Хъуыдыйады хуызтае сае загъды нысанмае.


Темæ: Адæймаг - æрдзы хай.
Грамматикон темǣ: Хъуыдыйады хуызтǽ сǽ загъды нысанмǽ гǽсгǽ.
Урочы нысан: 1. Æрдзон хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнын, хъахъхъæнын сæ цæсты гагуыйау, æрдзы рæсугъддзинад æнкъарыныл.
Бахынцинаг: 1. Сывæллæтты ахуыр кæнын сæ зонындзинæдтæй пайда кæнын.
2.Скъоладзауты мотиваци ахуырмæ.  
3. Ахуыр кæнын сывæллæтты къордгай куысты хуызтæм. 4. Сывæллæттæ хибарæй сæ куыстæн æмæ кæрæдзийы куыстытæн бæрæггæнæнтæ æвæрын ахуыр кæнын.
Цæстуынгæ æрмæг: компьютер, мультимедийный проектор, презентаци урокмæ.
Эпиграф: Ныссадз бæлас, сараз хæдзар,
схъомыл кæн фырт.
Урочы цыд:
I .Организацион хай:
- Сабитæ, салам раттæм абон нæм чи æрбацыд, уыцы уазджытæн, фæлмæн ныхасæй сын сæ зæрдæмæ фæндаг ссарæм.Скъоладзаутǽ ,не хсǽн ис алы адǽмыхǽттытǽй ǽмǽ уǽ мадǽлон ǽвзагыл салам раттут.
Хǽдзармǽ куыст сбǽрǽг кǽнын:
-Л.Толстойы чысыл радзырд «Бǽлǽстǽсадзǽг зǽронд лǽг» арǽзт у ….
-Хъуыдыйады загъд ǽрцǽуы ….
-Хъуыдыйады мидǽг дзырдтǽ баст вǽййынц …
-Фысгǽйǽ хъуыдыйады ǽххǽстдзинад ǽвдыст ǽрцǽуы ǽрхǽцǽн ныǽнттǽй:….
-Радзырдǽн йǽ темǽ у…..
II. Урочы темæйыл куыст:
- Сывǽллǽттǽ, газеты бакастǽн мǽнǽ ацы текст .Байхъусут ма йǽм.
«Адǽймаг рухс дунемǽ куы фǽзыны,уǽд ын й цǽрǽнбонмǽ ǽпдз балǽвар кǽны аппǽты стырдǽр хъǽздыгдзинад-Райгуырǽн бǽстǽ ,кǽцы нǽй аивǽн ,раст дыккаг хатт райгуырǽн куыд нǽй ,афтǽ.
Махǽн нǽ чысыл райгуырǽн бǽстǽ у Ирыстон.Ǽмбисондǽн дзуринаг у Ирыстоны ǽрдз!Уарзын йǽ алы афǽдзы афон дǽр. Адǽймаг йǽ алыварс урссǽр хǽхтǽм ,цъитиджын къǽдзǽхтǽм,ǽхсырхуыз дǽттǽм,бǽркадджын хъǽдтǽм куы акǽсы,уǽд йǽ фǽллад фесǽфы.
Ды тǽ уарзыс дǽ Райгуырǽн бǽстǽ?»
- Цы бакастǽн?
-Уǽ зǽрдǽмǽ фǽцыд текст?
-Цǽмǽй арǽзт у?
-Нǽ зǽрдыл ǽрлǽууын кǽнǽм текстǽй цалдǽр хъуыдыйады ǽмǽ сǽ ныфыссǽм нǽ тетрǽдты, фǽйнǽгыл.
Цǽмǽй хицǽн кǽнынц хъуыдыйǽдтǽ?
-интонацийǽ:
-ǽрхǽцǽн нысǽнттǽй;
Уǽдǽ хъуыдыйады загъд ǽрцǽуы ǽххǽст хъуыды.Хъуыдыйадтǽ вǽййынц:
Слайд 1.
Таурǽгъон (.)Фарстон (?)
Разǽнгардгǽнǽн (!)
Хъǽрон хъуыдыйад
Хǽслǽвǽрд къордǽн.
Дзырдуатон куыст: уырыссагау тǽлмац
Фыдыбǽстǽ-
Хъǽд-
ǽхсǽрдзǽн-
ǽрдз-
хǽхтǽ
дǽттǽ
слайд 2
Родина, лес,водопад,природа,горы, деревья, реки.

1)дзырд Фыдыбǽстǽ,ǽрдз,ǽхсǽрдзǽн –имǽ хъуыдыйǽдтǽ ǽрхъуыды кǽнут.
Слайд 3.Физкультминуткǽ               
Иу мæ сæр, дыууæ мæ хъустæ.
Иу мæ фындз, дыууæ мæ къухтæ.
Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,
Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.
-Уǽ разы цы тетрǽдтǽ ǽмǽ чингуытǽ ис,уыдон цымǽ цǽмǽй арǽзт сты? Абон мах базондзыстǽм хъǽд ма нын цы пайда хǽссы,уый.
- Хъæд хъахъхъæнын хъæуы, уый зоны алчидæр, фæлæ уыцы хæс адæм иухуызон æххæст нæ кæнынц. Сæттынц бæлæстæ, зынг ныууадзынц æнæ хуыстæй æмæ сирвæзы арт, марынц цуанæттæ « Сырх чиныг»-мæ цы сырдтæ бахаудтой,уыдон.Чи уǽ зоны «Сырх чиныг» цы у? Сымах та цы пайда æрхæссут æрдзы хъæбысмæ куы ацæут ,уæд. Уæхи куыд фæдарут?
- Цавǽр хǽзнатǽ дǽтты ǽрдз адǽймагǽн?-Куыд ǽгъатыр вǽййы адǽймаг? Куыд чъизи кǽны адǽймаг ǽрдз? Хъахъхъǽнын хъǽуы ǽрдз нын цы хорздзинǽдтǽ дǽтты, уыдон?Дзырдуатон куыст бакæнæм, ис нæм диссаджы бæлас йæ хуссарварс зайынц номдартæ, цæгатварс миногонтæ, ссарут ма сæ тексты.
Презентаци : «Цы саразæн ис 1 кубометр хъæдæй»
Презентаци: «Хихджын бæлæстæ»
Зонут,зайǽгойтǽ адǽмау ис алы ǽнкъарǽнтǽ,зǽгъǽм,тǽргай кǽнынц.
Равдыст « Тæргайгæнаг мимозæ»
-Цæуæм нæ хæдзæрттæм, куыддæр ахизæм хъæды кæронæй, афтæ æрдз райдайдзæн цæрын йæхи цардæй, уыдзæн дзы циндзинаддæр, хъыгтæ дæр. Иу каст ма сæм сусæгæй бакæнæм.
Кæсæм презентацимæ: « Мæргъты чындзæхсæв»
Рефлекси:

Сывæллæттæ кæнынц хатдзæгтæ.
Хæдзармæ куысты тыххæй информации.
Презентаци:»Цǽгат Ирыстоны ǽрдз» Цъиуты зард.Ахуыргǽнǽг кǽсы Кочысаты М.ǽмдзǽвгǽ «Фыдыбǽстǽ»-йǽ скъуыддзаг .Зǽрдывǽрдǽй дыууǽ куплеты. Сбǽрǽг кǽнын хъуыдыйǽдты хуызтǽ.
Гом урок ирон ǽвзагǽй 5 -ǽм къласы.
Хъуыдыйады хуызтǽ сǽ загъды нысанмǽ гǽсгǽ.
« Адæймаг - æрдзы хай»
Ирон ǽвзаджы ахуыргǽнǽг Баскаты М.В.