План-конспект урока по осетинскому языку Хъуыдыйады фарссаг уангта

Урочы темж: Хъуыдыйады фжрссаг ужнгтж.
Урочы цыд.
Организацион хай.
Рацыд жрмжгжй бафжрсын.
1.(2с.) Терминтимж куыст.
Таблицжйы цы терминтж ис, уыдонжн сж къжйттж раст ссарын.
2.(3с.).Грамматикон аргъау.
Жвзагзонынады бжстжйы цардис Синтаксис. Йж хъжбул Хъуыдыйаджн уыди бирж сывжллжттж. Дыууж фаззон хистжры хуындысты Сжйрат жмж Зжгъинаг. Тынг жнжвджлон уыдысты ацы фаззжттж. Сж ныййаржг сж хждзары бындур хуыдта.
Цоты кжстжртж жртжйж: Жххжстгжнжн, Бжржггжнжн, Фадатон дзырд – жвджлонджр уыдысты. Куы-иу сж иуы хъуыди хистжртжн аххуыс кжнын, куы сж иннжйы. Афтж джр-иу рауад, жмж –иу се
·ртжйы жххуыс джр бахъуыд.
Жртж кжстжржн-иу ужгъд ржстжг куы уыди, ужд-иу аржх быцжу кодтой, чи сж фылджр жххуыс кжны сж хистжртжн, ууыл.

(4с.)---Абон нж хжс у, уыцы быцжужн кжрон скжнын.
(Кълас адих кжнын 3 къордыл. Алы къорд джр дзуры хицжн хъуыдыйады фжрссаг ужнгыл.)
(5с.)Цы уж бахъжудзжн абон ацы хжс сжххжст кжнынмж? (Зонындзиндзинждтж, хжлардзинад)
3.(6с.) Жххжстгжнжн.1) (Къорды хистжр райдайы аргъаужй)
(7с.) –Жххжстгжнжн хжларжй царди фжрссаг хаужнтжй кжцыджртимж: Номон, Гуырынон, Джттынон, Аржзтон, Иртжстон, Жддагбынатон, Цждисонимж.
Тынг хжларжй царди Зжгъинагимж джр. Иу кжцыджр бон Жххжстгжнжны нал ардтой жмж фжфждис сты Зжгъинагмж. Уый йж уайтагъд ссардта.Ужджй нырмж, Жххжстгжнжны куы фжагурынц, ужд фыццаг райдайынц Зжгъинагжй.
2) Къорды ужнгтж дзурынц теоретикон жрмжг жххжстгжнжны тыххжй.
(8с.) 3)Къорджй иу кжсы жмж жвзары хъуыдыйждтж жххжстгжнжнтимж.
--Мах фжнды жрмжст жххжстгжнжнты руаджы радзу-рын, нж фыджлтж Ногбонмж сжхи куыд ржвдз кодтой, уый тыххжй.
Сылгоймжгтж-иу бафснайдтой хждзар.
Кодтой чъиритж, фыхтой бжгжны.
Сывжллжттжн-иу жрцжттж кодтой лжвжрттж.
Жфсин кодта жртхурон жмж-иу жй байужрста бинонтыл. Аджм кжрждзийжн арфжтж кодтой.
(9с.)Дзырдуатон куыст: жртхурон.
--Куыд федтат, афтжмжй нж фыджлты жгъдауы тыххжй радзырдтам жрмжст жххжстгжнжнты жххуысжй.
Нж бон зжгъын у, мах сеппжтжй тынгджр хъжужм.
(10с.)4.Бжржггжнжн.(Къорды хистжр райдайы)
--Махмж та афтж кжсы, жмж жнж бжржггжнжнтж цард уаид жнкъард, фжлурс, жгъуыз.
1)(Къорды ужнгтж дзурынц теоретикон жрмжг бжржггжнжны тыххжй)
(11с.) 2)Цжмжй уж нж ныхжстж хуызджр бауырной, уый тыххжй- ма жрбакжсут мжнж ацы нывтжм.(11с.)
Бжржггжнжнты руаджы фжлурс, жгъуыз ныв алы ахоржнтжй сжрттывта, йж хуыз скалдта.
(12с.) 2-аг нывмж гжсгж 3-4 хъуыдыйады ныффыссын бжржггжнжнтимж; бжржггжнжнтж бахахх кжнын.
--Бжржггжнжнты руаджы ма аджм базонынц «мжн у»- «джу у», ома предмет кжй у , кжнж цжй хай у.
(Джнцжгтж)
--Махмж гжсгж бжржггжнжнтж жппжтжй тынгджр хъжуынц нж царды жмж жвзаджы.
(13с.) 5.Фадатон дзырдтж.(Къорды хистжры ныхас)
1)-- Жмж фадатон дзырдтж иннжтжй жнжпайдаджр сты?
Зжгъжм, жз ме
·мбалмж куы бадзурин, «жнхъжлмж джм кжсдзынжн», ужд мж хуызджр бамбарид жви
кжд?, кжм? жмж цжмжн? жнхъжлмж кжсдзынжн, уый джр ма куы зжгъин, ужд?
Райсом джм сихорыл дуармж жнхъжлмж кжсдзынжн: быдырмж кусынмж цжудзыстжм.
2)Къорды ужнгтж дзурынц фадатон дзырдты тыххжй: афоны, бынаты, жфсоны, нысаны, архайды хуызы.
(14-18с.)3) Равдысын цалджр зымжгон нывы тексттимж. Алы хъуыдыйады джр архайды хуызы фадат куыд уа.
4) Хъуыдыйждтжй рафыссын зжгъинжгтж архайды хуызы фаджттимж.
--Чи зжгъдзжн, аивадон литературжйы ацы мадзал куыд хуыйны? (абарст)
--Цжмжн хъжуынц абарстытж тексты? (абарстыты руаджы хъуыдыйад свжййы поэтикон; нж ныхас вжййы ржсугъдджр,хъжздыгджр жмж а.д.)
Ах. 6. Ныффыссын 2 хъуыдыйады,равзарын сж жмж сж абарын.
Зымжг жрхжццж.
Урсзаче зымжг нж хжхбжстжм жрхжццж уазалтимж, митуардимж.
Ах. --Цы
·ххуыс сты фжрссаг ужнгтж?
Ах. --Уждджр хъуыдыйады фжрссаг ужнгтжй ахсджиагджр кжцытж сты? (Иууылджр)
Ах. --Цжмжн? (Хъуыды вжййы бжлвырдджр; хъуыдыйад вжййы ржсугъдджр; ныхас вжййы хъжздыгджр; хъуыдыйад вжййы мидисджынджр жмж а.д.)

Ахуыргжнжджы хатдзжг:
Аджймаджы куыд хъжуынц йе ужнгтж иууылджр, афтж хъуыдыйады джр жппжт ужнгтж джр хъжугж кжнынц.

7.Сывжллжттж кжрждзийы куыстжн аргъ кжнынц.
8. Бжржггжнжнтж сжвжрын.
(19)Хждзармж куыст: сочинени-миниатюрж
«Зымжгон аргъау»


















Урочы темж: «Хъуыдыйады фжрссаг ужнгтж» -
кжронбжттжн урок.
(урок-быцжу)
Нысан: 1.Бафидар кжнын жрмжг жмж рацыд жр- мжгжй ныхасы пайда кжнын сахуыр кжнын.
2.










15