Конспект урока на тему: Кокайты Тотрадз Зиу, Хадзары хицау ама хуыснаг


КОКАЙТЫ ТОТРАДЗ
«ХÆДЗАРЫ ХИЦАУ ÆМÆ ХУЫСНÆГ»,
«ЗИУ».
5 кълас
2016

ТЕМÆ: Кокайты Тотрадз «Хæдзары хицау æмæ хуыснæг», «Зиу».
НЫСАН: Скъоладзауты базонгæ кæнын фыссæджы цард æмæ
сфæлдыстадимæ. Уацмыстæ аив кæсын, сæ хъуыды сын
равзарын.
Хъомыладон хæс: Хуыснæггады фæндаг æвзæр кæй у, уымæ сывæллæтты æргом раздахын, раст хатдзæгтæм сæ æркæнын; рагон ирон æгъдау – зиу – кæрæдзийæн баххуыс кæныны хорз æгъдау кæй у, уый тыххæй æрдзурын.
Цæстуынгæ æрмæг: литературæйы чиныг, Кокайты Тотрадзы уацмыстæ, презентаци, æмбисæндтæ.
Дзырдуат: къæс, хуыснæг, хуындзау, минæвар, зиу, уис.
Урочы цыд:
Орг.хай.
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Ахуыргæнæджы хатдзæгтæ рацыд æрмæгæй.
Ног æрмæг.
Ахуыргæнæджы разныхас Кокайты Тотрадзы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.
Кокайты Тотрадз райгуырд 1944 азы Тырсыгомы Кетрисийы
хъæуы. 1952 азы Тотрадзы бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, Тарскæйы хъæумæ. Хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ 1960 азы бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон училищейы графикон хайадмæ. Училищейы ахуыр кæнгæйæ архайдта литкъорды. Уæд фæзындысты йæ фыццаг æмдзæвгæтæ республикæйы газетты æмæ журналты. Фæстæдæр бацыд ахуыр кæнынмæ М. Горькийы номыл литературон институтмæ, стæй райдыдта кусын республикæйы телеуынынады. Куыста журнал «Мах дуджы» редакцийы. 1992 азæй фæстæмæу чиныгуадзæн «Ир» - ы сæйраг редактор. Поэты фыццаг æмдзæвгæтæ рацыдысты 1969 азы – иумæйаг æмбырдгонд «Райгуырæн бон» -ы . уый фæстæ фæзындысты «Нывæфтыд фæндæгтæ» (1974), «Æмдзæвгæтæ» (1983), «Æрвон райсомтæ» (1990), «Мæ дзуар» (1994).
Тотрадзæн Ирыстон у йæ сагъæс, йæ мæт, йæ хъыг. Йæ царды бæллиц – зæххыл куыд фæуæлахиз уа рæстдзинад, куыд фесæфой мæнгарддзинад æмæ фыдæх. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц æрдзы нывтæ. Адæймаг æмæ æрдзы иудзинады уыны æгæрон тых, ныфс æмæ æнцойдзинад.
Тотрадз стыр аргъ кæны зæхкусæгæн, кусæг лæгæн.хæхбæсты адæм фосдараг сты, фосæн та хъæуы хос, уымæ гæсгæ хохаджы цин у хорæфсæст уæвын.
Ирон адæммæ уыд бæллиццаг æгъдау – зиу: хосгæрсты кæнæ хæдзары æндæр хъуыддæгты рæстæг. зиуы тыххæй фыста йæ иу фыстæджы Къоста дæр. Уый сидти, цæмæй ирон адæм баххуыс кæной, ныры Мæздæджы районы Черноярскы станицæйы Гокъинаты хуторы цы 21 хæдзары басыгъд, уыцы бинонтæн.
Ахæм зиуы тыххæй фыссы Кокайты Тотрадз дæр йе ’мдзæвгæйы.
Æмдзæвгæ «Зиу». Дзырдуатон – орфографион куыст.
Зиу у кæрæдзийæн баххуыс кæныны мадзæлттæй иу. хъæуы цæрджытæй – иу исчи зиу куы ракодта, уæд ын – иу хъæубæстæ дæр иумæ исты куыстыты баххуыс кодтой. Арæх зиуы куысты фæстæ зиууæттæ (зиумæ рацæуджытæ) баддтысты дзаджджын фынгтыл. Фынг – иу æрæвæрдта зиу ракæнæг, кæнæ зиууæттæ сæхæдæг. Ахæм иумæйаг змæлды – иу алчи дæр йе ’ххуысы хай бакодта.
Фарст: Абон ма ахæм иумæйаг æххуысы хуызтæ уынут?
Уис (хворостина, прут, лоза). Ирон адæм ма афтæ хонынц, хос кæрдгæйæ цы рæнхъытæ рахæссынц, уыдон дæр.
Æмдзæвгæйы аив каст.
Ахуыргæнæджы аив касты фæстæ кæсынц скъоладзаутæ.
Фæрстытæ: 1. Цæмæн арæзтой ирон адæм зиу? Цы зæгъы уый тыххæй
Хетæгкаты Къоста?
2. Цæмæн æрымысыд уыцы æгъдау Кокайты Тотрадз?
3. Цæмæ гæсгæ схуыдтой зиууæттæ лирикон геройы сæхи?
4. Цы уыд «зиуы алцыдæр нымад»?
(Зиууон уазæгæн – кад, æрбадын æй кодтой сæ астæу, радтой йæм кады нуазæн)
Куыд æмбарут æмдзæвгæйы фæстаг дыууæ рæнхъы? Цы хъуысы поэты фарсты?
Цæмæн хуыйны æмдзæвгæ «Зиу»?
Æмдзæвгæ «Хæдзары хицæу æмæ хуыснæг»
Ацы æмдзæвгæйы темæ у давын æмæ къæрных кæнын. Поэт йæ бирæ æмдзæвгæты худы адæймаджы хъæндзинæдтыл, уыдонæй иу – давын. Ирон адæм – иу дзырдтой: «Къæрных мæйдар æхсæвмæ бæллы», «Давæг йæхи хæдзарæй дæр давы», «Давæджы цард цыбыр у», «Æвзæргæнæг æвзæр мардæй мæлы» æмæ æнд. Æмбисæндты хъуыды сбæрæг кæныны фæстæ рахизын ног æрмæгмæ, бамбарын кæнын дзырдты нысаниуæг: хуыснæг – давæг, къæрных; къæс – гыццыл хъæууон хæдзар.
Уацмысы аив каст.
Аив касты фæстæ равзарын хъуыды фæрстытæм гæсгæ:
Чи уыд къæсы хицау?
Чи фехæлдта мæгуыр лæджы адджын цард?
Цы уыдис зын кæркдоны хицауæн?
Хуыснæджы гæды æмæ сайæн ныхæстæн кæркдоны хицау цавæр цыргъзонд ныхæстæ загъта?
Æмбисондæн йæ моралон хъуыды кæцы рæнхъыты æвæрд ис?
Цавæр цæстæй кæсут сымах та давыны хъуыддагмæ?
Ахуыргæнæджы хатдзæгтæ рацыд æрмæгæй.
Давын у тынг æвзæр миниуæг, адæймаг фæцахуыр вæййы æмæ йæхи уромын йæ бон нал вæййы, цалынмæ йыл не ’рхæцынц барадхъахъхъæнæг оргæнтæ, уæдмæ. Хъахъхъæнут уæхи уыцы тæссаг хабарæй.
Хæдзармæ куыст. уацмыстæ аив каст кæнын зонын. Скæнын нывтæ.
Бæрæггæнæнтæ.