Презентация на тему : Комкомма ныхас. Архацан нысантта 5 кълас


Комкоммæ ныхас. Æрхæцæн нысæнттæ комкоммæ ныхасы. Искæй ныхас æнæ аивгæйæ,йæ дзурæг æй куыддæриддæр загъта,афтæ загъд куы æрцæуа, уæд уый хонæм комкоммæ ныхас. Комкоммæ ныхас кæй у, уый цы дзырдтæ æвдисынц, уыдон та хонæм авторы дзырдтæ, кæнæ авторы ныхас. «Цæй, ныр æвналон» , - фæзæгъы халон. «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!», - загътой Нарт.Комкоммæ ныхас фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ æмæ йæ сæвæрын хъæуы дыкъæдзыгты («…») Авторы дзырдты фæстæ комкоммæ ныхасы разæй æвæрд цæуы дыстъæлф. Комкоммæ ныхас авторы дзырдты разæй куы фæлæууы, уæд йæ фæстæ æвæрын хъæуы кæнæ къæдзыг,кæнæ хъæры нысан, кæнæ фарсты нысан, æмæ сæ алкæцыйы фæстæ та – тире. Авторы ныхæстæ комкоммæ ныхасы фæстæ фыст вæййынц гыццыл дамгъæйæ. Авторы дзырдтæ дыууæ сæрмагонд хъуыдыйады астæу куы лæууой, уæд сæ фæстæ æвæрæм стъæлф æмæ тире, сæ разæй та, кæд фыццаг хъуыдыйад таурæгъон уа, уæд къæдзыг æмæ тире, кæд фыццаг хъуыдыйад фарстон йе хъæрон уа, уæд та – фарсты кæнæ хъæры нысан æмæ тире.