Ивгъуыд ама фидан Ныфс-ы


Ивгъуыд заман æмæ нæ фидæн Къостайы æмдзæвгæ «Ныфс»-ы.

Дæ фыдæлтæ рухсаг,
Дæхæдæг мын бæзз!
Фыдæлтæй нын баззад куырыхон ныхас: «Цард уæрдоны цалхау зилы, цардæн иу ран лæууæн нæй.» Цы уыд æмæ цы уыдзæн, уымæ алы заманты акæсынц алыхуызон цæстæнгасæй. Уæддæр цы уыд знон, уымæн раст аргъ скæнын, цы уыдзæн райсом, уый раст рафæлгъауынæн кæддæриддæр уыд стыр нысаниуæг. Адæймагмæ куы уа ныфс, уæд йæ фыдæлты фарн хæссы дарддæр, йæ сомбон дæр аразы йæхæдæг. Уый у адæмы æнусон бæллиц, уымæн æмæ знонæй сомбонтæм фæндагыл алчидæр у бæлццон. Фæлæ йæ куыд ис аивдæрæй ацæуæн? Ацы фарстæн дзуапп агурынц алы адæм дæр сæ хуыздæр минæвæртты, сæ сæрхъузойты хъуыдыты. Хуыцауы фæрцы ис махæн дæр, кæй бафæрсæм, кæмæ бакъул кæнæм нæ сæр. Уый у, кæй зæгъын æй хъæуы, нæхи Къоста.
Къостайы царды фæндаг æмæ йе сфæлдыстадон бынтæ дзуапп æмæ раст бацамынд цы алыхуызон проблемæтæн дæттынц, уыдонæй иу у – фыдæлтæн раст аргъ скæнын æмæ фидæнмæ раст фæндаг бацагурын. Йæ сæйраг хъуыды у ахæм: фыдæлтæн макуы зæгъ хæрзбон, фидæнмæ та цæттæйæ æрбацæуынмæ æнхъæлмæ ма кæс. Уый бæсты фыдæлтæн зæгъ рухсаг, сомбонмæ та цу ныфсджынæй.
Къостайы уацмысты ацы хъуыдыйы сæйраг цæджындз у, мæнмæ гæсгæ, æмдзæвгæ «Ныфс». Чи йæ нæ зоны ирон адæмæй, æвæццæгæн, ахæмтæ бирæ нæ разындзæн. Уый ис 7-æм къласы ахуыргæнæн чингуыты. Ацы æмдзæвгæ скъоладзаутæн амонгæйæ, стæй æндæр уавæрты йæ кой кæнгæйæ дæр ныффидар ахæм хъуыды, ома, ацы æмдзæвгæ у Къостайæн йæ фыдимæ ныхас, Къостайы монолог. Кæд æмдзæвгæ æвдæм къласы лæвæрд фæцæуы, уæддæр афтæ амынд у тынг уæлæнгай. Зонæм æй, æцæг аивадон уацмысæн йæ сæрмагонд миниуджыты бындур у фыссæджы сфæлдыстадон фантази, уацмысы хъайтары фæлгонц та кæддæриддæр вæййы æмбырдгонд фæлгонц,йæ арæзтмæ гæсгæ монолог уа, диалог æви æрфыст, уæддæр.
Æцæг у, Къостайы цæстæнгас йæ фыды цæстæнгасæй цардмæ бынтон æндæрхуызон кæй уыд, уый . Леуан-цæрæнбонты Уæрæсейы паддзахады афицер,æххæст кодта хъомысджын,барджын æмæ арæх æфхæрæг паддзахады куыстæй æрдуйы æмуæз хай. Къоста та цæргæ-цæрæнбонты йæ тых æмæ йæ зонд лæвæрдта йæ удæй фылдæр цы æфхæрд адæмы уарзта, уыдоны цард фæхуыздæр кæнынæн,уый уыди йæ царды нысан, йæ бæллиц, уымæ здæхт уыдысты йæ зонд æмæ йæ генион курдиаты тых дæр. Фæлæ афтæ куы зæгъæм, зæгъгæ, фыд æмæ фырты цæстæнгасæн ацы уацмысы нæй бынат, уæд уый дæр нæ уыдзæн раст, ис сын, фæлæ уый у тынгдæр уацмысы аивдзинады фæрæзтæй иу. Æмдзæвгæ «Ныфс»-ы фыды фæлгонцæн ирон аив литературæйы ис хорз традици, зæрдыл æрлæууын кæны Беджызаты Чермены уацмыс «Мæсгуытæ дзурынц»-ы хъайтар зæронд Баймæты фæлгонц. Баймæт-зæронд мæсыг, адæймаг-мæсыг. Уымæн дæр аивгъуыдта йæ рæстæг.Кæд искуы æвзыгъд уыди йæ зонд, кæд искæд йæ хъæлæсы хъуысти æндон зæлланг, уæд ныр,йæхимæ гæсгæ, куырм у æхгæд зæппадзау, къуырма - калд мæсыгау, талынг у йæ зонд, æмыр – йæ хъæлæс, æмæ кæсы тызмæгæй. Йемæ ныхас кæны ног дуджы минæвар; фыдæлты намысы рæгъмæ чи хæссы, чи агуры ног цардæн хуыздæр фæрæзтæ, адæмы амондæн æнцондæр фæндæгтæ. Ныр уыдон ивгъуыд бонты ном æмæ кадыл нал барынц сæхи. Къостайы æмдугон Хъаныхъуаты Иналы хъайтар Хæтæхцыхъойы загъдау, ныр æндæр дуг æрлæууыд, джигиты рæстæджытæ аивгъуыдтой. Афон у хæцæнгарзæн хæрзбон зæгъын æмæ дзывырыл æрхæцын… Дзырдта сæ мæгуыр ирон адæмы номæй Къостайыл иуæндæс азы куы цыд, уæд. Къоста тынг хорз зыдта йæ заманы æхсæнадон царды уавæр, 19-æм æнусы æмбисы цы бæллæхтæ æрцыд Кавказы цæрæг адæмыл, сæ рæдыд тох уырысы паддзахы æфсады ныхмæ. Туркмæ хуыздæр цардагур фæлидзыны трагикон хабæрттæ. Иугай зыд, кæрæф æмæ æдзæсгом адæймæгтæ сæхи пайдайæн хъазыдысты æнæхъæн адæмыхатты хъысмæтæй. Чи сидт сæ дин бахъахъæнынмæ, чи - сæ сæрибар цард. Ахæм хи æмæ æцæгæлон знæгтæм чи байхъуыстаид, уыдоны нымæц Къостайы заманы кæд дзæвгар фæкъаддæр, уæддæр ранæй рæттæй хъуыст сæ хъæлæс, æмæ сын æмбарын кæны æмбаргæ кæстæр:
Ныууадз мæ мæ адыл, –
Фæндон хорз кæм и?!
Уымæн æмæ цыфæнды хъуыддаг аразгæйæ дæр хъуамæ зонай дæ тых, дæ фадæттæ. Уый æмбаргæйæ æргом зæгъы йæ хъуыды:
Æхсаргард ысласын
Мæ бон нæу мæнæн…
Фæивта цард, фæивтой фадæттæ æмæ тохы бæсты ног фæлтæр хъуамæ æрæвналой фæллой кæнынмæ.Æрлæууой ахуыры æмæ рухсады фæндагыл. Куыст, рæсугъд цард æмæ зонд хъуамæ суой цардарæзты фæрæзтæ.
Мæ гутон, мæ галтæ-
Мæ фæндыр, мæ зонд,
Мæ кадæг, мæ зарæг-
Мæ цард хоры конд.
Уацмысы лирикон хъайтар авторæн йæхийау йæхицæн хæсыл нымайы йæ дзыллæйæн лæггад кæнын. Йæ кусæн бынат йæ «хуымгæнды хай» у, йæ «дзыллæйы зæрдæ». Цы сагъæстæ, цы мæт, цы фæндиæгтæ сæ ссара, уыдоныл зæрдиагæй бакусдзæн. Уыцы куысты йæ къухы цы бафта, уый та у йæ фæззыгон най.
Йæ зæрдæ дары йæ адæмыл, хорз сын зоны сæ бæллицтæ, сæ хъару,сæ ныфс.Нæртон миниуджытæй бæркадджын сты зæххау, æмæ сæ æрвылбоны фæллойы фæрцы дзаг уыдзæн хорæй сæ хордон.
Ахæм фæндаг та у «Хурмæ цæуæг» адæмы фæндаг, афтæ хуыдтой нæ фыдæлтæ дæр сæхи.Уымæн афтæ зæгъы лирикон хъайтар дæр:
Хæдтулгæ мæ уæрдон,
Мæ фæндаг уæрæх.
Уацмысы кæрон ногæй фæлхатгонд кæй цæуынц йæ райдайæны цыппаррæнхъонæй æртæ рæнхъы, уый канд уацмысы аивдзинады фæрæз нæу, фæлæ тынгдæр у йæ хъуыдыйы рæстдзинады стыр ныфсы æвдисæн. Цыппаррæнхъоны фыццаг рæнхъ:
Тызмæгæй мæм ма кæс,
ивд цæуы уацмысы хъуыдыйы хатдзæгæй
Мæгуырæй мын ма тæрс – æй.
Ома, кувæг, рæстаг æмæ кусаг адæмæн нæу мæгуырæй тас.
Цыппар рæнхъы хъуыды , æмтгæй райсгæйæ, сæ авторы къухæй аргъуаны дзæнгæрæджы ныццагъдау, сæвæрдтой мыхуыр ацы уыцмысы хъуыдыйыл. Ома, нæ фидæны амондджын цардмæ цæуыны фæндæгтæ сты – зонд, рæстаг цард æмæ куыст. Ацы миниуджытæ та кæддæриддæр хион уыдысты ирон адæмæн. Уыдон æрттывтой Нарты кадджыты æртæ мыггаджы миниуджытæй, тæмæн калынц нæ национ тырысайы хуызты символты, табуйаг сты нæ кувинаг æртæ уæливыхы фарны. Афтæ цардысты нæ рагфыдæлтæ, афтæ нын ныффæдзæхста цæрын нæхи Къоста. Хуыцау зæгъæд æмæ афтæ куыд цæрой нæ фæдонтæ дæр сæ тъымы – тъыматæм дæр.
Ахæм бæллиц нæу ногдзинад. Кæддæриддæр æцæг адæймаджы стырдæр бæллиц уыд зæххыл рæстагæй фæцæрын, фыдæлты кад бахъахъæнын æмæ йæ дарддæр ног фæлтæртæм адæттын. Афтæ зæгъы æмдзæвгæ «Тæхуды»-йы хъайтар дæр.
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..
Уымæн нын фæдзæхста иннæ æмдзæвгæйы:
Дæ фыдæлтæ рухсаг,
Дæхæдæг мын бæзз!
Цæмæй сæххæст кæнæм ацы фæдзæхст, уый тыххæй хъуамæ æцæгдæр бæззæм, цæмæй нæм лæгау лæг ма уа стæм, мауал уа не ´взагæн, не ´гъдæуттæн, нæ фыдæлты фарнæн фесæфынæй тæссаг. Чи ма у абон Къостайæн фæдон, ирон, уый æххæст кæнæд йæ хæс - дзурæд иронау, кад кæнæд йæ сæрæн, кусын, зонын, фæллой кæнын нымайæд царды фæрæзыл.