Презентация тема Беджызаты Чермен


Беджызаты Чермен Беджызаты Дауыты фырт Чермен райгуырдис Урстуалты,  Едысы хъжуы 1898 азы. Ахуыр кодта Гуры  (дины ахуыргжнжндон, 1908—1914), стжй Калачы (дины семинар, 1914-1917). 1915 азы, 17 азы йыл куы цыдис, ужд райдыдта фыссын жмдзжвгжтж. Калачы дины семинар Чермен активонжй архайдта Хуссар Ирыстоны революцион змжлды, 1918—1920 азты уыд Ручъы парторганизацийы разамонжг. Хуссар Ирыстоны советон хицаудзинад куы жрфидар, ужд куыста бирж бжрнон бынжтты — уыдонимж газет «Хурзжрин»-ы редакторжй, зонадон-иртасжн институты директоры хждивжгжй, Гуырдзыстоны фысджыты цждисы Хуссар Ирыстоны хайады сжрдаржй, журнал «Фидиужджы» редакторжй жмж жнджрты Чермены сфжлдыстад биржвжрсыг у. Ирон литературжйы зынгж бынат жрцахстой йж уацаутж «Биржгътж» жмж «Мжсгуытж дзурынц», драмжтж «Чи кжй» жмж «Октябры тырысайы бын», йж боныг «Ссыгъди цард»,радзырдтж «Жртж фжкасты» жмж «Уад асаста гжды бжлас», очерктж «Колхждзарад», «Ихдзагъд» жмж жнджртж. Ирон поэзийы аккаг бынат жрцахстой Чермены фыст поэтикон уацмыстж джр. 1937-жм азы Чермен репрессигонд жрцыд, жмж йж ахжстоны фехстой. Урстуалтж- Чермены райгуыржн ужзжг. Едысы хъжу абон.