Презентация по осетинской литературе на тему : Дороже всего на свете мама (6 класс)


 Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у!(Номивæджы морфологион æвзæрст)  О МАД, сызгъæрин мад, дæ хæрзтæйДы кæныс кæстæрты æнгом!Тæхуды, зарæджы ныхæстæйÆнусон чи скæндзæн дæ ном!.. Денджызты Д. «МАД» у рагон индоевропæйаг дзырд. Нæ рагон хæстæджытæ, Памиры хæхты цæрæг адæм дæр дзурынц мах хуызæн мад. Рагон индиаг æмæ персайнаг æвзæгты, Авестæйы хъуысти – матар. Махмæ дæр уыцы фонетикон хуызы баззад бирæон нымæцы – мадæлтæ. Ам ирайнаг р рахызти л – мæ. Уырыссаг дзырд «мать» æмæ ирон «мад» равзæрдысты иу бындурæй.  Гъей, Дзыцца, ды цæрай,Дæ иунæг ТаймуразНе схæсдзæн йæ сæрмæÆгады цæрæнбон. («Таймуразы зарæг») Хъазт «Æппæты лæмбынæгдæр» (Ахуыргæнæг барæй рæдыдтытимæ дзуры раиртæстытæ ныхасы хæйттæй, сывæллæттæ лæмбынæг хъусынц æмæ раст кæнынц рæдыдтытæ). Зæгъæм: Номдар у ныхасы хай, æвдисы предметы архайд æмæ дзуапп дæтты фæрстытæн: чи? цы?Раст: Номдар у ныхасы хай, æвдисы предмет æмæ дзуапп дæтты фæрстытæн: чи? цы? Сраст кæнут рæдыдтытæ: Мæ хицæн, амонджын, чидæриттæр, йæ хæдæг, ныйарæг, рæссугъдæр, æвдæс, кадчын. (Цавæр ныхасы хæйттæ сты?) Дзырдуат:хъæбул – тæрхон – дзырддзæугæ – куырыхон – Ныхас – ХЪÆБУЛЫ РИС МАДЫ ЗÆРДÆМÆ ЦÆВЫ… Иу мадæн йæ хъæбул хæрз чысылæй фесæ…т. Бирæ йæ фæцагуырдта, бирæ йыл фæмаст кодта, фæлæ йын йæ фæд дæр нал ардта. Рацыд цалдæр азы. Лæппу йæхи зонынхъом фæци æндæр мадмæ, чи йæ с…омыл кодта, уымæ. Йæхи мады та рох фæкодта. Раст æй уыцы рæстæг мад ссардта, фæлæ йын æй схæссæг мад нæ дæтты. Уый дæр æй йæхи хоны. Сывæ…он ратон – батойнаг ссис. Хъуыддаг Ныхасмæ бахæ…æ. Тæрхоны рабадтысты дзырддзæугæ лæгтæ. Цалдæр боны фæтæрхон кодтой, фæлæ ды…æ мады æхсæн рæстдзинад ссарын сæ бон не сси. Уæд сын фæстагмæ хистæр урсбоцъо зæронд лæг афтæ: «Æртæйы дæр ма ардæм ракæнут!» Ракодтой сæ. Зæронд ды…æ мады сывæ…оны фæйæнæфарс æрлæууын кодта. Загъта сын: « Лæппуйæн йæ цæнгтыл ны…æцут, йæхимæ йæ чи алваса, уый у йæ æцæг мад. Уый уыдзæн сывæ…он». Устытæ фæлæбурдтой лæппумæ. Ивазынц æй фæйнæрдæм, йæ цæнгтæ йын фæтонынц… Хæслæвæрдтæ текстмæ:1) Скъоладзаутæ текст кæсынц, æвæрынц цухгонд дамгъæтæ.2) Таурæгъы мидис хи ныхæстæй радзурын.3) Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын.4) Текстæн кæрон æрхъуыды кæнын.5) Тексты сæйраг хъуыды цæй мидæг ис, уый сбæрæг кæнын.6) Бæрæггонд хъуыдыйад рафыссын æмæ йæ равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.7) 2- аг абзацæй рафыссын номивджытæ æмæ сын бацамонын сæ хуызтæ. Нæ зонын мæ мады рæвдыд… Ныффыссын дзырдбæстытæ: мад + миногон(Цавæр у мæ мад?... Чи фылдæр ныффысдзæн эпитеттæ йæ мады тыххæй). Хæс: Компьютеры сныв кæнут, цæимæ абариккат уæ мады, уый. Зæгъут, цæмæ скодтат ахæм ныв. (Сывæллæттæн информатикæйы ахуыргæнæг амоны, куыд хъæуы кусын компьютерыл). Х/куыст: Сочинени- миниатюрæ 1. «Мæ мадæн мæ зæрдæ зæгъы…» 2. «Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у   «мад».