Урок по развитию речи на тему Образ соседа




темæ:


Беслæны 7-æм скъолайы ахуыргæнæг
Къуыллыты Джульеттæйы
Урочы конспект ныхасы рæзтæй7 клъасыТемæ: «Мæ сыхаджы фæлгонц»
Сочинени-æрфыстНысæнттæ:Ахуырадон:1.Зардыл æрлæууын кæнын æвзаджы стильтæ.2.Сфæлхат кæнын æрфысты æууæлтæ.3.Бацæттæ кæнын сочинении-æрфыстмæ нæ царды цæстæнгасыл æнцой кæнгæйы.Хъомыладон:1.Гуырын кæнын скъоладзауты зæрдæты кæрæдзийы цæстæнгасмæ æмбарындзинад.2.Ахуыр кæнын скъоладзауты адæймагæн аргъгæнгæйы удыхъæды хуыздæр миниуджытæ уынын.Разæнгард кæнынадон:1.Сфæлдыстадон куыстимæ разæнгард кæнын скъоладзауты.2.Къордты кусын ахуыр кæнын.3.Мадæлон æвзагыл хъуыдытæ раст æвæрын.
Урочы цыд1 этап- Урочы нысæнттæ сбæрæг кæн2 этап- Скъоладзаутыты 3 къордыл адих кæнын æмæ сын раттын хæслæвæрдтæ.Хæс 1.Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут цæвæр тексты хуызтæ зонут ирон æвзаджы.Хæс 2.Цы у сæ сæйрæгдæр нысан?Хæс 3.Цы у æрфыст? Куыд арæзт цæуы æрфыстон текст? Кæд ис спайда кæнæн текст-æрфыстæй уæ ныхасы?

Кластертимæ куыст æмæ дзуæппытæ фæрстытæн.
1 къорды кластер
Хуымæтæг ныхасы стиль
Бастдзинад, æмхицдзинад.
Нысан: дзурынадонНыхасы стильтæ
Наукон стиль
Наукон куыстытæ Нысан: бацамонын

Офицалон хъуыддаджы стиль.
Нысан хъусынгæнинаг - хъуыддаджы гæххæттытæ

Публицистикон стиль
Газеттæ, журналтæ,радио. телеуынынад.
Нысан: æргомæй рæдзурын бамбарын кæнын.
Аив литературон стиль
Аивадон литературæ равдисынНысан: зæрдæ бацагайын
2 къорды кластер
Тексты хуызтæ
Тæрхæттæ уынаффæ Æрфыст Таурæгъон
(Цæмæн?) (Цавæр?) (Цы ми кæны?)
Æрфыст Предмет+цæсгом схемæ+ иумæйаг миниуæг + хицæн миниуæг+ хицæн миниуæг+…
Цы вдыст цæуы тексты?
Æрдзурын предметыл, йæ бынат, архайд, æддагбакаст, хуыз, уындыл.
Аивгæнæн мадзæлттæ
Эпитеттæ, абарстытæ, метафорæтæ, олицитворенитæ
Статикæ

3 этап
Арф хъуыдыкæнынады уысмХæс №1.
Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут цæмæн æрхъуыды кодтам нæ абоны урочы æвзаджы стильтæ?
Бæлвырдæй цæмæн фæдзырдтам æрфыстыл?
Хæс №2.
Нæ цæст ахæссæм нæ сыхыл æмæ дзы иу адæймæгæн скæнæм сочинени – æрфыст
Хæс. №3
Цæуыл дзурдзыстæм нæ сочиненийы?
Ахуыргæнæджы ныхасЦарды мидæг ахæм адæймаг нæй, кæцы не взæрын кæны цымидисдзинад. Разы стут уыцы хъуыдыимæ? Нæ сочиненийы ацы хъуыды рахæссæм размæ æмæ загъут уæ хъуыдыстæ?
Таблицайы хуызы: Аргументтæ
Разы дæн Нæ дæн разы
Иу куырыхон лæг загътæ, нæй цымыдис чи не взарын кæны, ахæм адæм. Ахæм адæм ис, чи зоны уыцы лæг фаг зонгæ нæу æцæг цардимæ.
Алы адæймагæн дæр ис йæхи уды конд. Кæцы йæ иннæтæй хицæн кæны Цы ис цымыдисагæй наркотиктæй æмæ арахъæй чи фесæфт, уыма?
Кæд дæм адæймаг цымыдисдзинад не взæрын кæны, уæд дæ хиуарзонЧи зоны, дæн хиуарзон, фæлæ адæймагмæ цыдæр хордзинад куы уа, уæд уый дæр фендзынæн.
Æркæс цыфæнды адæймагмæ дæр, æмæ дæ цуры байгом уыдзæн æнæхъæн дуне алыхуызон ахорæнтæй. Цас цымыдисаг у ахæм адæймаг, кæцы æрмæст хъуыды кæны мулкыл
Ахæм куысты фæстæ сывæллæттæ сцыбæл сты сæ хъуыдытæ дзурынмæ. Уыдон сразы сты сæ алы адæймагмæ дæр кæй ис йæхи хицæндзинæдтæ.
Ахуыргæнæджы фæрстытæ
1. Цавæр æрфысты хуызæй спайда кæниккат уæ сочинеты?
2. Цæмæн бафтауы фыссæг æрфыстон текстмæ æддаг бакаст?
3. Иууыл бакасты миниуджытæ дæр æвдисын хъæуы сочинени-æрфысты?
4. Цавæр аивгæнæн мадзæлттæ тынгдæр фидауынц сочинени – æрфысты?
5.Цавæр стилы аивдæр уыдзæн нæ сочинени?
6. Цавæр пъланыл бакусиккат?
Ацы куыстыл архайгæйæ рауад мæнæ ахæм таблицæ.
«++» Зонын«+» Ногдзинад«-»дызæрдыг кæнын
1. Адæймаджы æддаг бакаст2. Æддаг бакаст у адæймаджы сæйрагдар миниуджытæй иу.
5. Айвадон публицистонофициалонхъуыддаджыстильты.
6.
Æддаг бакастУæлæдарæ
Йæхи куыд дары
Цы кусæг у.
Йæ царды уагАдæмимæ йæ ахастытæ
Цы хорздзинад дзы ис райсæн.
4. Эпитеттæ, абарстытæ, метафорæтæ æмæ олицетворенитæ 3. Мæнмæ гæсгæ се ппæт нæ хъæуы
Дарддæр арæзт цæуы беседæ 2 таблицæйы фæрстытæм гæсгæ
-Цы базыдтат адæймаджы æрфысты тыххæй?
- Цы базыдтат абоны урочы?
- Цæуыл дызæрдыг кæнут?
Хæс. №4
Сывæллæттæй алчидæр аразы йæхи сыхаджы фæлгонц æмæ аразынц кластер
Уыдон уыдзысты алыхуызæн æппæты фыццаг скъоладзаутæн рауад мæнæ афтæ:
Фæлмæн цæстыты Æхсызгон мидбылхудтБæрзонд къæсхуыр Аив кондУæздан Сыгъдæгхуыз
Кæддæриддæр æххуысмæ цæттæ Тæригъæдгæнаг
Куыстуарзаг Фæлмæнтæ дзурагКæстæртæн зондамонаг Куырыхон.
4 этап
Рефлекси1. Ныффыссут сочинени-æрфыст, бафтаут нæ абоны сæйрагдæр фарст уæ куыстыты.
2. Саив кæнут уæ текст.
5 этап
Хæдзармæ куыстНыффыссут текст уе сфæлдыстадон куыстыты тетрæдты.