Презентация на тему Святые места Северной Осетии.


Реком

Реком ирон мифологийы æмæ уырнынæдты Кувæндон Цъæйы комы, равзæрд, Стыр Хуыцау Нарты Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй. Рекомы Уастырджи дæр.
ppt_yppt_yppt_y Батрадз
style.rotation
Реком
ppt_xxshearppt_x

Реком у Ирыстоны æмбал камæн нæй, Иры ахæм кувæндон-агъуыст. Йæ бæрæгбон вæййы алы аз дæр июлы æмæ ахæссы иннабонæй-иннабонмæ (сабатæй-сабатмæ). Дзуарæн нывондæн æрхæссынц бирæ фос (галтæ æмæ нæл фыстæ), скæнынц стыр куывдтæ, æрцæуы сæм тынг бирæ адæм, уыимæ æрмæстдæр нæлгоймаг дзыллæ, уымæн æмæ Реком нымад цæуы Уастырджийы дзуары «артдзæстыл» — центрыл.

style.rotation Фæстæдæр Рекомы кувæндæттæ фæзынд Цæгат Ирыстоны — Хохы Санибайы, Цымытийы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы; Хуссар Ирыстоны — Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы. Рекомы бæрæгбон кæнынц алы рæстæджыты. Йæ кувæндоны бынмæ сылгоймаг нæ цыд.



Ахуыргонд Цыбырты Людвиг фыссы:Рекомы кувæндон рагон замантæй фæстæмæ тынг зындгонд кæй уыдис æппæт Ирыстоны, ууыл дзурынц, кувæндоны дзæнгæрджытæй иуы цы рагон фыстытæ ис, уыдон дæр, — Фыстытæм гæсгæ, уый нымад цæуы Дыгуры æмæ æппæт Туалты кувæндоныл, æнæхъæн ирон зæххы сыгъдæг æмæ табуйаг бынатыл. Рекомы кувæндоны цур археологтæ ссардтой таурæгъон Ос-Бæгъатыры фат, згъæр худ, алыхуызон хæстон цырæгътæ, зды нæмгуытæ. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дзаумæттæм гæсгæ Рекомы Уастырджи у ирæтты хæстон бардуаг.