Гом урочы пълан Арра фыййауХетагкаты Къоста.


ГОМ
УРОЧЫ ПЪЛАН
«Æрра фыййау»
Хетæгкаты Къоста.
Ахуыргæнæг. Плиты Э.В.
2012-2013г
Хетæгкаты Къоста(1859-1906 азты)
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс...
(«Ныстуан» Къоста)
I.Урочы нысан: Къостайы номæн кад æмæ намыс.
Ма йæ рох кæнæнт йæ фæдонтæ,рæзгæ фæлтæр. Зонæм йын йæ цард æмæ сфæлдыстат.
II.Урочы цыд: Абоны нымæц: Кæфты мæйы 13 бон.
(фарста скъладзаутæн: цæмæн хуыйны афтæ окрябры мæй ирон адæммæ?)
Ахуыргæнæджы рахныхас:
- Цыбыргондæй Къостайы цард æмæ
сфæлдыстадыл ныхас.
(Фæйнæгыл Къостайы портрет, йæхи фыст нывтæ.Стыр ныв «Æрра фыййыу»)III.Доклад: «Хетæгкаты Къостайы ном рох нæу»

(Доклад бацæттæ кодта Бедойты Женя)
IV. Интерактивон фæйнæгыл куыст.
- Къостайы къам, йæ нывтæ.
V. Æмдзæвгæ «Æрра фыййау» - Ахуыргæнæг цыбырæй æрныхас кодта Къостайы æмдзæвгæтыл: «Додой», «Ныстуан» , «Катай».

«Додой»
«Ракæс!..» -ы æнкъарæнты бындурыл фыст у Къостайы тæккæ номдзыддæр зарæг «Додой» дæр. Диссаг у «Додой»-æн йæ композицион арæзт дæр.«Додой» кæрæй-кæронмæ амад у бæрзонд патетикон ныхасæй зарæджы интонацийыл. Ам алы строфа дæр сæрмагонд композицион хайы хуызæн у, иу строфа иннæмæй дзуапдæттæгау кæны.
Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, –
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..
«Ныстуан»
Стыр нысаниуæг ис фыссæджы субъективон позицийæн æхсæны царды, ома, уый поэты æмбæстагон хæс æмæ поэзии æхсæнадон нысан куыд æмбары, уымæн.
Къоста ацы дыууæ фарсты фæдыл дзуры цалдæр æмдзæвгæйы. Уыдонæй сæйрагдæр сты «Ныстуан», «Ныфс», «Сагъæс». Къостайы хъуыдымæ гæсгæ, поэт фыццаджы-фыццаг у æмбæстаг, йæ æадмы хъæбул æмæ сæрхъызой.
Ахуыргæнæджы аив каст «Æрра фыййау».
Раджы хохы цъуппæй касти Иу æрра фыййау,
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.
Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, –
Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
“Агæпп æм кæнон, –
Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ
Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
Уыцы бæмбæгыл...”
Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –
Гъопп! – зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта...
Лæг ныххæррæгъ и!
- Дзырдуатон куыст æмдзæвгæимæ:
1) былгæрон - хохы кæрон, былыл.2) уæзæгыл - бæрзонд бынат, арвмæ хæстæгдæр.3) ныххæррæгъ и - амард, фесæфт.- Скъоладзаутæ дыууæйæ радыгай кæсынц æмдзæвгæ «Æрра фыййау.»
VI. Ахуыргæнæджы фарста скъоладзаутæм:Куыд бамбæрстат æмдзæвгæйы мидис, йæ сæйраг хъуыды?
VII. Скъоладзаутæ дыууæйæ бацæттæ кодтой æмдзæвгæ Æрра фыййау зæрдывæрдæй æмæ йæ аив кæсыну.
VIII. Ахуыргæнæджы фарста скъоладзаутæм:Цавæр æмдзæвгæтæ ма зонут Къостайы сфæлдыстадæй?
1.Къаболаты Давид: «Ныстуан»
Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг!..
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс...
2.Мæргъиты Мæдина: «Фæззæг»
Æхсæлы ызгъæлы,
Лæджирттæг фæбур...
Мигъ бады цæгаты, –
Нæ йæ тавы хур...
Æркарстам, æрластам
Нæ хортæ, нæ хос...
Чи кусы йæ мусы,
Чи 'лвыны йæ фос...
Хор бирæ, фос бирæ
Хуыцауы фæрцы...
Нæ хохбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ, цы!..
3.Ататы Яна: «Тæхуды»
Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!
Тæхуды, æрæгвæззæджы,
Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджы
Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!
Тæхуды, йæ фыды зæххыл,
Йæ уарзон æмгарты рæгъыл
Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!
Тæхуды, йæ гутонимæ,
Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ
Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг!
Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!.
IX. Ахуыргæнæджы фарста скъоладзаутæм:
Цавæр зындгонд адæймаджы ном ссартам абоны урочы? Цæмæй зынаргъ у Къоста ирон адæмæн?Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц.
X. Хæдзармæ куыст:
Скъоладзаутæй алчидæр бацæттæ кæнæд 1 æмдзæвгæ Къостайы сфæлдыстадæй, зæрдывæрдæй.
XI. Урочы анализ: оценкæтæ.