Доклад — презентация НОГ ТЕХНОЛОГИТ?Й ПАЙДА К?НЫН ИРОН ?ВЗАДЖЫ УРОКТЫ.


НОГ ТЕХНОЛОГИТÆЙ ПАЙДА КÆНЫН ИРОН ÆВЗАДЖЫ УРОКТЫ. Нæ царды цы социалон – экономикон рацарæзтытæ цæуы, уыдон фæзындысты ахуырады системæйыл дæр, домынц, цæмæй ивддзинæдтæ æрцæуа ахуырадон – хъомыладон процессы дæр. Хъуамæ ногдзинæдтæ хаст æрцæуа ахуыргæнджыты æмæ хъомылгæнджыты куыстмæ. Нырыккон дуне адæймаджы раз цы домæнтæ æвæры,уыдон æххæстгæнæн ис, æрмæст активонæй æмæ арæхсджынæй пайдагæнгæйæ ног технологитæй, интернетæй, телеуынынадæй, мыхуырæй. Цæмæй царды цыфæнды къабазы дæр адæймаг æнтыстджынæй архайа, уый тыххæй хъуамæ скъолайæ рахæсса хъуыды кæнын, дзурын, йæхи дарын, ома алы адæмтимæ алы уавæрты æмхицдзинады домæнтæ раст æххæст кæнын. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл рæстæджы домæнтæм гæсгæ стыр хæстæ æвæрд ис: фыдыбæстæ уарзын, царды фæзилæнтыл ахуыр кæнын, сабиты раст зондыл æфтауын, хорз – æвзæр, раст – зылын, уарзт – фыдæх, кæрæдзийæ иртасын. Ног ахуырадон технологитæм гæсгæ арæзт урок хъуамæ дзуапп дæтта бæлвырд домæнтæн:Наукæйы ног æнтыстытæй пайда кæнгæйæ, урок бæлвырд ахуырадон - хъомыладон бындурыл аразын.Скъоладзаутæн саразын бæлвырд уавæртæ сæ курдиат æххæстæй равдисынæн, сæ хъуыдыкæнынад рæзынæн, æрмæг базонынмæ сæ разæнгард кæнын. Урочы æндæр предметтимæ баст æрмæгæй пайда кæнын.Ног æрмæг амонгæйæ æнцой кæнын рацыд æрмæгыл. Урок методикон æмæ логикон æгъдауæй раст аразын.Педагогон фæрæзтæй эффективонæй пайда кæнын. Хынцын ахуырдзауты рæзты æмвæзад æмæ психологон хицæндзинæдтæ.Урочы æрмæг хъуамæ дзуапп дæтта, царды цы ногдзинæдтæ æмæ ивддзинæдтæ цæуы, уыдонæн. Рæзгæ ахуырады системæйы нысантæ сты:-скъоладзауты ахуырмæ фæцалх кæнын — æрмæст сын æрмæг цæттæйæ дæтгæ нæу, фæлæ саразын хъæуы ахæм уавæртæ, цæмæй зонындзинæдтæ райсынмæ сæхæдæг тырной; -кусын æппæт скъоладзауты граматикон рæзтыл, куыд тыхджын, афтæ лæмæгъдæртимæ. Алкæмæн дæр хъуамæ лæвæрд цæуа, йæ бон цас у, уыйбæрц хæстæ. Йæхи цæстдарæнтæ, йæ зонындзинæдтæ равдисын йæ бон куыд уа, йæхи хатдзæгтæ скæнынмæ куыд арæхса, афтæ; - ахæм психологон уавæр саразын,цæмæй скъоладзауты, суанг тыхджынты дæр, бæстон ахъуыды кæнын цы хæслæвæрдтыл бахъæуа; сæ бон сæ сæххæст кæнын куы нæ уа, уæддæр сыл хъуыды кæндзысты, стæй сæ ахуыргæнæджы æххуысæй базондзысты. ПЕДАГОГОН ÆМÆ ИНФОРМАЦИОН ТЕХНОЛОГИТЫ БАСТДЗИНАД УРОКЫ АРÆЗТЫ ХИЦÆНДЗИНÆДТÆТРАДИЦИОН МЕТОДИКÆНОГ ТЕХНОЛОГИТÆЙ ПАЙДАГÆНГÆЙÆПАССИВОНПСИХОЛОГОН ХИЦÆНДЗИНÆДТÆ ХЫНЦГÆЙÆ Ахуырады процессы цы ногдзинæдтæ фæзыны, уыдонæй равзарын хъæуы, скъоладзаутæн чи фæахъаз уыдзæн, ахæмтæ, ома,сæрмагонд литературæ, докладтæ, эксперименталон æмæ проектон куыстытæ, презентацитæ,урок – лекци, урок – диспут, урок – беседа, урок – ерыс, урок – семинар, урок – равдыст, урок – конференци, урок –викторинæ, интегративон урок, ныхасы рæзтыл куысты урок. Цæмæй æрмæг æнцон æмбарæн æмæ цымыдисагдæр уа, уый тыххæй ирон æвзаджы уроктæ аразæн ис тематикон принцип хынцгæйæ. Тематикон урок у æмбарынæдты æнæхъæн системæ: грамматикон, лексикон æмæ логикон. Тематикон уроктæ ахъаз сты скъоладзауты хъуыдыкæнынады рæзтæн, сæ ныхасы хъæд аив кæнынæн, кæрæдзиуыл баст ныхас фæд – фæдыл раст равæрынæн, æвзаджы литературон нормæтæй раст пайда кæнынæн.ТЕМАТИКОН УРОК. Эстетикон хъомыладæн царды егъау нысаниуæг ис. Ацы хъуыддаджы национ традицитæ, литературæ, музыкж, нывкжнынад, скульптурж, хореографи, оперж, аивады жнджр хуызтж, сжйраг бынат, кжй ахсынц, уый дызжрдыггаг нжу. Уыдон хъжздыг кжнынц ахуырдзауты эстетикон аджнкъарынад, парахатжй йын райхалынц йж миниуджытж жмж сфжлдыстадон гжнжнтж – иу ныхасжй, дуне базонын жмж хи бамбарыны фадат ын джттынц.ЭСТЕТИКОН ХЪОМЫЛАД. Скъоладзауты рæзтыл кусын амоны: бæлвырд зонындзинæдтæ хибарæй агурын; рæдыд цæмæн æрцыд, уый ахоссаг ссарын æмæ йæ афтæмæй сраст кæнын; æрмæджытæ кæрæдзиуыл барынмæ арæхсын æмæ сын сæ хицæндзинæдтæ иртасын; цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй алы уавæрты пайда кæнын зонын. Ацы куысты хуызтыл æнцайгæйæ, скъоладзаутæ хуыздæр арæхсынц æрмæг базонынмæ. Ахуыргæнæг æмæ ахуырдзау урочы хъуамæ уой æмбар, уымæн æмæ кусгæ дæр иумæ кæнынц, сæ нысан дæр у иу. Гæнæн æмæ амал куы уа, уæд хынцын хъæуы алы ахуырдзауæн дæр йæ хъуыдытæ, йæ авналæнтæ.  БУЗНЫГ, АРФÆГОНД УТ!