Фыст?г фыссыны ?гъд?утт?. Номив?г.


Темæ: Фыстæг фыссыны æгъдæуттæ. Номивæг. Нысан:1.Сахуыр кæнын ахуырдзауты фыстæг фыссыныл.2.Ирон æвзагыл сæ ахуыр кæнын хъуыды кæнын.3.Ныхасы рæзтыл куыст Урочы цыд:I. Организацион хай. II.Хæдзармæ куыст бафæрсын. 1 Нывмæ гæсгæ цы куыст бакодтой, уый сбæрæг кæнын. 2. Къуырийы нæмттæ зæрдывæрдæй куыд сахуыр кодтой, уый сбæрæг кæнын. III.Ног æрмæг. Фыстæг фыссыны æгъдæуттæ:Дзырдты къордтæй саразын хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссын:1)æхсызгон у, уымæн, хорз, исын, бæрæггæнæнтæ.2)Уымæн, уазæджы, æхсызгон у,уынд. 3) Ахуыргæнæг,æмдзæвгæ,фæдзæхста,сахуыр . 4)Æхсызгон у,уымæн,фæндыры зæлтæм,хъусын,ирон.2. Дзырд зæрдæргъæвд(способный) ирон æвзаджы цавæр дзырдтимææмбæлы (с какими словами сочетается)? Ратæлмац кæн дзырдбæстытæ æмæ йæ базон: способная девочка способный мальчик способный ребёнок способный ученик Батрадз зæрдæргъæвд Агуындæ... Дзерассæ... у математикæмæ. Агуындæ... Дзерассæ Ирон æвзагыл сæ ахуыр кæнын хъуыды кæнын.Ныхасы рæзтыл куыстИрон æвзагыл сæ ахуыр кæнын хъуыды кæнын.Ныхасы рæзтыл куыст Алинæ… Тимур… Виктор... Иринæ… 8. Зæгъ, хъуыдыйæдты мидис раст у, æви нæ. Куыд æмбарыс бæрæггонд дзырдты нысаниуæг? Алан у зæрдæргъæвд сывæллон. Уæлдай тынгдæр1 арæхсы (цæмæ?) ныв кæнынмæ. Цытæ дзурыс? Алан ныв кæнын нæ зоны. Алан ныв кæнынмæ нæу зæрдæргъæвд, фæлæ зарынмæ. Косер у зæрдæргъæвд чызг. Хорз арæхсы (цæмæ?) хуыйынмæ. Дзерассæ у зæрдæргъæвд ахуырдзау. Хорз арæхсы (цæмæ?) математикæмæ. Руслан у зæрдæргъæвд лæппу. Уæлдай тынгдæр арæхсы (цæмæ?) хъæбысæй хæцынмæ. Тотрадз у зæрдæргъæвд лæппу. Уæлдай тынгдæр арæхсы (цæмæ?) футболæй хъазынмæ. Ног æрмæг:Фыстæг фыссыны æгъдæуттæ. Номивæг. Байхъус Зæлинæйы фыстæгмæ, бакæс æй. Дæ хъус æрдар, цавæр ныхæстæй райдыдта æмæ куыд фæцис, уымæ. Зæгъ, цæмæй хицæн кæны фыстæг хуымæтæг таурæгъон текстæй. Дзæуджыхъæу, 17 ноябрь Дæ бон хорз, Светланæ! Дард Кавказæй дæм фыссы ирон чызг. Мæ ном хуыйны Зæлинæ. Мæ мыг­гаг у Хетæгкатæй. Ды мæ нæ зоныс. Дæ адрис дын дæ фыды’фсымæры чызг Аллæйæ райстон. Уыимæ мах иу къласы ахуыр кæнæм. Знон ме ’мбæлттимæ уыдтæн Аллæтæм. Уымæн уыдис йæ гуырæн бон. Уым федтон дæ хуызист. Аллæ нын радзырдта, тынг зæрдæргъæвд чызг кæй дæ, сæрды Ирыстоны кæй уыдтæ æмæ иронау дзурын кæй ахуыр кæныс, уый тыххæй. Ноджы ма нын радзырдта, чингуытæ кæсын бирæ кæй уарзыс, ду­нейы адæмты тыххæй дæ фылдæр базонын кæй фæнды. Мæхи тыххæй мæ куы фæрсай, уæд æз цæрын Дзæуджыхъæуы Коцойты Арсены уынджы 56-æм хæдзары 17-æм фатеры. Нæ бинонтæ сты: мæ мад æмæ мæ фыд, мæ нана æмæ мæ дада, мæ хо æмæ мæ дыууæ æфсымæры. Ис мын ирон, уырыссаг, гуырдзиаг æмæ сомихаг æмбæлттæ. Мах нæ уæгъд рæстæг æрвитæм иумæ. Бирæ уарзæм чингуытæ кæсын. Æмбырд кæнæм дунейы алы бæстæтæ æмæ горæтты тыххæй нывджын фыстæджытæ. Ахуыр кæнæм уы­рыссаг, англисаг æмæ ирон æвзæгтæ. Светланæ, ныффысс мæм ды дæр. Тынг мæ фæнды базонын: куыд ахуыр кæныс, куыд æрвитыс дæ уæгъд рæстæг, цы уарзыс. Хæрзбон уал! Саламтимæ Хетæгкаты Зæлинæ Кæцæй: ______________ ______________ Кæдæм: ______________ ______________ Хæс: Кæй кæмæ фæнды, уымæ ныффыссæд йæ фыстæг. Пайда кæнут ахæм дзырдтæй.Зынаргъ,хо,æфсымæр,мад,фыд,фыссын дæм, æрæгмæ,алы хатт,зæрдиагæй,Фембæлдмæ,фæнды мæ, дæ фенын,тынг æнкъард кæнын,мæ зæрдæ 'хсайы,де'нæниздзинад, æндæр горæт,фыстæг, æмбæлттæ , хъæдмæ, хæхтæм,хъæумæ, уынджы,амбæлдтæн. Æххуысгæнæн дзырдтæ:Фыстæг ме 'мбалмæ,мæ хуыздæр æмбалмæ,мæ мадмæ,мæ фыдмæ,мæ хомæ,ме'фсымæрмæ 3.Чиныгимæ куыст .а)Байхъусын Зæлинæйы фыстæгмæ.æ)Хъус æрдарын,цавæр ныхæстæй райдыдта æмæ куыд фæцис.уымæ.  Зæгъут-ма, цæмæй хицæн кæны фыстæг хуымæтæг таурæгъон текстæй. III. Аулæфт IV. Æрмæг ныффидар кæнын.Дзуапп раттын ахæм фарстатæн:1)Цы фыссы Зæлинæ йæфыстæджы?2)Нывмтæм гæсгæ цавæр хъуыдыйæдтæ ис ныффыссæн?3)Кæмæ фыссы Зæлинæ фыстæг?4)Кæм цæры Светланæ?5)Кæм федта Зæлинæ Светланæйы хуызист?  2. Ног дзырдтæ раст бакæс. Бахъуыды сын кæн сæ растфыссынад æмæ сæ нысаниуджытæ. Цавæр? Цы хуызæн? æхсызгон – приятный зæрдǽргъæвд – способный Цы ми кæнын? áрæхсын – уметь; справляться 4. Дзырд æхсызгон-имæ дзырдбæстытæ сараз. Уæлдай дзырд фæуадз. Цавæр? æхсызгон ныхас чиныг хъуыддаг хабар фембæлд адæймаг къаба Æхсызгон ныхас ... 5. Дзырдты къордт.й сараз хъуыдый.дт. .м. с. ныффысс. Æхсызгон у, уымæн, хорз, исын, бæ- рæггæнæнтæ. Уымæн, уазæджы, æхсызгон у, уынд. Ахуыргæнæг, æмдзæвгæ, фæдзæхста, сахуыр кæнын. Æхсызгон у, уымæн, фæндыры зæл- тæм, хъусын, ирон. Уымæн æхсызгон у хорз бæрæг- гæнæнтæ исын. Кæмæ фыссы Зæлинæ фыстæг?Зæлинæ фыссы фыс- тæг Светланæмæ. Кæм цæры Светланæ? Кæм федта Зæлинæ Светланæйы хуызист? Цы радзырдта Аллæ Светланæйы тыххæй? Кæм цæры Зæлинæ йæ- хæдæг та? Кæцæй: Цæгат Ирыстон, г. Дзæуджыхъæу, Коцойты Арсены уынг, 56-æм хæдзар, 17-æм фатер. Хетæгкаты Зæлинæ Зæлинæйæн кæцон æм- бæлттæ ис? IV.Æрмæг ныффидар кæнынV. Хæдзармæ куыст.1 Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.2.Ныффыссын искæмæ фыстæг ирон æмæ уырыссаг æвзагыл.