Урочы эпиграф: «З?ххыл ис иун?г х?зна царды, ?м? уый Мад у, м? хур, Мад. Й? р?вдыд сау дурт?м д?р хъары, ф?суры з?рд?йы ф?ллад». Хъодзаты?хсар Урочы нысант?: 1. Х?дзарм? куыст равзарын. 2. Скъоладзауты з?рд?ты гуырын к?нын уарзондзинад ныййар?гм?. 3. Ад?м


Урочы темæ: «Цы хорз у, чи сбуц кодта мады, æмæ йын чи радта æгъдау», - Цæгæраты Гигойы радзырд «Мураты бандон»-мæ гæсгæ Урочы эпиграф: «Зæххыл ис иунæг хæзна царды, æмæ уый Мад у, мæ хур, Мад. Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары, фæсуры зæрдæйы фæллад». Хъодзаты Æхсар Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг, нывтæ мады фæлгонцимæ, зарæг мады тыххæй. Уæ бон хорз æмæ нæм æгас цæут, нæ зынаргъ уазджытæ! Абон сымах фендзыстут диссаджы ныв. Цæвиттон, 2-æм къласы ахуырдзаутæ æрæджы куыддæртæй бахаудысты ивгъуыд цардмæ, бæлвырддæр та - Нарты бæстæм. Тынг диссаг сæм фæкаст, кæдæм бахаудысты, уый. Уæд сæм бæркадкъух Сатана рауад æмæ сыл баузæлыд, куыд æмбæлы, афтæ сæ суазæг кодта. Уазæг – Хуыцауы уазæг, зæгъгæ сæ мидæмæ бакодта, хорз сæ федта æмæ сæм дзуры: «Æз, Сатана, Нарты мад, хъуамæ абон базонон, уæ дуджы мадæн цы аргъ æмæ кад ис, уый. Йæ алыварс сæ тымбыл сбадын кодта, æмæ сыл ныхас бацайдагъ. Ехх, æвæдза… Сабитæ, Мад... Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ бамбарæн ис, циу амонд. Мад – царддæттæг. Хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыцы хæрзиуджытæ иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мады уарзондзинадæй æфсæст чи у, уыдонæн сæ удтæ хъæздыг æмæ рæсугъд сты. Зæгъут-ма, сымах та куыд æмбарут дзырд «Мад»? Куыд æххуыс кӕнут сымах та уæ ныййарджытæн?Зæгъут-ма, сывæллæттæ, уыдон уæ хызынты цытæ сты æмæ уӕ цæмæн хъæуынц?Æмæ кæм сахуыр стут чиныджы кæсын?Зæгъут-ма, æмæ дзы цавæр уацмыстæ сахуыр кодтат мады тыххæй? -Уæ, мæ хуртæ, æз сымахæй абон цы бузныг дæн! Зæгъут-ма, радзырды фæстæ та цы ис?Æмæ сымахæй ничи зоны æмдзæвгæтæ мады тыххæй? Тынг зæрдиагæй сæм байхъусин!-Цы рæсугъд сæ радзырдтат! -Ацы æмдзæвгæты та мад куыд æвдыст цæуы? -Уæ мадæлтæ та цавæртæ сты?-Уæдæ уæ кæй мад у хуыздæр? Цæмæн уæм афтæ кæсы? Куыд уæм кæсы, цæмæн? Раст бакодта лæппу? Цæуылнæ? Чызг дзы цæмæн бадомдта йæ мады зæрдæ?Лæппу йæ къах куы скъуырдта, уæд æм мады зæрдæ куыд сдзырдта?Лæппу йæ ныййарæджы уарзы? Цæмæн уæм афтæ кæсы?Сымах та куыд бакодтаиккат? 1. Мады зæрдæ дур халы.2. Мады зæрдæ зонаг у.3. Мады ад – ныфсдæттæг, мады уарзт- тыхдæттæг. Фæндараст. Тынг æхсызгон мын уыд уæ фенд