо 7 къл


МАЛИТЫ ВАСО1938 Васо райгуырд Мустыздæхы 1938 азы. 1957 азы бацыд ЦИПИ-йы филологон факультетмæ æмæ йæ каст фæци 1961азы. Уый фæстæ куыста газет «Рæстдзинад» –ы. Йæ фыццаг æмдзæвгæ дæр ам рацыд 1955 азы. Стæй та редакторæй телеуынынады. 1969 азы Васо ахуыр кодта Мæскуыйы Уæлдæр литературон курсыты. Куыста рауагъдад «Ир» – ы редакторæй, республикæйы чиныгуарзджыты æхсæнады сæргълæууæгæй. 1987 азы уыдт Фысджыты цæдисы сæрдар. 1991 азæй кусы журнал «Ирæф» - ы редакторæй. Васойæн мыхуырæй рацыд бирæ поэтикон æмбырдгæндтæ: «Фат æмæ æрдын», «Мæйрухс æхсæв», «Мусонг» æмæ æндæртæ. Ныффыста цалдæр пьесæйы æмæ йын æнтыстджынæй æвæрд цыдысты Ирон драмон театры сценæйыл, уыдонимæ «Калм æмæ хъисфæндыр», «Саст бандон». Поэты стырдæр æнтыстыл ирон критикæ банымадта йæ роман «Сурмейы хæдзар». «Скифтæ». Автор йæ уацмысы равдыста нæрæмон скифты царды нывтæ, сæ зæрдæйы уаг. Малиты Васо хорзæхгонд æрцыд майдан «Во славу Осетии» - йæ.