Презентация по осетинской литературе Горный цветок


Эпигрæф:М Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у.«Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй» (Гæдиаты Цомахъы радзырд «Дыууæ дидинæджы» - мæ гæсгæ) Уый æрра куы дæ, æрра, хæрз æрра! Сæрæй дунейы сагъæс куы айстай дæхимæ. Йæ быны дæ фæкæндзæн, йæ быны, æнæзонд. Иу фыдуаг саби дын стондзæн дæ сæр æмæ йæ фехсдзæн, цæмæн хъæуы, зæгъгæ.Гъе –уæууæй-гъе, цы æнамонд дæ, цы!
Мæнæ ноджыдæр æрбатæхы заргæ мыдыбындз. Бирæ адджын нуазинаг æрæмбырд кодтон æз мæ лымæн мыдыбындзæн. Рауай мæм, рауай, мæ уарзон!.. - Хæрзæхсæв, хæрзæхсæв уал у. Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у, мæ хæлар.
Сæрдыгон райсом. Хур кæсы йæ зынг цæстæй дунемæ, хохæй хохмæ уафы йæ рухсы тын, æрттивы цъититæй . Райхъал ис цард. Базмæлыд халсар.

Комы нарæджы, доны былыл, зæлдаг кæрдæджы астæуæй йæ сæр сдардта фыццагау хъæлдзæгæй быдырон дидинæг. Кæсы уæлæмæ. Хъуыдыйы аныгъуылд. Дардæй йæм фæзындис хус къæцæлау йæ хæлар дидинæджы хъæд…