Презентация на тему: Джыккайты Шамилы цард ама сфалдыстад 7 кълас


ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛ1940 - 2011 Джыккайты Шамил райгуырд 1940 азы Дзомагъы. Джыккайты мæсыг. Райдайæн скъоламæ бацыд, сæ хъæуы цы авдазон скъола уыд, уырдæм. 1950 аз Дзомагъы цард фæуæззау ис æмæ Джыккайты бинонтæ сфæнд кодтой хохæй быдырмæ ралидзын æмæ 1952 азы æрбынат кодтой Горæтгæрон районы Камбилеевкæйы хъæуы.Шамил дыууадæсаздзыдæй бацыд Камбилеевкæйы астæуккаг скъоламæ. Лæппуйæн зын ахуыргæнæн уыд, уырыссагау дзурынмæ æвзæр кæй арæхстис, уый тыххæй. Фæлæ Шамил æнувыдæй куыста йæхиуыл, тырныдта ахуырмæ, йæ тыхтыл нæ ауæрста. Скъолайы цы библиотекæ уыд, уым райдыдта уырыссаг æвзагыл чингуытæ кæсын. Æмæ цыбыр рæстæгмæ йе ’мгæртты йæ фæстæ фæуагъта ахуыры хъуыддаджы. Сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста æстæм къласы, фынддæс азы йыл куы цыд, уæд. Уый уыд фæлварæн, æнахуыр æнкъарæнтæ, стихтæй дзурыны фæлварæн. Газет «Ленинон тырыса» - йы йе ’мдзæвгæ мыхуыры куы рацыд, уæд ыл уый « базыртæ басагъта».Фæцайдагъ фыссыныл. Йæ зæрдæйы Дзомагъæй цы поэтикон курдиат рахаста, уый йæ æнцад нæ уагъта. 1958 азы Шамил ахуырмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ филологон факультетмæ. Институты ахуыргæнгæйæ дæр Шамил кодта сфæлдыстадон куыст. Фыццаг курсы куы ахуыр кодта, уæд ын газет «Рæстдзинад» -ы мыхуыры рацыд иу æмдзæвгæ. Уый фæстæ, Шамилы æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цыдысты журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæджы». Æрыгон поэты тыххæй дзурын райдыдтой, йæ ном гыццылгай ахъæр ис ирон интеллигенцийы ’хсæн. Институт каст куы фæци Шамил, уæд телеуынынады кусын райдыдта уацхæссæгæй. Фæстæдæр бацыд аспирантурæмæ æмæ кæронмæ дæр фæкуыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты.1970 азы æнтыстджынæй бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Сси филологон наукæты кандидат. Райста доценты, фæстæдæр та профессоры ном. Шамил у æхсæз поэтикон æмбырдгонды автор: «Æфсарм» (1964), «Цæф сæгуыты маст» (1969), «Амыраны зæрдæ» (1973), «Сагъдахъ» (1980), «Æхсæвы æртытæ» (1990), «Саст (2000). Зындгонд у куыд драматург, афтæ дæр. Ныффыста æртæ драмон уацмысы: «Хъодыгонд зæд», «Цомахъ», «Санаты Сем».Сфæлдыстадон куыстæй уæлдай ма кодта наукон куыст дæр. Ныффыста бирæ монографитæ, наукон – критикон уацтæ. Уыд ирон ахуыргæнæн чингуытæ аразæг. Фыццаг хатт ирон æвзагыл ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта «Ирон литературæйы истори». Шамил бабиноныг кодта Коцойты Арсены Брытъиаты Елбыздыхъойы Гæдиаты Цомахъы Барахъты Гинойы Байаты Гаппойы Нигеры Плиты Грисы Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон потреттæ. Ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип – паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак» æ.æнд. Ирон фыссæг,поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилы мардæй ссардæуыд Дзæуджыхъæуы хуссары 26 майы 2011 азы.