Презентаци. Тем?: Й? ном ?нусон. (Т?б?хсауты Владимир — Бало).


ТÆБÆХСАУТЫБАЛОЙÆ НОМ ÆНУСОН Зæххыл цы хъуыстгонддæр, зондджындæр æмæ кадджындæр лæгтæ равзæрд, уыдоныл адæм арфæгондæй фыстой æмæ фысдзысты; уыцы темæйæн баихсийæн нæй. Генион адæймаг уымæн вæййы генион, æмæ æнæмæлгæ вæййынц йæ хъуыдытæ, йæ куыстытæ. йæ архайд, йæ бынтæ. Генион адæймаг кæмфæнды æмæ кæдфæнды райгуырæд - свæййы æппæт адæмтæн йæхи дæсниады æнусон ахуыргæнæг, зондамонæг. фæзминаг.Дунейыл театралон аивады цы генион артисттæ равзæрд, уыдонæн сæ раззагдæртимæ ис Ирыстоны хъæбысы райгуырæг, ирон адæмы уарзон хъæбул Тæбæхсауты Василийы фырт Владимир. Валодяйы адæм фырбуцæн хуыдтой Бало, æмæ йыл уыцы ном хуыздæр фидыдта. Бало!.. Ацы ном ирон адæмæй алкæмæн дæр у зындгонд, зынаргъ æмæ ахсджиаг. Бало райгуырд 1910 азы Цæгат Ирыстоны Æрыдоны хъæуы ( ныры горæты) мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. 15 июлы райгуырд, ирон адæмы кад бæрзонд чи систа, йæ ном дун-дунетыл кæмæн айхъуыст, уыцы лæппу – Бало. Ирыстоны нæргæ хъæлæс, театралон аивады гени, æппæты адæмондæр артист, Ирыстоны хъулонуарзт хъæбул Тæбæхсауты Уасилы фырт Владимир — Бало.Бало æрыгонæй йæ фидæны стыр кады мæсыгæн фыццаг дуртæ æвæрын куы райдыдта фидар бындурæн, уæддæр бæрæг уыди, кæй самайдзæн æнæфæцудгæ бæрзонд мæсыг. Æмæ уый йæ къухы бафтыд æнтыстджынæй. Актерæн сценæ йæ цард, йæ хъысмæт у, театр – та йæ бæллицты суадон. Уыцы суадон нывæзт вæййы æрмæст дидинджытæ, къухæмдзæгъд æмæ хæрзиуджытæй нæ, фæлæ адæмы уарзондзинадæй, актеры æвæллайгæ æмæ æнтысджын архайдæй. Адæмы уарзондзинадæй стыр хайджын уыди Тæбæхсауты Бало. Ирон театр иу уæлахизæй иннæмæ кæй хызти, ног æмæ ног хæрзиуджытæ кæй иста, йæ ном бирæ бæстæтыл кæй айхъуыст, уым Балойы курдиатæн, Балойы фæллойæн сæрмагонд, агъау нысаниуæг ис.Ирон адæмæн сæ туджы ис тых æмæ хъару, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад, йæ адæмы, йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ удыл чи нæ ауæрды ахæм адæймагæн кад æмæ æгъдау кæнын ( кæд арæх афтæ нæ рауайы , уæддæр). Æмæ сын уыцы æнкъарæнтæн æххæстæй дзуапп лæвæрдта Тæбæхсауты Бало, цы тыхджын, хъæбатыр хъайтарты сурæттæ, характертæ арæзта æмæ æвдыста, уымæй. Уымæн æй уарзтой ирон адæм æгæрон уарзтæй, хъæбулы уарзтæй. Балойы стыр æрдзон курдиат уæлдай ирддæрæйрабæрæг, дард æнустæй æрбацæуæг Шекспиры æнæмæлгæ трагедиты кæй сарæзта, уыцы фæлгонцты. Уый нын, йæ ном æнæхъæн Зæххы къорийыл дæр хъуыстгонд кæмæн у, уыцы Отеллæйы сдзурын кодта иронау. Бало ацы хъайтары фæлгонц фыццаджыдæр равдыста тыхджын æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймагæй. Уымæн афтæ тынг хъардтой йæ маст, йæ катай, йæ уды хъизæмар не мдугонты зæрдæтæм.Тæбæхсæуты Балойы ном хаст æрцыд, цыппар æнусы дæргъы театры Отеллæйы роль æппæты хуыздæр, чи ахъазыд, уыдоны кадджын номхыгъдмæ, фыст æрцыд Айро Ольдридж, Жозеф Франсуа Тальма, Дэвид Гаррик, Павел Мочалов, Акаки Хорава æмæ иннæ номдзыд актерты фарсмæ. Куыд нæ уа сæрыстыр Ирон лæг, кæд æмæ дун-дунетыл айхъуыст йæ туг æмæ йе стæджы кадджын ном, кæд æмæ нæхи Бало фæуæлахиз дунейы хуыздæр, æрттивагдæр «стъалытыл» – Отеллойыл?! «Отеллойы ролы чи ахъазыд, уыцы актертæй бирæты зыдтон. Тæбэæхсæуы – фырт – Отелло лæууы æппæты бæрзонддæр цъуппытæй. иуыл. Уый бæлвырд бамбæрста йæ хъайтары арф æнкъарæнтæ, йæ зæрдæскъæфæг уæздан фæлмæндзинад. Уыцы диссаджы советон актерæн йæ къухы бафтыд дунеон репертуары тæккæ зындæр ролтæй иуы иттæг арæхстджынæй равдисын»М. Морозов, профессорШекспиры сфæлдыстад иртасæг. Балойы курдиат канд театры не скъæфта адæмы зæрдæтæ. Уый бирæ зæрдæмæхъаргæ фæлгонцтæ сарæзта киноаивады дæр. Уыдонимæ – Къостайы («Ирыстоны хъæбул»), Къниаз Алимбекы (Фатимæ», Али-Солтаны («Æз уæддæр кафдзынæн»), Ашеровы («Командиры раздæхт»), æмæ æндæрты фæлгонцтæ. Ирыстонæн кад æмæ намыс чи скодта, йæ сагъæс, йæ мæт Ирон театралон аивад кæмæн уыд, йæ рæзтыл удуæлдайæ чи архайдта, уыдонæй иу уыд Тæбæхсауты Бало.Йæ архайд та ахæм уыд, æмæ Ирон театрæн йæ аивадæй бантысын кодта, Ирыстоны нæ, фæлæ Советон Цæдисы арæнтæ дæр атонын. Базыдтой йæ хурыскæсæны Манголæй суанг хурныгуылæны Стыр Британийы онг. Диссаджы тыхджын æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ гуырын уодта адæймаджы зæрдæйы Тæбæхсауты Балойы æрхæрæны курдиат. Кæд нымæцæй бирæ не сты ирон адæм, уæддæр дунетыл йæ ном кæмæн айхъуыст, ахæм лæгтæ радтой царды алы къабæзты дæр. Нымæцæй тынг бирæ чи у , уыцы нацитæй дæр бирæтæм нæй , уыцы «стъалытæ».Мах, ирон адæм, сыгъдæг уæлдæфау фыццагдæр хъæуынц нæхи хæдбындур аивад. Нæхи арфæйаг культурæ, нæхи хорз æгъдæуттæ, нæ фыдæлты нæртон фарн. Уæд нæ кой, нæ хъæстæ никуы фесæфдзæн, уæд нæ бон уыдзæн райсын иннæ адæмтæм дæр хорзæй цы уа, уыдон. Ирон театры зæрингуырдтæн сæ номдзыддæры, Тæбæхсауты Балойы дæсныйадыл, йæ ныхасы, йæ архайды уагыл, йæ хæдбындур курдиат æмæ æгæрон парахат сценикон гæнæнтыл сусæгæй-æргомæй сæхи фæлвæрдтой æмæ ахуыр кодтой нæ театры артистты ног æмæ ног фæлтæртæ.Суанг ма хихъæппæрисадон драмон къордтæ, хæдахуыр артистты дæр ахуыр кодтой, сæхи фæлвæрдтой Балойы дæсныйадыл. , йæ курдиат сын уыдис фæндагамонæг, ныфсдæттæг. Арæх иу æй æрхуыдтой сæ спектаклтæм, лæмбынæг хъуыстой йæ фиппаинæгтæм, стыр аргъ сын кодта сæ зæрдиаг куыстæн. Йæ бон цæмæй уыд, уымæй сын æххуыс дæр кодта.Бало сæрыстыр уыд йæ кæстæртæй, уарзта сæ йæ фыртты хуызæн .Йæ зæрдæ сæ рухс кодта, сценæйы-иу сæ къухы ног æмæ ног тыхджын фæлгонцтæ саразын куы бафтыд, уæд. Алы адæммæ дæр ис, уæлдай буцдæр æмæ сæрыстырдæрæй кæй ном фæзæгъынц, ахæм намысджын æмæ кадджындæр хистæртæ. Уыдонæй иу уыд нæ Ирон театры æрттивгæдæр стъалы. ССР Цæдисы адæмон артист Тæбæхсауты Бало. Уый йæ æвидигæ курдиатæй дзæвгар фæбæрзонддæр кодта нæ ирон культурæ, Ирыстоны кад æмæ намыс.Тæбæхсауты Балойы сфæлдыстады сæйрагдæр бынат ахсынц сæрибары, адæймаджы ном, лæджы кад æмæ намысы сæраппонд йæ цард нывондæн æрхæссынмæ æдзухæй цæттæ чи вæййы, ахæм хъæбатырты сурæттæ. Уыдонимæ– ирон адæмы æрдхæрæны Чермен («Чермен» – Плиты Г.), Бæгъатыр («Фæтæг Бæгъатыр» – Мамсыраты Д.), Аслæнбег («Бæтæйы фырттэ» – Мамсыраты Д.), Фучик (Юлиус Фучик» – Ю. Бураковский), Дзамболат («Сау нымæт» – Джимиты Г.), Сæрмæт («Сæрмæт æмæ йæ фырттæ» – Саламты Къ). Бирæ артисттæн , уæлдайдæр та кæстæр фæлтæртæн Бало уыдис сценæйы дæсныйады эталон, трагикон, героикон-романтикон характертæ аразыны эталон; ахæм аивады бæрзæндтæм схизынмæ тырныдтой, уыдон дæр. Æмæ сын Балойы куыстытæ уыдысты фæндагамонæг, тæмæнкалгæ стъалытæ Йæ фæстæ хорз скъола, хорз фæдонтæ ныууагъта. Бало уыд нæ театры фарн, æмæ йæ фарн йеммæ нæ ахастта; ныууагъта йæ йæ кæстæртæн, йæ уарзон театрæн. Балойы æрттивгæ аивад, йæ намысджын курдиат æххуыс кодтой, кæнынц æмæ кæндзысты фидæны дæр рæзгæ фæлтæры культурон, аивадон хъомысады.Йе сæлдыстаадон дæсныйад, йе сгуыхтдзинæдтæ ирон театры сæвзæрын кодтой сæрмагонд театралон дуг. Театралон заман, уыцы заманы тæваг, йæ æндæвдад хорзырдæм фæзынд ирон культурæйы рæзтыл, тынгдæр та – театралон аивады рæзтыл. Зæрдæмæ тынг арф хъары ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы фæдзæхст æмæ та йæ æрымысæм: «Дунейы хæзнадон æнхъæлмæ кæсы мах хæзнатæм дæр! Сæвæрæм дзы, сæвæрæм, æфсымæртæ, нæ мысайнаг».Уыцы арфхъуыдыджын бæрнон фæдзæхст æнтыстджынæй, стыр кадимæ сæххæст кодта æмæ дунейы аивадон хæзнадонмæ бахаста хæрхъæд, æнæмæлгæ мысайнæгтæ Тæбæхсауты Бало.Ирон театралон аивады корифей Бало йæ адæмæн цы стыр лæггад бакодта, уый æнустæм бацыд ирон адæмы историмæ.Абон кæд номдзыд актер, адæм сценæмæ æрмæст йæ иу рацыдмæ дæр кæмæн бæллыдысты, уый не хсæн нал ис, уæддæр. Бало йæ фæстæ цы стыр фарн ныууагъта, цы бирæ фæлгонцтæ сарæзта нæ ирон сценæйы, уыдон æнустæм цæргæйæ баззайдзысты адæмы зæрдæты.Мах фидарæй уырны, нæ бæстæйы адæмон артист Тæбæхсауты Балойæн йæ ном уæлæуыл æнустæм цæргæйæ кæй баззайдзæн, уый. Цытджын лæгтæ цытджын адæммæ равзæры. Ирыстон у цытджын ирон адæмы бæстæ, æмæ дзы райгуыры цытджын лæгтæ. Афтæ уыд. Афтæ уæд кæддæриддæр.Тæбæхсауты Балойæн йæ ном, йæ кад цæрынц æмæ цæрдзысты, ирон адæм кæдмæ цæрой, уæдмæ. Йæ ном, йæ кад театралон аивады фыст æрцыдысты æнустæм.Бало стъалыйау æрттивдзæн нæ царды Æрдз Ирыстонæн, ирон адæмæн цы хуыздæр лæвæрттæ бакодта, уыдонæй иу уыдис Тæбæхсауты Бало, æмæ уымæй мах хъуамæ уæм сæрыстыр, уымæн æмæ йæ адæмы кад бæрзонддæр кодта йæ тыхджын курдиаты фæрцы, мыггагмæ баззайдзæн йæ ном, цæрдзæн нæ адæмы зæрдæты. Дæ райгуырæн бон циндзинад æрхаста,Фæрныг куывдæй дæ сбуц кодта дæ фыд.«Бало», зæгъгæ , цы арфæйаг ном уарзта,Ирон нæмттæн сæ фидауджындæр уыд.Цыма æртахт дæ нæргæ курдиат арвæй,Фæцардтæ не хсæн кадджынæй, хæларæй,Сценæйы та паддзах уыдтæ.Дæ фарнæй фарн нæ театрыл æфтыди.Дæ намыс уыд Ирыстоны æргом.Æмæ дæ зынгæй ахæм арт ссыгъди,Æгас дунейыл айхъуысти дæ ном.Кæстæр бæрзонддæр хистæры кад сисы,Дæ намыс та нæрдзæн æмæ нæрдзæн.Мæн та уырны дæ хорз фæдонтæй искуы,Кæйдæрты ном нæ театры нæрдзæн.Мæ бæллиц у, æндæр Бало куы æрцæуид,Куы та фæзынид «сау Мавр» нæргæ.Æмæ та ног ирон дзырды сæуæхсид,Куы срухс кæнид.Ирон театр… Бæргæ!ХУЫТЫГАТЫХъазбег. !981 азы 8 октябры йæ царды 72-æм азыл амард ССР Цæдисы адæмон артист, К.С.Станиславскийы номыл УСФСР-йы паддзахадон премийы æмæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл республикæйы премийы лауреат, ирон советон театры зынгæ архайæг Тæбæхсауты Владимир Василийы фырт.Ныгæд æрцыд Ирон аргъуаны Хетæгкаты Къостайы фарсмæ.