Презентация. Тем? Ад?мон сф?лдыстад. Уыци- уыцит?


20- урокТемæ: Адæмон сфæлдыстад. "Уыци- уыцитæ"
Адæм дзы зонд исынц, йæхæдæг та æмбаргæ ницы кæны. (чиныг)

Цыппар лæгæн иу худ. (стъол)

Уырызмæгыл фондзыссæдз кæрцы. (къабуска)

Урс мæсыджы бур æхсин. (айк)

Доны цæры, сурыл нæ. (кæсаг)

Лæгуынæрфыг рæсугъд цъымарайæ зары. (хæфс)

Талынджы уыны, рухсы нæ уыны. (уыг)

Фæззæг йæ къæсмæ бацыди,Уалдзæг та хъуызгæ рацыди. (арс)

Хуры дæр, уарыны дæр йæ кæрц нæ ласы. (фыс)

Къодахы бын лыстытæ. (карк æмæ цъиутæ)

Нæ сындзы къутæр куы цæуы, куы тулы. (уызын)

Йæ къоппа – хырх,Йæ дымæг – æхсырф. (уасæг)

Дзыккутæ йыл уыди, æмæ чызг нæ уыди,Тымбыл уыди, æмæ айк нæ уыди,Къæдзил ын уыди, æмæ мыст нæ уыд. (булкъ)

Нæ чысыл мæсыг рæсугъд амад,Йæ алы дур дæр фидар æвæрд. (нартхор)

Дæлдзæххæй нæ сырх гал йе ̓взæгтæ суагъта. (цæхæра)

Чысыл дурыны -- урс нæмгуытæ. (нас)

Уазалы – бæгънæг,Хъармы – тыхт. (бæлас)

Урс у сæкæрау, æмæ адджын нæу,Фæлмæн бæмбæгау, æмæ хъарм нæу. (мит)

Нæ уæлхæдзар – цæхæры кæфой. (стъалытæ)

Раздæр вæййы æхсырфау,Куы рацæры – чъирийау. (мæй)

Иу æрдын мæм ис, æмæ йæм фат сæвæрæн нæй. (арвæрдын)